11-æм мартæй 18-ӕм мартмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис цыппар фыдракæнды æмæ дзы æртæ раргом сты.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 263 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 6 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 24 адӕймаджы.

Милицийы наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны управленийы кусджытæ баурæдтой 37-аздзыд Цхинвалы цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана» æмæ «метадон»-æй. Фæткхалæджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 10 мин сомы.

11 марты Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортæ æмæ милицийы Сæрмагонд къорды нысаниуæджы кусджытæ баурæдтой автомашинæ «Лада Приора», кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 29-аздзыд цæрæг. Милицийы кус-джытæ автомашинæ басгарынмæ куы æрхъавыдысты, уæд шофыр барвæндæй радта Макаровы дыууæ пистолеты милицийы кусджытæм.

12 марты Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Дзауы районы Кърозы хъæуы 22-аздзыд цæрæг, йæ автомашинæ «ВАЗ-2107» скъæргæйæ, сæмбæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2106»-ыл. Автомашинæ «ВАЗ-2107»-ы шофырмæ нæ уыд бары гæххæттытæ, иннæ шофыр та разынд нозтджын.

13 марты Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортæ баурæдтой автомашинæ «BMW», кæцыйы шофыр разынд нозтджын. Ацы æмбæстаджы ма раздæр фæивар кодтой 30 мин сомы нозтджынæй машинæ скъæрыны тыххæй.

13 марты ма Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортæ баурæдтой автомашинæ «ВАЗ-2106», кæцыйы шофыр – Цхинвалы 37-аздзыд цæрæг дæр разынд нозтджын. Ацы æмбæстаг ма раздæр горæт Цхинвалы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцыд зылынджыныл нозтджынæй автомашинæ скъæрыны тыххæй  æмæ йын стæрхон кодтой æрдæг аз ахæстоны абадын.

14 марты Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 3-ӕм километры Цхинвалы 25-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхстис йӕ автомашинӕ «ВАЗ-21140» скъӕрын æмæ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Nissan»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд нӕ горӕты 45-аздзыд цӕрӕг.

18 марты горӕт Цхинвалы Кобылы фырты уынджы ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. Цхинвалы 25-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхстис йӕ автомашинӕ скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд тротуары лӕууӕг автомашинӕйыл. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.