29 августæй 5 сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн алыгъуызон цæфтæ райсыны фæстиуæгæн фæмардысты дыууæ адæймаджы – иу дзы уыд æнахъом сывæллон.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 344 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

2 сентябры Цхинвалы районы Цъунары хъæуы ссыгъд дыууæ мæнгагъуысты, кæцыйы хицæуттæ разындысты 36 æмæ 50-аздзыд бынæттон цæрæджы. Бынатмæ æвæстиатæй ссыдысты зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ, фæлæ уæдмæ басыгъдысты 1 600 холладжы басты æмæ 15 шиферы. Уымæй уæлдай ма ссыгъд Ленингоры районы Садзегуры хъæуы 65-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ артæй аирвæзын кодтой бæстыхай – басыгъд дзы æрмæстдæр иу хатæн.

3 сентябры Цхинвал – Ленингоры фæндаджы 7-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Ленингоры районы Морбеданы хъæуы 62-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ ВАЗ-2121 скъæрын, ахаудта фæндаджы фæсвæд æмæ афæлдæхт. Шофыр бынаты фæмард. Йе ‘ртæ бæлццоны: 65, 34 æмæ 12-аздзыд Морбеданы хъæуы цæрджытæ, алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Дохтыртæ бакодтой æмбæлон æххуыс рынчынтæн, фæлæ æнæххæст кары сывæллон æгæр уæззау цæфтæ райсыны фæстиуæгæн амард рынчындоны.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 30-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад марихуанайæ æмæ медицинон препарат «Лирика»-йæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.