Амондджын вæййынц ныййарджытæ, зæрдæйы фæндиаг цот сын куы рахъомыл вæййы, сæ цин æмæ хурæй æфсæст куы вæййынц, уæд. Ахæмæй зыдтой Сталиниры районы Къостайыхъæуы цæрджытæ Медойты Дата æмæ йе ‘мкъай Лохты Шенойы дæр, уымæн æмæ сæ цæхх æмæ кæрдзын сæ армы дардтой æдзухдæр, зæнæг та уæлдай уарзондæр уыдысты алкæмæн дæр сæ цæвитотойнаг уагахаст æмæ коммæгæсæй. Сæ фондз фырт æмæ иунæг чызг Лидæйы хурæй æфсæст уыдысты, радысты сæ цинæй. Афтæмæй бинонтæ сæ сомбоны царды кой кодтой, архайдтой æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарады. Фæлæ адæймагæн хатт æмбойны йæ райдзаст æмæ рухс царды таг фескъуыйы, разыны йын цæлхдуртæ. 

Куы æрæхъуыст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыдуац, уæд бинонтæ æрæнкъард сты, нæ Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры кæй бахауд, уый тыххæй. Хъуыд фæдисы цæуын фыдызна-джы ныхмæ æмæ  Медойты цæхæрцæст лæппутæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты, хæрзбон загътой сабырадон цардæн æмæ æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Æнцон нæ уыд ныййарджытæн, дзаг бинонтæй афтидæй кæй аззадысты, уæддæр ма сæ зæрдæ дардтой сæ чызг Лидæйыл æмæ цыдæр ныфсы таг змæлыд се уæнгты.

 Лидæйы кæстæртæ Тыбылты Васи æмæ Олег иу ран нæ бадынц, фæлæ тыхсынц æмæ агурынц мадыфсымæрты тохы фæндæгтæ базоныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Хæсты фыццаг бонты хæстмæ ацыдысты зæнæджы хистæр æфсымæртæ Леонид æмæ Шауерда, æгъатыр тохты истой хайад фашизмы ныхмæ. Уыдонæн бантыст æмæ цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты не Стыр Уæлахизы райдзаст боныл. Хъыгагæн, хъысмæт сайдæй разылд иннæ æртæ æфсымæрыл æмæ знаджы ныхмæ карз тохты фæмард сты, сæрæгасæй нал сыздæхтысты сæ фыдызæхмæ. Хъараман Сырх Æфсады службæ кæнынмæ ацыд 1938 азы æмæ йæ хæст æрæййæфта уым. 1941 азы октябры мæйы хæцыд финаг хæстæндзарджытимæ. Знаджы тыхтæ фылдæр уыдысты æмæ æдзухдæр бырстой размæ. Фæлæ нæ хæстонтæ дæр   фæстæ нæ лæууыдысты, уыдон хъазуатонæй тох кодтой фыдгулы ныхмæ æмæ йын кодтой ахъаззаг цæфтæ. Уыцы аз 7 октябры, капитан Совелиусы командæйы бын Нигозеройы цады цур ныгуылæн районы финаг хæдтæхджытæ сæхи скъуырдтой советон хæдтæхджытæ И-16-ыл, кæцытæ тахтысты сæ хæстон хæстæ сæххæст кæныны фæстæ. Æххуысмæ ма сæм фæзындысты нæ хæдтæхджытæй 6 куынæггæнæджы. Кæстæр лейтенанттæ Дрышкин æмæ Жуланов ноджыдæр знаджы хæдтæхджытæй æрæппæрстой дыууæ. Хъыгагæн, знаг дæр æнцад нæ лæууыд æмæ финаг хæдтæхæгскъæрджытæ дæр фæцæф кодтой æртæ хæдтæхæджы. Уыдоны ‘хсæн уыд кæстæр лейтенант Медойты Хъараманы хæдтæхæг дæр. Уый ныппырх, Спасская Губайы поселокмæ æввахс æвæстиатæй æрбадынмæ куы хъавыд, уыцы рæстæджы. Йæ амондæн, Медойы фырт фæци æрмæстдæр рог цæфтæ. Хæстон архайдтыты рæстæджы немыцаг фашизмы ныхмæ йæхи равдыста хъæбатырæй, йæ хæстæ æххæст кæ-нынмæ каст бæрндзинады цæстæй, уыд домаг командир. Уымæн хæстон атахтытæ уыд 42 хатты. Дыууæ хатты уæлдæфон тохты райста хайад æмæ йе ‘мбал хæдтæхæгскъæрæг Жулановимæ æрæппæрстой знаджы иу хæдтæхæг. Ирон цæхæрцæст лæппу Медойы фырт бавдыст æрцыд «Сырх тырыса»-йы орденмæ.

