1989 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг фыдгæнджытæй чи нæ фæтарст, йæ бæстæ æмæ адæм бахъахъхъæныныл æнувыдæй чи архайдта, уыдон дзæвгар сты не ‘хсæн. Уыцы æмбæстæгтæй иу у  Цхинвалы цæрæг Æрсойты Нодар. Нодар райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы. Йæ мад Евгения æмæ йæ фыд Александр ма Нодарæй дарддæр цард фенын кодтой æртæ чызгæн. Ссардтой сæ амæндтæ, кусынц æмæ хъомыл кæнынц кæстæртæ. Сæ фыд æмæ дада Александры Сырх Æфсады рæнхъытæм акодтой 1938 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст æй æрæййæфта æфсæддон дарæсы æмæ знæгты ныхмæ фæхæцыд, цалынмæ хæст нæ фæцис, уæдмæ. Бирæ зынтæ бавзæрста Александр, цалдæр хатты цæфтæ дæр фæцис, фæлæ йæм иууыл зындæр каст, размæбырсты рæстæджы йе ‘мхæстонтæ знаджы нæмгуытæй зæххыл куы хаудысты, æххуыс сын куы хъуыд æмæ сын арæх йæ бон баххуыс кæнын кæй нæ уыд, уый.

Хæсты хæдфæстæ горæт Магнитогорскы аразын райдыдтой металлургион комбинат. Александр хæсты фæстæ комкоммæдæр араст уырдæм æмæ, комбинат цалынмæ арæзт нæ фæцис, уæдмæ дзы намыс-джынæй фæкуыста. Йæхиуæттæм, йæ адæм æмæ райгуырæн зæхмæ æрыздæхт 1950 азы. Нодары мад Евгения та кæд хъомыл кодта цыппар кæстæры, уæддæр цалынмæ пенсийы  ацыд, уæдмæ куыста Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы.

Нодар 1968 азы каст фæцис Цхинвалы æхсæзæм астæуккаг скъола. Фылдæр уарзта гуманитарон предметтæ æмæ, æндæр предметтæм абаргæйæ, уыдонæй йе ‘нтыстытæ уыдысты хуыздæр.  Предметтæм ын уыцы уарзондзинад сæвзæрд йæ ахуыргæнджытæ Гасситы Отар, Валерия Зайцева, Сиукъаты Зауыр æмæ æндæрты фæрцы.

Нодар кæд фæнд кодта скъолайы фæстæ ахуыргæнæг суæвын, уæддæр хистæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, йе ‘взонг зæрдæйы сабыргай æмæ арфдæр уидæгтæ уадзын райдыдтой æфсæддон суæвыны хъуыдытæ æмæ скъолайы фæстæ йæ фæнд нал аивта. Афтæмæй балæууыд Ульяновскы æфсæддон ахуыргæнæндоны къæсæрыл. Æнтысгæйæ радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис ахуыргæнæндоны курсант. Фæлæ фæлварæнты фæстæ, цалынмæ ахуыртæ нæ райдыдтой, уæдмæ  йæ мад æмæ йæ фыд, хæстæджыты зæрдæтæ барухс кæныны нысанæн æрцыд Цхинвалмæ. Бацин кодтой йе ‘нтыстыл, фæлæ царды арæх бынтон æнæнхъæлæджы цы фæзылдтытæ фæзыны, уыдон æрлæууыдысты Нодары раз дæр æмæ ахуыргæнæндонмæ фехъусын кодта, йæ бинонты царды цы ивын-дзинæдтæ æрцыдис, уыдон ын фадат кæй нал дæттынц уырдæм ацæуынæн æмæ нал дæр  ацыд.

Нодарæн йæ хъуыддаг нæ рауад Краснодары политехникон институты ахуыр кæнгæйæ дæр.  Мад, фыд, хиуæттæ æмæ æввахс зонгæтæ се ‘ппæт дæр æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, Нодар тагъд æрыздæхдзæнис уæлдæр ахуырдзинадимæ, фæлæ афтæ нæ рауад. Цыппæрæм къурс каст куы фæцæйфæуд кодта, уæд бынтон æнæнхъæлæджы цы аххосæгтæ фæзынд, уыдон ын фадат нал радтой институт каст фæуынæн æмæ мæстджын æмæ æнкъардæй æрыздæхт йæ уæзæгмæ.

Æрыздæхт, фæлæ Нодарæн уыцы маст æмæ æнкъарддзинады æнкъарæнтæ нæ асастой дарддæры цардмæ йæ ныфс. Йæ хъуыдытæ æнæхъæнæй дæр сбаста куыстимæ æмæ нæ фæрæдыд. Цы кусæгон дæсныйæдтыл хæст уыд, уыдонæй æнувыдæй пайда кодта завод «Электровибромашинæ» æмæ фæстæдæр та Цхинвалы бигæдзаумæтты фабрикæйы. Стыр æх-хуыс уыд бинонтæн, йе ‘нтыстытæй рухс кодта йæ зæрдæ дæр.

