Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта æмбæстæгты радон химæрайст.
Хицауды сæргълæууæгимæ фембæлынмæ æрбацыд 12 адæймаджы. Сæйраджыдæр фарстытæ уыдысты гуырдзыйы агрессийы рæстæджы хъыгдардбаййафæг хæдзæртты цалцæг кæнын, микрорайонты хæрзарæзтад, афтæ ма æмбæстæгты æндæр хисæрмагонд фарстатæ.
Республикæйы цæрджытæ цы фарстыты фæдыл æрбацыдысты, уыдоны тыххæй лæвæрд æрцыд æмбæлон хæслæвæрдтæ.
«Ахсджиаг хæс у, адæмы цы проблемæтæ хъыг дарынц, уыдонмæ байхъусын, се скъуыддзаг кæныны механизмтæ бацамонын, бацархайын зын цардуагон уавæр фæрогдæр кæныныл», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.