Цыбыркъух бинонты сывæллæтæн баххуыс кæныны фæдыл акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ», зæгъгæ, райста æрмæст республикон масштаб нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнтæй дæр бакодтой се ‘ххуысы хай. Акцийы активон хайад райстой мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, кæцытæ сæхи нæ бааууон кодтой æмæ стыр лæггад бакодтой Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн, йæ фидæнæн. Абоны бонмæ сæдæ сывæллонæй фылдæр райстой адресон æххуыс – уæлæдарæс, къахдарæс, хызынтæ, къæнцыларон дзаумæттæ æмæ афтæ дарддæр. Сывæл-лæттæн сæ фылдæр хай сæ ныййарджытимæ цыдысты горæты милицийы хайадмæ æмæ-иу сæ уырдыгæй акодтой дуканитæм, цахæм дзаумæттæ-иу сæ хъуыд, ахæмтæ-иу сын балхæдтой. Бынатмæ бацæуыны фадат кæмæн нæ уыд, уыдонмæ та æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытæ хæдзæрттæм цыдысты æмæ сын сæ лæвæрттæ дæттой сæ къухтæм.

«Акцийы тынг бирæ адæм райста хайад – мах уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Алыгъуызон æххуыс нын бакодтой политикон партитæ, депутаттæ, амалиуæггæнджытæ, «Россотрудничество»-йы къухдариуæгад. Баххуыс кæныны тыххæй нæм-иу æрвылбон дæр æрбадзырдтой Цæгат Ирыстонæй æмæ ма суанг Германæй дæр. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны цæрæг Хъаныхъуаты Индирæ æрласта æмæ балæвар кодта сывæллæттæн скъоламæ хъæугæ дзаумæттæ (Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ Индирæ активонæй кæй пропагандæ кæны дунейыл Хуссар Ирыстоны, куыд иттæг хорз туристон бæстæ). Ныридæгæн нын бахардз ис 400 мин сомы æмæ дзы срæвдз кодтам сæдæ сывæллонæй фылдæр», – зæгъы горæт Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали.

Цхинвалы районы милицийы хайады инспектортæ лæвæрттимæ бацыдысты дыууæ бинонтæм. Управленийы рæнхъон сконд цы ‘хцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодта, уыдонæй дыууæ скъоладзауæн балхæдтой уæлæдарæс, къахдарæс æмæ ма скъоламæ хъæугæ æндæр дзаумæттæ.

Бихъары хъæуы Нæрыкъаты бинонтæ хъомыл кæнынц 5 сывæллоны. Сæ хисæрмагонд хæдзар тынг æдзæллаг уавæры уыд æмæ сын паддзахады æххуысæй арæзт æрцыд ног хъæдын хæдзар. Сæ хистæр æртæ сывæллоны астæуккаг скъола каст фесты, иууыл кæстæрыл та нырма цæуы 4 азы. Ахуырдзау дзы ис æрмæстдæр Сабинæ, кæцы бацæудзæнис 5-æм къласмæ. Йæ ахуыргæнæг куыд зæгъы, афтæмæй Сабинæ ахуырмæ тынг æвзыгъд у, стæй ма у коммæгæс æмæ æгъдауджын. Уымæ гæсгæ дзы ахуыргæнæг у тынг буц æмæ йын ног ахуыры азмæ балхæдта къæнцыларон дзаумæттæ. Милицийы инспектортæ та йын лæварæн æрбахастой уæлæдарæс, къахдарæс, хызын æмæ æндæр ахуыргæнæн дзаумæттæ.

«Ацы инспектортæ мæм цалдæр азы дæргъы лæвæрттимæ æмæ хуынтимæ æрбацæуынц, ме скъоладзауты мын скъоламæ срæвдз кæнынц. Цас хардз цæуы сывæллоныл, уый алчидæр зоны æмæ мын адон куынæ æххуыс кæниккой, уæд мын тынг зын уаид», – зæгъы йæ бузныджы ныхæстæ Сабинæйы мад Хатунæ.

Афтид армæй нæ бацыдысты инспектортæ Дменисы хъæуы Джиголаты бинонтæм дæр. Сæлимæт иунæгæй хъомыл кæны дыууæ сывæллоны – 9 æмæ 3-аздзыдтæ. Дианæ ацы аз бацæудзæнис 4-æм къласмæ æмæ йын милицийы кусджытæ балæвар кодтой уæлæдарæс, къах-дарæс æмæ ахуыргæнæн дзаумæттæ.

«Тынг арæх мæ абæрæг кæнынц милицийы кусджытæ æмæ мын алыхатт дæр бакæнынц лæвæрттæ – куы хæлцон продукттæ, куы сывæллæттæн алыгъуызон дзаумæттæ, куы скъоламæ æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ. Тынг сæ æфсæрмы кæнын æмæ сын арфæ кæнын сæ лæггады тыххæй», – зæгъы Джиголаты Сæлимæт.

Сæлимæт йæхæдæг кусы скъолайы мæрзæгæй æмæ йын ис 10 мин сомы мызд, кæцы дыууæ сывæллоны даргæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фаг кæны.

Дзауы районы милицийы управленийы кусджытæ дæр се ‘ххуысы хай бакодтой 9 сывæллонæн – срæвдз сæ кодтой скъоламæ. Нæ республикæйы иннæ районты дæр ацы хæрзаудæн акци цæуы æмæ дзы ныридæгæн ахæм ничиуал ис, кæцы рохуаты аззад. Дарддæр дæр акцийы фæлгæтты æмбырд цæуынц æхцайы фæрæзтæ æмæ товартæ, кæцытæ æнæмæнгдæр хардз æрцæудзысты æвæрæз бинонтыл.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ иуæй-иу ныййарджытæ кæй нымайынц афтæ, ома, сын хæсджын сты, цæмæй сын æххуыс кæной. Афтæмæй та ахæмтæ сæ  зæрдыл хъуамæ дарой, иу адæймаг дæр хæсджын кæй нæу, цæмæй кæйдæр сывæллонæн лæггад кæна, – уый вæййы барвæндонæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.