2022-09-05
23 июлы Хуссар Ирыстон банысан кодта национ информацион фæрæзты профессионалон бон. Бæрæгбоны цытæн Парламенты сæрдар Мæргъиты Алан дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæй цалдæры схорзæхджын кодта РХИ-йы Парламенты Кады грамотæтæй. Депутатты æмæ йæхи номæй раарфæ кодта информацион фæрæзты æппæт минæвæрттæн, банысан сын кодта сæ куысты ахсджиагдзинад. «Сымахæн æмæ информацион фæрæзты æппæт кусджытæн мæ фæнды раарфæ кæнын уæ
Медицинон кусæджы Боны цытæн Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæ радта æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы хуыздæр кусджытæн. Уый тыххæй фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ. Цытджын церемони уагъд æрцыд майрæмбоны, 14 июны. 16 июны, ома, июны мæйы æртыккаг хуыцаубоны, та дохтыртæн уыдзæн сæ профессионалон бæрæгбон. «Æнæмæнг æнæниздзинад хъахъхъæнынады сферæйы кусджытæ сты сæ квалификаци бæрзонд кæмæн у, ахæм специалисттæ.
31 майы Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады кусджыты сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Церемонийы хайад райста Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ. Гаглойты Алан банысан кодта æнахъомты ‘хсæн барадхалынадты профилактикæйы тыххæй Мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджыты стыр æмæ ахсджиаг куыст. «Æнахъомты ‘хсæн барадхалынадты профилактикæ
Президент Гаглойты Алан Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, композитор æмæ музыкант Харебаты Вадимы схорзæхджын кодта Кады орденæй. «Ды национ аивадмæ стыр хуынтæ бахастай, Хуссар Ирыстонæй бирæ дарддæр бæрзонд кодтай нæ культурæйы кад. Нæхи ‘рдыгæй мах хæсджын стæм дæуæн бузныг зæгъынæй æмæ дын де ‘нтыстытæн аккаг аргъ скæнынæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг артистимæ фембæлды рæстæджы. Гаглойты
© 2024 Xurzærin