20-æм июлæй 27-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 172 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 11 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Алыгъуызон бархалынадты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы. Фондзæй баййæфтой административон æфхæрд.

23-æм июлы Ленингоры районы Икъоты хъæуы 58-аздзыд æмæ 66-аздзыд цæрджыты æрцахстой арæнхъахъхъæнджытæ Ленингоры районы Делканы хъæуы. Фæткхалджытæ æрвыст æрцыдысты рынчындонмæ, цæмæй 14 боны дæргъы уой карантины.

Горæт Цхинвалы милицийы управленийы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой нæ горæты 43-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй спайда кæнынмæ. Барадхалæг медицинон басгæрстыл не сразы. Ацы æмбæстаг ма раздæр дæр цалдæр хатты урæд æрцыд наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй.

Наркотикты æрзылды контроль кæныны кусджытæ баурæдтой нæ горæты 38-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта æнæзакъонæй наркотикон буарадæй спайда кæнынмæ. Уый медицинон басгæрстыл не сразы æмæ йæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы.

Наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой нæ горæты 35-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой иу гæны къутæр. Уымæй уæлдай ма æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ æмæ йæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 8 мин сомы.

23-æм июлы Ленингоры районы милицийы управленийы кусджытæ Цъинагары хъæугæрон ссардтой 32 гæны къутæры æмæ сæ скуынæг кодтой.

Наркотикты æрзылдыл контроль кæныны кусджытæ баурæдтой нæ горæты 29-аздзыд æмæ 28-аздзыд цæрджыты, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Цхинвал-Знауыры фæндаджы 1-æм километры æрцыд фæндагон-транспортон цау. Горæттаг 37-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Газель» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «ВАЗ-2114»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 63-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн «ВАЗ-2114»-ы шофыр алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

25-æм июлы нæ горæты 34-аздзыд цæрæг Джиоты Аланы проспектæй Советон уынгмæ азилæны бахаудта нозтджын шофыры машинæйы бын. Бæлццон алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.