Джиджджойты Сурæты цардыл фыст æрмæджытæ тынг кадавар сты. Зæгъæн ис, æмæ йыл фыст ницы æрцыди. Журнал «Фидиуæг» ын фæстаг дыууæ азы, стæй уыйразмæ азты дæр рæгъмæ рахаста иукъорд æмдзæвгæйы, уыцы нымæцы сабитæн фыст æмдзæвгæтæ дæр. Цалдæр азы размæ Сурæты поэзийы фæдыл иу уац мыхуыры рацыд газет «Хурзæрин»-ы. Иннæ уац дæр  рацыд уыцы газеты 6 июлы 2023 азы, «Чи у «Стайы цармдарæджы автор», зæгъæ, йæ чиныджы фæдыл. Йæ автор уыди Бестауты Валя. Ацы цауы фæдыл фыстой интернет фæсауæрцтæ дæр, фæлæ уыдон зонæнтæ дæр уыдысты кадавар. Æмæ ууыл фæци. Уый, дзырд дæр ыл нæй, хъыгаг хабар у, уымæн æмæ не ʻхсæнæй ацыд тынг хъæздыг удыхъæд æмæ ирд курдиаты хицау поэт, публицист, æхсæнадон архайæг, рухстауæг, уарзæгой, фæрнджын æмæ зæрдæхæлар адæймаг.

Цас хорз фæндтæ ахаста йæ риуы уыцы дунемæ, уый чи зоны! Куыд лæмбынæг æмæ биноныг фыдæбон бакодта «Чи у «Стайы цармдарæг»-ы автор», зæгъгæ, йæ зонадон-иртасæн куысты! Фæлæ та мах, æрвылхатт куыд фæкæнæм, афтæ йæ иттæг ницæмæ æрдардтам. Уыйбæрц никæмæ бахъардтой ацы хъуыдыйы фæдыл йæ фидар зонадон æвдисæнæдтæ, афтæмæй йæ уыцы куыст хъуамæ расайдтаид стыр быцæутæ æмæ уынаффæтæ æхсæнады. Ныр не ‘хсæн нал ис Сурæт, æмæ ма цы зæгъæм, кæй æфсон фæкæнæм нæ ацы миниуæг?

Джиджджойты Сурæт йæхæдæг фырнымд уыди æмæ-иу, уыимæ иумæ, иу чысыл лæггады охыл дæр уыди æнæкæрон бузныг хорзы йын бацæуæгæй. Уарзта адæмы, фæлæ йæ уарзт дæр æвдыста уыцы æнæсым, тадзгæ-баргæ, аудгæ ахастæй. Фылдæр йæ къухы æфтыди, йæ зæрдæйы уыцы арт æмдзæвгæты хуызы равдисын. Йæ поэтикон уацмысты та адæмы рæгъмæ хаста йæ бирæ дзуринæгтæ. Ахæм амалæй æвдыста йæ сылгоймагон æнкъарæнтæ дæр æмæ, авторы ном æнæзонгæйæ, йæ поэзи бакæсгæйæ, алчидæр бамбæрстаид, ацы поэт сылгоймаг кæй у:

 

Кæд цардæй нæ уыдтæн, кæстæрау, рæвдыд,

Нæ мын уыдис чинтæ, нæ уыдтæн хъæздыг,

Уæддæр кусын уарзтон, уыдтæн æз цæрдæг,

Бæркад-иу æрхастон мæ къуыммæ фæззæг.

 

Сылгоймаджы митæ зыдтон æз бæлвырд,

Мæ уарзон æмгæрттæй мæ уд уыд рæвдыд.

Æнхъæлдтон, фæуыдзæн нæ зын цард рæхджы,

Уыдзæн нын цæхæр арт фæнычы бæсты.

(«Æфсондз»)

 

Кæнæ:

Дидинджыты хъæндилтæ дæр уарзынц,

Уыдон фæрцы рафидауы цард.

(«Ирон æгъдау»)

 

Ахæм хъæздыг уды хицау адæймæгты æнæмæнг схонæн ис бинонты фарн, адæмы исбон. Сурæт æнцон фæндæгтыл нæ цыд йæ адæмы уæлдай. Царди уыдонимæ иу цард, иу амондæй. Йæ чысыл горæт Цхинвалы хуры хъарм, цыма йæ зæрдæйы батад, уыйау тавта йæ хъармæй кæстæрты, æмгæртты, йæ ахуыргæнинæгты. Мæнæ цы фыссы йæ ахуыргæнинæгтæй иу, Ирыстоны зындгонд журналист Гаглойты Иринæ:

«…Сурæт нын амыдта гуырдзиаг æвзаг (Советон дуджы – Г.Н.) Цхинвалы æвдæм скъолайы. Нæ къласы гуырдзиаг æвзаг ничи зыдта рæстмæ, æмæ уый æмбаргæйæ, Сурæт махæн дзырдта гуырдзиаг литературон классикты уацмыстæ иронау. Уый фæрцы мах иттæг хорз базыдтам гуырдзиаг литературæ, фæлæ ирон æвзагыл. Уымæй дарддæр ма чызджытæн амыдта хæдзарон куыстытæ. Фæллойады хатæн нын йемыдзаг уыди алыгъуызон æрмæг æмæ кусæнгæрзтæй дæр. Мах-иу скодтам алыгъуызон адджинæгтæ æмæ-иу не ‘мкъласон лæппуты фæхынцыдтам. Сурæты фæрцы мах базыдтам, хæдзары цыдæриддæр куыстытæ уыдис, уыдон…»

