Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл 10 азы кæй сæххæст, уый фæстиуæгæн РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр дзуаппытæ радта нæ газет «Хурзæрин»-ы фарстатæн.

– 10 азы сæххæст, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадæй куы банымадта, уыцы нысаниуæгджын боныл. Уый фæстæ дыууæ паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн арæзт æрцыд сразыдзинæдтæ. Куыд æндавынц ацы сразыдзинæдтæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстыл?

– 10 азы рацыд, 2008 азы августы  Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад æппæт  ирон адæмы сæраппонд хъысмæтскъуыддзаггæнæн  уынаффæ куы райста æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уыцы  бонæй.  9 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ арæзт кæй æрцыд, уый дæр у ацы нысаниуæгджын боны фæстиуæг.

Фæстаг дæс азы дæргъы стыр куыст бакондæуыд нæ паддзахадты ‘хсæн  æххæстхъомыс паддзахадон ахастытæ саразыны сæраппонд, арæзт æрцыд егъау бадзырдон-барадон базæ. Сæрмагондæй та 2009 азы 20 январы къухтæ бафыстæуыд Меморандумыл дунеон æмкуыстады фарстаты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг министрады æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘хсæн кæрæ-дзиæмбарынады тыххæй, кæцыйы нысан æрцыд æртыккаг паддзахадтимæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ рæзын кæнынæн Уæрæсейы фарсхæцынад, дунеон организациты архайды йæ хайадист, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы  дипломатон минæварадты руаджы æртыккаг бæстæты Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ размæ кæнынмæ Уæрæсейы цæттæдзинад.

Ацы Меморандумы бындурыл махæн фадат фæзынд Уæрæсейы Федерацийы дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, уыцы нымæцы МГИМО  æмæ  УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы ахуыр кæнынæн бынæттæ райсын.

Гуырдзыстоны инициативæйæ Хуссар Ирыстон кæд изоляцийы ис, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, уый уæрæсейаг коллегæты æххуысы фæрцы планбæрцонæй реализаци кæны æддагполитикон рæз-ты фæдыл стратеги. Хуссар  Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æдзухдæр æмархайд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадимæ. Зæгъæн ис, уæрæсейаг коллегæты фарсхæцынад хорзæрдæм æндавы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстыл.

Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн  суверенон демократон паддзахад аразыны хъуыддаджы, æххуыс ын кæны æмбæлон æдасдзинад сифтонг кæныны, социалон-экономикон рæзты фарстатæ скъуыддзаг кæныны.

– Официалон балцыты арæх ацæуыс фæсарæйнаг бæстæтæм. Уæрæсейы æрдыгæй РХИ-йы хæдбардзинады банымад куыд æндавы ацы балцытыл.

– Хуссар Ирыстон дарддæр дæр реализаци кæны йæ алфæмблайы дунеимæ æргом ахастыты политикæ, тырны дунеон æмæхсæнады уæнгтимæ хæларадон æмæ кæрæдзийæн пайдайы ахастытæ саразынмæ æмбар, кæрæдзийы интерестæ хынцын æмæ кад кæныны принципты бындурыл. Уый тыххæй нын æххуыс кæны Уæрæсейы Федераци, уымæн æмæ нæ республикæйы æмæ нæ министрады сæрмагонд фадæттæ фаг не сты.

– РХИ-йы хæдбардзинад Уæрæсейæ дарддæр банымадтой цалдæр бæстæйы, уыцы нымæцы Сири дæр. Цæмæй ацы ахсджиаг хъуыддаг æрцыдаид, уый тыххæй развæлгъау цы къахдзæфтæ сарæзта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад?

– Нæ дыууæ республикæ кæрæдзийы хæдбардзинадтæ кæй банымадтой, уый Хуссар Ирыстоны историйы ахсджиаг цау у. Ахæм уынаффæтæ æнцонтæй ист нæ цæуынц. Сириаг Арабаг Республикæимæ дипломатон ахастытæ саразыныл куыстæуыд фæстаг азты дæргъы.

Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæвар куы уыдтæн, уæд нын Сирийы минæварадимæ уыд хорз контакттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сирийы Уæлвæт-кон æмæ Æххæстбарджын минæваримæ дæр – хорз хæларадон ахастытæ.

Сири у цивилизацийы авдæн æмæ ирæттæм æввахс бæстæ.  Бирæминон ирæттæн Сири ссис сæ дыккаг райгуырæн бæстæ, уым цæры бирæнымæц ирон бинонтæ. Дамаскы архайы ирон-сириаг общинæ, уыдонимæ махæн рагæй ис бастдзинад. Ирон общинæйы минæвæрттæ кусынц бæрнон бынæтты Сирийы алыгъуызон паддзахадон уагдæтты, намысджынæй лæггад кæнынц сириаг паддзахадæн.

