27-æм июлæй 3-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй пайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æхсæз адæймаджы

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 162 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 13 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 12 адӕймаджы. Дыууæйæ дзы баййæфтой административон æфхæрд.

28-æм июлы Цхинвалы 42-аздзыд цæрæг, Дзауы поселочы уæвгæйæ, лæбурдта æмæ æнæгъдау æвзагæй дзырдта 20-аздзыд бынæттон цæрæгмæ. Милицийы æрбацыдмæ фæткхалæг бамбæхст йæ автомашинæ  «Lexus RX 300»-ыл, фæлæ оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн ахст æрцыд. Барсæттæг разынд нозтджын æмæ ма æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ дæр.

Наркотикты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой нæ горæты 52-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой гæны авд къутæры. Уымæй уæлдай ма барсæттæг æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 10 мин сомы. Урæд æрцыд нæ горæты 37-аздзыд цæрæг, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Милицийы наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ ма баурæдтой Урæд æрцыд нæ горæты 34-аздзыд цæрæг дæр, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта æнæзакъонæй наркотикон буарадæй спайда кæнынмæ. Барсæттæг медицинон басгæрстмæ нæ бакуымдта æмæ йæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой дыууæ æмбæстаджы, 26-аздзыд æмæ 38-аздзыд горæттаг цæрджыты, кæцытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

Горæттаг 34-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Гранта» скъæрын, фехæлдта фæндагон змæлд фæткойтæ æмæ Хъайтарты уынджыл цæугæйæ сæмбæлд фæсвæд лæууæг автомашинæ «Тоуоtа Avensis»-ыл. Шофыр нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Ленингоры районы Цъинагары хъæуы æрцыд фæндагон-транспортон цау. Бынæттон 82-аздзыд цæрæг йæ автомашинæ «ВАЗ-2107» скъæргæйæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «УАЗ-3151»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты управленийы 32-аздзыд кусæг. Аварийы фæстиуæгæн «ВАЗ-2107»-ы шофыр алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ. «УАЗ-3151»-ы шофыр разынд нозтджын.

Цхинвал-Дзауы фæндаджы 1-æм километры Дзауы поселочы 24-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «NISSAN» скъæрын, фехæлдта фæндагон змæлды фæткойтæ æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «Лада Гранта»-йыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 28-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн «Лада Гранта»-йы шофыр бахауд рынчындонмæ.

Цхинвал-Знауыры фæндагыл Арчънеты хъæумæ æввахс æрцыд фæндагон-транспортон цау. Знауыры районы Фарны хъæуы 35-аздзыд цæрæг, йæ автомашинæ «ВАЗ-21014» скъæргæйæ, сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «Нива»-йыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 46-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн дыууæ машинæйы шофыр æмæ ма «Нива»-йы æртæ æнахъом бæлццоны алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.