Адæм кæй фæдзурынц, уый æнæмæнг раст вæййы, æмæ йæ æмдзыхæй хонынц фæлмæнзæрдæ æмæ уæздан адæймаг. Уымæй стырдæр хорзæх та цы хъуамæ уа ирон сылгоймагæн. Царды зилдухæнты бирæтæ аппарынц сæхицæй уды хъарм, фæлмасдзинад, уымæн æмæ æнцон нæу æгъатыр дунейы фыдæвзарæнты цардмæ, дзыллæмæ, æхсæнады цаутæм æнæ хъæхъхъагæй кæсын, фæлæ Сурæтæн уый æфтыди йæ къухты. Цæстуарзон уыди, æмæ йæ рæсугъд фæндтæ дæр рæдауæй уæрста йæ поэзийы фæрцы чиныгкæсæгæн:

 

Цы у мæ бон мæ чысыл Иры адæмæн?

Мæ лæвар уын уæд хуры тынтæ тавынæн.

Мæ сыгъдæг уд, æрывæрин уын айдæнæн,

Мæ уды уарзт ныууадзин уын рæвдауынæн…

(«Мæ адæмæн»)

Ахæм уыд поэзийы, фæлæ цалдæр ныхасы фаг не сты адæймаджы удыхъæд равдисынæн. Мах, искæцы адæймаджы цардафыстыл цæст ахæсгæйæ, никуы сæххæст кæндзыстæм нæ зын æмæ бæрнон хæс, ома не суыдзæн нæ бон, адæймаг йæ царды цы бавзæрста, цæмæ бæллыд, цы йын баззад æнæкондæй, уыдон се ‘ппæтдæр ранымайын.

Сурæтæн та йæ алы ныхас дæр музыкæйы зæлтау, йæ ацыд, йе ‘рбацыд – успаддзахау уæздан æмæ тæрæзтыл барст. Чи-иу æй базыдта хæстæг, уый æнæмæнг загътаид, ахæм адæм дæр ма ис, зæгъгæ? Уымæн та йæ бæллицтæй иу уыди ахæм:

…Йæ рæсугъдтæ æртымбыл кæнин уалдзæгæн,

Йæ хæзнатæ схъæбыс кæнин фæззæгæн,

Нæ хуры тынтæ бавæрин æсцырынæн,

Ыскæнин сæ фæрдгуыты хал нæ адæмæн.

Сылгоймагæн, уæлдайдæр та сылгоймаг-поэтæн царды цы стыр бынат ис, цы хæстæ йыл ис æвæрд, уыдон бирæ сты. Уымæй уæлдай ма сылгоймагæн стыр зæрдæ куы уа, йæ риуы уарзт йæ цот æмæ уыдон цоты уæлдай æддæмæ дæр куы æнхъæвза, уæд сагъæс кæны йæ райгуырæн бæстæйы ивгъуыд, йæ абон, йæ фидæныл. Сурæтæй афтæ дзурынц, чи йæ зыдта, уыдон: «Уыцы къæсхуыр сылгоймагмæ кæцæй уыдис уыйбæрц уды хъару, куыд бафæрæзта ахъаззаг зонадон-иртасæн куыст бакæнын»! Уый «Чи у «Стайы цармдарæг»-ы автор»-ы тыххæй цæуы дзырд¸ æмæ, æцæгæйдæр, номдзыд ахуыргондæн цы нæ бантыстаид, уый бантысти Сурæтæн. Ацы чиныджы ахадындзинад ма уый мидæг ис, æмæ цы темæйыл фыст у, уый быцæуаг æмæ дзырддаг кæй у. Ныртæккæ дæр алкæцы ахуыргондæн нæу йæ бон, ацы фарсты фæдыл фидарæй иу хъуыдыйыл ныллæууын. Сæ фылдæр дзурынц гипотезæты хуызы, историон документтæ æмæ æвдисæнæдтыл кæд æнцой кæнынц, уæддæр. Сурæтæн йæ райгуырæн бæстæм йæ судзгæ уарзт разынди йæ уыцы зонадон-иртасæн куысты. Автор ныфсджын æмæ фидарæй иртасы алы æмæ алы зонадон архайджыты хатдзæгты бындурыл, æнæмæнгæй ацы уацмыс ирон адæймаджы (Сослан Дауыты) фыст кæй у, æмæ канд уый нæ, фæлæ йæ бындур амад кæй у Нарты эпос, ирон адæмон цардуаг, æгъдау æмæ удыскондыл. Ацы чиныг бакæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ бынтондæр хъуамæ фæфæлдæха æмæ æндæргъуызон цæстæй, ныр æцæгæлон цæстæй нал, æркæса дунейыл зындгонд поэмæйы цаутæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн нæ къухы ис, Бестауты Гиуæргийы æнæмæлгæ тæлмацæй пайда кæныны фадат, æмæ уый у стыр хъауджыдзинад.

