27-ӕм январӕй 3-æм февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 247 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты аст адӕймаджы.

Наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны кусджытæ баурæдтой 25-аздзыд цæгатирыстойнаг æмбæстаджы æмæ йын йæ автомашинæ «ВАЗ-2112»-ы басгæрсты рæстæджы ссардтой 16 па-кеты «снюс». Уымæй уæлдай ма ноджы баурæдтой автомашинæ «ВАЗ-2112», кæцыйы шофыр разынд цæгатирыстойнаг æмбæстаг. Басгæрсты рæс-тæджы машинæйы ссардтой 85 пакеты «снюс». Ацы наркотикон буарадтæ разындысты машинæйы бæлццон 23-аздзыд Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæджы.

Горæты мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ баурæдтой 21-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæнынмæ. Бархалæг не сразы наркологон хайадмæ ацæуыныл æмæ йæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма ноджы баурæдтой 43-аздзыд Цхинвалы цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «метадон»-æй.

Цхинвал-Дзауы фæндагыл æрцыдис фæндагон-транспортон цау. 24-аздзыд Цхинвалы районы Дампалеты хъæуы цæрæг æмæ йæ бæлццон, 26-аздзыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрæг, уæззау цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

46-аздзыд Цхинвалы цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Honda» скъæрын. Фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд мотоцикл «Муравей»-ыл. Аварийы фæстиуæгæн мотоциклы шофыр, 56-аздзыд горæттаг цæрæг, æмæ йæ бæлццон, 46-аздзыд Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы цæрæг алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Цхинвалы Путины уынгæй 8-æм Июны уынгмæ азилæны 46-аздзыд горæттаг цæрæг йæ автомашинæ «Jeep Grand Cherokee» скъæрын нæ сарæхст, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд автомашинæ «BMW-X5»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд 38-аздзыд Цхинвалы районы Цъунары хъæуы цæрæг. Шофыртæ разындысты нозтджын.

35-аздзыд Цхинвалы цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2114» скъæрын æмæ Цхинвал-Тбеты фæндагы фыццæгæм километры сарæзта авари. Басгæрсты рæстæджы милицийы кусджытæ машинæйы ссардтой цъæх кæрдæджы ссадæг, кæцы разынд наркотикон буарад «марихуана». Дохтыртæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй шофыр йæхæдæг дæр æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Афтæ ма ноджы нæ горæты 33-аздзыд цæрæг дæр æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буардтæй, – «марихуана» æмæ «фенциклидин»-æй.

Милицийы наркотикон буарадты ӕрзылд конт-роль кӕныны управленийы кусджытæ баурӕдтой автомашинæ «ВАЗ-2114» æмæ дзы басгæрсты рæстæджы ссардтой 17 пакет «Снюс». 23-аздзыд шофыр, Цхинвалы цæрæг урæд æрцыд.

Нæ горæты 36-аздзыд цæрæджы автомашинæ «ВАЗ-2124»-ы бын бахаудта 58-аздзыд бæлццон, кæцы фæндаджы иннæ фарсмæ хызт, бар кæм нæ уыд, ахæм, бынаты. Аварийы фæстиуæгæн бæлц-цон алыгъуызон цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.