12-æм майæ 17-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу   фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой иу адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 187 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой Цхинвалы районы Тбеты хъæуы 34-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ æмæ йæ Цхинвалы районы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.