Дардыл уыдысты Нодары хъуыдытæ æмæ фæндтæ, фæлæ… Фехæлд нæ хъомысджын, къорд азты сæрыстыр æмæ буц кæмæй уыдыстæм, уыцы Советон Цæдис. Фехæлд æмæ уæдмæ æфсымæры цард цы адæмтæ кодтой, уыдоны ‘хсæн фæзынд, йæхи æмæ ма æндæр адæмты цард дæр чи хæлдта, ахæм иугай удгоймæгтæ. Уыйбæрц зыгъуыммæ тыхтæ сæм разындис æмæ раст чи хъуыды кодта, уыцы зондджын адæймæгтæ дæр нал уæндыдысты сæ раст хъуыды раргом кæнын æмæ уавæр бонæй бонмæ кодта æвзæрдæр. Адæмты уæдмæ цы хъуыддæгтæ æндæвтой, куыст, цард аразын, уыдон сын рахызтысты хи, бæстæ æмæ адæм бахъахъхъæныны хъуыдытæм. Ирон адæм дæр чысылæй, стырæй бамбæрстой, рæстæг цæхгæр кæй фæивта, мацы аразын сæ хорзмæ кæй не ‘ркæндзæнис, уый æмæ сæ адæм æмæ бæстæ бахъахъхъæныны нысанæн аразын райдыдтой фыццаг къахдзæфтæ. Уыцы бонты тыххæй мæнæ цы зæгъы Нодар йæхæдæг:

– Раст зæгъгæйæ, уæдмæ æххæстæй нæ хатыдтæн æмæ нæ адæм, уæлдайдæр та фæсивæд, сæ адæм æмæ бæстæйы уыйбæрц уарзынц. Диссаг ма мæм каст уый дæр, æмæ  сæм ахæм фæлтæрд æмæ дардыл хъуыдытæ кæцæй уыд, уый дæр. Уый та уымæн дзурын æмæ кæд уæдмæ хæст никуы федтой, уæддæр æвдыстой хорз хæстон цæттæдзинад. Æвзæнгтæ кæрæдзи агургæ æмæ фæрсгæ арæзтой къордтæ. Арæзт цы къордтæ цыд, уыдон та лæууыдысты, стырдæр тас цы бынæттæй цыд, уымыты. Æз мæхæдæг уыдтæн Бестауты Тамазы къорды æмæ хъахъхъæдтам Зæронд хидмæ æрбацæуæн.

Уавæр кодта карздæр, нæ фæсивæды раз сæвзæрд ноджы стырдæр хæстæ, уый сæ тасы не ‘ппæрста, фæлæ фылдæр кодта сæ патриотондзинад. Иу рæстæджы мæм æрбацыд Джиоты Алан æмæ мын афтæ, зæгъгæ, уавæр мæгуырауæй мæгуыраудæр кæны, хъæуы нæ нæхи æфсад саразын æмæ йыл бакусæм. Бакуыстам ыл æмæ сæмбырд кодтам авдсæдæ хæстоны бæрц. Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстонмæ куы цыдысты, уæд мах нæхи бацæттæ кæныны нысанæн Зары фæндагыл фæцæйцыдыстæм Мзиугоммæ. Æрурæдтой нæ Гуфтайы хъæуы. Немæ аныхас кодтой, стæй мах нæ фæндагыл ацыдыстæм, уыдон та Цхинвалмæ кодтой дарддæр сæ цыд. Иу бон нæм Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæй бацыд цалдæр афицеры. Се ‘хсæн уыд инæлар-майор Суанты Вячеслав. Нæ архайдимæ куы базонгæ сты, уæд нын загътой, махæй сæ тыхтæ баххæст кæныны фæнд кæй скодтой, уый æмæ нæ сарæзтой, фондзсæдæ хæстон кæм уыд, ахæм къорд. Фыццаг нæ арвыстой Дзæуджыхъæумæ, уым нæ цайдагъ кодтой знаджы ныхмæ куыд фæлæууын хъæуы, уыдæттыл.

Уырдыгæй куы æрцыдысты, уæд Нодар æххæст кодта фидауынгæнæг батальоны командæгæнæджы хæдивæджы хæстæ. Уыцы рæстæджы ирон, уырыссаг æмæ  гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхтæ се ‘фсæддон хæс æххæст кодтой иумæ. Уый райдианæй бирæтæ нымадтой растыл, фæлæ Нодар куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, хаста бирæ зындзинæдтæ. Хæстонтæн алы хатт сæ хъуыды иу кæй нæ уыд, уый аххосæй се ‘ппæт дæр æвзæрстой  зындзинæдтæ. Фæстæдæр Нодар ссис батальоны командир. Фæстæдæр, 2008 азы  гуырдзыйы агресси куы райдыдта, уæд нæм æрцыдысты Уæрæсейы æфсад æмæ фæцис хæст. Уæд гæнæн уыдис æмæ Нодар ныууагътаид йе ‘фсæддон службæ, фæлæ нæ ацыд. Бацыд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадмæ æмæ æххæст кодта политрукы хæстæ. Фæстæдæр та нысан æрцыдис полчы командирæй. Пенсийы ацыд булкъоны чинимæ.

О, фæлæ Нодарæн ууыл нæ фæцис йæ фæллойадон фæндаг. Бацыд Хуссар Ирыстоны æвзонг техникты станцмæ æмæ ныр цалдæр азы æххæст кæны хæххон къахвæндæгты туризмы ахуыргæнæджы куыст. Ам дæр, станцы разамынд, йе ‘мкусджытæ æмæ Ирыстоны рæсугъд бынæттимæ кæй зонгæ кæны, уыдон дзы се ‘ппæт дæр сты райгонд.

Абон  Нодар арæх райсы йæ бирæнымæц хорзæхтæ, æмæ сыл йæ цæст ахæсгæйæ, æрымысы йæ хæстон фæндаджы цаутæ, йæ адæм æмæ бæстæ кæимæ хъахъхъæдта, уыдоны.

Нодармæ ма ис æндæр хорз миниуджытæ дæр. Кæм цæры, уыцы уынджы цæрджыты ‘хсæн ын ис хорз кад. Хорз зоны ирон фынджы æгъдæуттæ æмæ йæ сыхæгты стыр фынгты рæстæджы тыхсын никуы бауадзы.

 

Гæззаты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.