НОМАРÆН ТУРНИР САМБОЙÆ

Традицион ссис хъæбысхæстæй Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Къостайы номарæн турнир Дзауы уадзын. Ныр дæр та поселочы уагъд æрцыдысты ерыстæ самбойæ. Уым хайад райстой 100 æвзонг богалæй фылдæр. Спортсментæн раарфæ кæнынмæ  æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, президенты æххуысгæнджытæ Джиоты Руфин æмæ Касаты Ацæмæз, парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Инал æмæ депутат Хъотайты Дмитри. Ерыстæ байгом кæныны церемонийы раныхас кодта районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади æмæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Уый æвзонг спортсментæн загъта, цæмæй суой дунейы зындгонд богалтæ. Афтæ ма бузныг загътой Хъоцыты Тамерланæн, кæцы æрæмысыд ацы турнир æмæ йæ районы къухдариуæгады æххуысæй уадзын райдыдта 2018-æм азæй фæстæмæ.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ кубоктæй.

 

РОГ АТЛЕТИКÆ

Спорт

Цхинвалы Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы уагъд æрцыд «РХИ-йы рог атлетикæйы федераци»-йы президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир. Хайад сæ райстой Цхинвалы скъолаты ахырдзаутæ. Уыдонæн ерыстæ уагъд æрцыд цыппар дисциплинæйæ.

Турниры уæлахиздзаутæ систы Джиоты Алан (1000 метрмæ лидзынæй, 10-æм скъола), Багаты Артур (1500 метрмæ лидзынæй, скъола-интернат), Ксения Беспалова (500 метрмæ лидзынæй, 1-æм скъола) æмæ Гуыбаты Мария (1000 метрмæ лидзынæй, гимназ «Альбион»).

 

ШАХМАТТÆ

Æрвылаз дæр уагъд фæцæуынц Республикон комплексон спортивон скъолайы секциты ’хсæн ерыстæ. Фыццаг уал сæ цæттæдзинад бæрæг кодтой æвзонг шахматисттæ. Уыдонæн турнир уагъд æрцыд Цхинвалы скъола-интернаты. Ерысты хайад райстой 5 командæйы – цыппар Цхинвалæй æмæ иу та – Знауырæй. Партитæ иууылдæр акæныны фæстæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта 12-æм скъолайы командæ æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста скъола-интернат æмæ æртыккаг та ссис 6-æм скъола.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.