18-ӕм майӕ 25-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республи-кӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 184 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 14 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрн-дзинадмӕ конд ӕрцыдысты 4 адӕймаджы.

19-ӕм майы милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныныл кусджытӕ баурӕдтой нӕ горӕты 23-аздзыд цӕрӕджы. Дохтыртӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ацы ӕмбӕстаг спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ. Фӕткхалӕджы Цхинвалы тӕрхондон ахæстоны сбадын кодта иу мæйы æмгъуыдмæ.

20-ӕм майы милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныныл кусджытӕ оперативон информацийы фӕдыл бабæрæг кодтой Дзауы районы Уанелы хъæуы «Бæгъиатæ»-йы суадоны цур фæзуат æмæ дуры бын ссардтой 91 капсулæйы «Лирика» æмæ 205 таблеткæйы та «Баклосан». Ацы медицинон препаратты сконды ис наркотикон буарад «Прегабалин» æмæ сын нæ республикæйы территорийыл уæй кæныны бар нæй. Наркотикон буарадты хицæут-тæ разындысты Цхинвалы 23-аздзыд æмæ 30-аздзыд цæрæджы. Фæткхалджытыл конд æрцыдис уголовон хъуыддаг æмæ ныри-дæгæн бадынц рæстæгмæдарæн изоляторы.

22 майы милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныныл кусджытӕ оперативон информацийы фӕдыл горæт Цхинвалы басгæрстой 39-аздзыды хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой 37 гæны къутæры. Фæткхалæгыл баконд æрцыдис уголовон хъуыддаг.

Горæт Цхинвалы 35-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Toyota Mark-2» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ йæ машинæ-йы бын бахаудта горæттаг 72-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн бæлццон алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ.

27-аздзыд горæттаг цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст автомашинæ «Lexus GХ-470» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ, æмæ Джыгкайы фырты уынгыл цæугæйæ, сæмбæлд бæласыл. Машинæ разынд нæ республикæйы Финансты министрады.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.