Дæлбулкъон – запасы инженер, техникон зонæдты кандидат Н. Андреев йæ уац «После вынужденной посадки»-йы фыссы, зæгъгæ, куынæггæнæг хæдтæхæгæн йæ базыртæ уыдысты цæф æмæ æнæ æххуысæй йæхи адæргъ кодта зæххыл. Ахæм цау уынгæйæ, адæймаг дызæрдыг кодта, ома ма хæстон атахтытæм раздæхдзæн. Командæйы сконды уыдысты хæдтæхæгскъæрæг, хистæр лейтенант Медойты Хъараман, хæдтæхæджы техник Родиончев Васили æмæ æз (Н. Андреев, уыцы рæстæджы уый æххæст кодта авиацион техничы хæстæ). Командæ егъау æмæ зын фæндагыл рацыд Карелийы æвæндаг æмæ æнæном сакъадахыл. Фыссы дарддæр Н. Андреев, зæгъгæ, нæ ууылты ахизынмæ æркодтой нæ уавæртæ, уымæн æмæ зын уавæры бахауд нæ 155-æм куынæггæнæг авиацион полк. Цыд хæсты æртыккаг мæй, хæстон архайдтытæ полк райдыдта хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ, фашистон Герман нæ зæхмæ, Ленинграды бынмæ куы бырста, уыцы рæстæджы. Уый фæстæ нæ аппæрстой Карелимæ. Знаг йæ быцъынæг скъуыдта горæт Ленинград бацахсыныл æмæ йæ бацæуæнты цы-дысты карз тохтæ. Иу ахæмы, хæстон атахты рæстæджы, хистæр лейтенант Медойты Хъараман æппæт тыхтæй дæр архайд-та, цæмæй ныхмæлæууæджы ма æрбауагътаид Мурманскмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, немыцаг хæдтæхæгскъæрджытæ дæр фæлтæрд уыдысты, æмбæхстысты мигъты ‘хсæн, уæлдæфон тохтæй сæхи иппæрд кодтой. Фа-шисттæ архайдтой арæхстгай, нæ хæдтæхæгæн фадат радтой æрбаввахс уæвынæн, стæй йыл нызгъæлстой ихуарæгау. Медойы фыртмæ фаг тактикон цæттæдзинад куынæ уыдаид, уæд йæ хъуыддаг карздæр рауадаид. Фæлæ цалдæр атакæйы фæстæ «Доронье»-йы фæздæг скалд. Фæлæ, нæ бантыст Хъараманæн кæронмæ тох кæнын æмæ фæмард 21-аздзыдæй. Уал аздзыдæй аскъуыд йæ рæзгæ цард йе ‘фсымæр Бежанæн дæр, уый дæр карз тох бæргæ кодта фашизмы емынæйы ныхмæ, фæлæ фæмард 1942 азы. Дата æмæ Шенойы кæстæр лæппу Михаил дæр фæстæ нæ фæлæууыд, иугæр ын Сырх Æфсадмæ цæуын афон куы æрцыд, уæд уадид фæраст  хæстмæ. Йæ тохы фæндаг райдыдта Белорусийы зæххыл, ацы ран ссардта йæ адзал дæр иу карз тохты. Михаил ныгæд æрцыд Витебскы районы Кооптийы хъæуы.

Афтæ Медойты æртæ æфсымæры се ‘взонг цард нæ бавгъау кодтой уæлахизæн, фидæны фæлтæрты амондджын царды сæраппонд. Сæ ныййарджытæ та мæрдты бæстæм ацыдысты зæрдæрыст æмæ судзаггаг мастимæ.

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.