26-ӕм августӕй 2-æм сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕ закъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æхсæз аварийы, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой аст адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 249 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 14 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархæлдтыты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Криминалон милицийы кусджы-тӕ, оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлттӕ райсыны фӕстиуӕгӕн, баурӕдтой нӕ горӕты 27-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта тамакотӕ радавынӕй. Уымӕй размӕ милицимӕ хъаст балӕвӕрдта нӕ горӕты 55-аздзыд цӕрӕг, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ТЭК-ы йӕ уӕйгӕнӕн контейнерӕй адавдӕуыд тамакотӕ, кӕцыты аргъ уыд 16 мин сомӕй фылдӕр. Къӕрных басаст йӕ фыдракӕндыл.

Милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныны кусджытӕ оперативон информацийы фӕдыл бау-рӕдтой нӕ горӕты 33-аздзыд ӕмӕ 26-аздзыд цӕрджыты, кӕцытӕ ӕнӕ закъонӕй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йӕ. Иу бархалæджы тæрхондон фæивар кодта 10 мин сомы, ин-нæйы та ахæстоны сбадын кодтой 15 боны æмгъуыдмæ.

29-ӕм августы рынчындонмӕ кардӕй цӕфимӕ ӕрбахаудта 41-аздзыд Цхинвалы районы Сатихъары хъӕуы цӕрӕг. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йӕ ныццавта йӕ хъӕук-каг 55-аздзыд цӕрӕг нозтджынӕй.

Знауыры районы Уахтанайы хъӕуы ӕрцыдис фӕндагон-транс-портон цау. Дзагъинайы хъӕуы 27-аздзыд цӕрӕг йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕргӕйӕ фӕтыхст йӕ размӕ лӕууӕг автомашинӕ «ВАЗ-21099»-ӕй, рахызт йӕ ныхмӕцӕуӕг автомашинӕ «Nissan X-Trail»-ы фӕндагмӕ, кӕцыйы шофыр та, 27-аздзыд горӕты цӕрӕг, авари ма ӕруадзыны тыххӕй фӕсвӕд аппӕрста йӕ автомашинӕ ӕмӕ афӕлдӕхт.

Цхинвал-Знауыры 1-ӕм километры 23-аздзыд горӕттаг цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Лада Приора» скъӕрынмæ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕм-бӕлд бӕласыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн ма бахъыгдард ис фӕсвӕд лӕууӕг уӕзласӕн автомашинӕ «МАЗ» дӕр. Шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон, 24-аздзыд Цхинвалы цӕрӕг, уӕззау цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ. Шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы Тасойы фырты уынгӕй Дзабиты Геннадийы уынгмӕ азилӕны 34-аздзыд Дзауы районы Стырфӕзы цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «BMW-525» скъӕрын, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Mersedes E-320»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд 25-аздзыд горӕты цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн «Mersedes E-320»-ы шофыр уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ. «BMW-525»-йы шофыр ра-зынд нозтджын.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 4-ӕм километры Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы 30-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Лада Гранта» скъӕрынмæ, йӕ размӕ стур кӕй рахызт, уый фӕстиуӕгӕн, ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕцӕуӕг автомашинӕ «Лада Приора»-йыл, кӕцыйы шофыр та разынд 30-аздзыд Дзауы поселочы цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ алыхуызон цӕфтимӕ бахаудтой «Лада Гранта»-йы шофыр ӕмӕ йӕ цыппараздзыд сывӕллон. «Лада Приора»-йы шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццӕтты дӕр, 54-аздзыд ӕмӕ 9-аздзыды, аластой рынчындонмӕ.

37-аздзыд Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2114» скъӕ-рынмæ ӕмӕ Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 1-ӕм километры сӕмбӕлд хиды цур бетоныл. 68-аздзыд бӕлццон уӕлӕнгай цӕфтимӕ бахаудта рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.