Сурæт та йæ чиныджы ныфсджынæй фыссы:

«Мæнмæ гæсгæ сæ йæ удæгасæй уæлæмæ скæсын нæ уагъта (Сослан-Дауыт – Г.Н.)¸ фæлæ куы федтой, дунейы сæхи цæмæй буц кæнынц, ахæм шедевр сын ныууагъта, уæд ыл алыгъуызон архайынц, цæмæй йæ сгуырдзиаг кæной («Стайы цармдарæг»-ы – Г.Н), фæлæ йæ Сослан афтæ профессионалонæй ныффыста, æмæ сын дзы ницы цæуы.

Мæ хъуыды афтæ у: «Барсы цармдарæг» у автобиографион, йæ сюжет у Нарты кадджытæй. Сослан-Дауыт у Ирыстоны Рухстауæг».

Куыд ма загътам, афтæмæй сылгоймаг-поэтæн йæ хъысмæт алырдæм дихтæ вæййы. Ууыл æй аразы йе ‘нкъараг зæрдæ. Сурæтæн йæ бинонтæ цалдæрæй хасты хуызæнæй баззадысты, уый уды тавсæй куы фæцух сты, уæд. Мæнæ цы фыссы йæ чызг Залинæ, газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редактор:

«Ныхæстæ мын нæ фаг кæны, цæмæй мæ мадæй цы уарзт федтон, уый равдисон. Мадæй зынаргъдæр, удæн адджындæр адæймаг нæй зæххыл. Æрмæст нæ уый нæ ацух кæндзæн йæхицæй не ‘ппæт аиппытимæ. Уый нæ куыд уарзы æппæт удæй æмæ нын йæ зæрдæ алы хæрзтæ куыд зæгъы, ахæм ничи ис. Мæ мад мын уыдис хуыздæр хæлар. Уый кæддæриддæр уыди не стыр ныфс мæнæн æмæ ме ‘фсымæр Тимурæн дæр. Æнæ уайдзæф, æнæ хылæй уый архайдта ууыл, цæмæй нын нæ зын сахаты уыдаид ныфс. Ныр дæр мæм афтæ кæсы, цыма уыцы дунейы фестад зæд æмæ нæ хизы нæ царды алы зынтæй дæр. Бузныг дæн мæ ныййарæг гыццийæ йæ аудындзинад, йæ фæразоны тыххæй¸ æрвылбон дæр нæ цард уый фæрцы рухс кæй уыди, нæ царды æнтысты алы къахдзæф дæр уый амындæй кæй уыди. Мæнæн мæ мад уыди фæзминаг алы хъуыддаджы дæр. Ницы мын æвгъау кодта йæ зонд, йæ арæхстæй. Зонгæ та бирæ кодта: хуыйын, бийын, къуымбилы куыст, хæрдгæхуыд кæнын, æлвисын, хæринаг кæнын… Афтæ уарзта зæххы куыст, æмæ-иу йæ къухы хус къæцæл дæр дидин рафтыдта. Уарзут æмæ аргъ кæнут уæ мæдтæн. Уыдонæй нын зынаргъдæр ничи уыдзæн…»

Сурæты тыххæй ма цы сæйраг зæгъинаг ис, уый у йæ дзæнæттаг сæрыхицау, историон зонæдты кандидат Цхуырбаты Иваны рухс ном ссарын. Уыдон хъæрмуд æмæ кæрæдзи цæрайæ фæцардысты бирæ азты дæргъы. Цхуырбаты Иван стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны сæрибаргæнæн тохы æнтыстмæ. Историон факты тыххæй йæ раиртасæнтæ базыртæ сагътой фæлмæцыд ирон адæмыл. Уæды дуджы Хуссар Ирыстоны фыццаг æрсидты парламенты йæ нуарджын ралæудтытæ ныфсы хос уыдысты тохвæллад ирон адæмæн. Ацы дыууæ диссаджы адæймагæн сæ цоты æвдисæнадмæ гæсгæ, Иваны æдзух фæндыди, цæмæй йæ бадтдзуллаг æмкъай йæ фарсмæ бадтаид куысты рæстæджы дæр, цæмæй йын йæ хъуыдытæ æмæ йæ фæндтæ уыимæ уыдаиккой уæрст æмæ иумæйаг.

Ныр ма цы зæгъæм! Уæларвон дунейы цыдæриддæр хорзæй ис, уый зæххыл ссаргæ у, æмæ нæ ныфс уыдзæни, уыдон сæ райгуырæн бæстæ, сæ адæм, сæ цотмæ се стыр уарзондзинады фæрцы Хуыцауы зæрдæ кæй ссардтой, æмæ сæ уыцы дунейы стыр хорзæхы аккаг кæй скодта!

Ацы дунейы та сæ ном рох макуы уæд!

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли,

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Фысджыты цæдисы уæнг,

журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.