Символикон у, Сири Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 29 майы кæй банымадта, уый, уымæн æмæ уый уыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны бон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй РХИ-йы хæдбардзинады банымайыны цы-тæн бæрæгбоны къæсæрыл. Июлы кæрон Бибылты Анатоли официалон балцы куы уыд Дамаскы, уæд къухтæ æрфыстæуыд цыппар ахсджиаг документыл, кæцыты фæстиуæгæн бындур æвæрд æрцыд дыууæфарсон ахастытæн. Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли  Сирийы Арабаг Республикæйы Президент Башар Асадæн загъта бузныджы ныхæстæ ахæм ахсджиаг æмæ бæрнон къахдзæфы тыххæй.

Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ног хабар никæмæн у, дунеон терроризмы ныхмæ Сирийы хæсты райдайæнæй фæстæмæ мах ацы бæстæйы закъонон хицауады æвварс кæй уыдыстæм, афтæ ма уыдыстæм ацы бæстæйы Уæрæсейы архайды фарс дæр.

Йæ фæстиуæг бæрæг у – сириаг зæххмæ  цадæггай здæхы сабырдзинад æмæ æнцойад. Мах уырны, Сирийы адæм аиуварс кæндзысты фæсхæсты зындзинæдтæ æмæ сæ бæстæйы сæндидзын кæндзысты нормалон цард.

– Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны процесс цæмæй дарддæр дæр ацæуа, уый тыххæй цы архайы республикæйы дипломатон службæ, абоны бон кæцы бæстæтимæ кусы æмæ кæдмæ æнхъæлмæ кæсæм радон банымадмæ?

– Сусæггаг никæмæн у, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстыл баст у Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады дарддæры дунеон банымад.  Уымæй дарддæр ма Министрады раз лæууы дунеон контакттæ, дунейы нæ уæвынады географи рауæрæх кæныны хæслæвæрд.

Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæгъын уый, æмæ кæд Гуырдзыстоны æмæ йæ ныгуылæйнаг партнерты æр-дыгæй ис ныхмæархайд, уæддæр æндæр бæстæты æрдыгæй  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайынæн ис перспективæ. Æмæ ацы здæхты æдзухæй куыст цæуы алы бæстæтимæ, алы æмвæзадтыл, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады активон фарсхæцынады руаджы. Уый у нæ архайды ахсджиагдæр здæхтытæй сæ иу. Уымæн æвдисæн у, æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Сирийы Арабаг Республикæ кæй банымадта, уый дæр.

О, фæлæ Хуссар Ирыстоны дунеон позици дарддæр сфидар кæнын  уый æрмæст Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хæс нæу. Махæн нæ иумиаг хæс у зæрдæмæдзæугæ, демократон, экономикон æгъдауæй размæдзыд паддзахад саразын.

Фылдæр бакусын хъæуы, цæмæй нын нæ республикæйы зоной æрмæст политикон цæстæнгасæй нæ, фæлæ культурæ æмæ спорты размæдзыдæй дæр, уыимæ ма райрæзын хъæуы æддагэкономикон ахастытæ дæр.  Цæмæй Хуссар Ирыстон уа дунеон æмæхсæнады æххæстбарджын æмæ бæрнон уæнг, уый тыххæй республикæйы æппæт  ведомствотæ дæр хъуамæ кусой уæхскуæзæй.

Мæн уырны, дунеон банымады ‘рдæм нæ бæстæйы курс дарддæр кæндзæн. Ацы здæхты куыст цæуы æрвылбон дæр.

–  Бæрæг куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæджы фæактивондæр РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыст фæсарæйнаг бæстæтимæ бастдзинæдтæ аразыны хъуыддаджы. Цы уын бантыст ацы фадыджы æмæ цахæм сты уæ дарддæры плæнттæ?

– Хуссар Ирыстон дарддæр кæны дипломатон куыст, цæмæй республикæйы дунейы бæстæтæ банымайой æмæ алы регионты рауæрæх кæна йæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ, уый тыххæй.

Мах фæнд кæнæм нæ контактты географи рауæрæх кæнын. Уый хауы европæйаг бæстæтæм, Централон Азийы, Латинаг Америкæйы паддзахадтæм æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтæм, кæцытимæ махæн ис Уæрæсейы империйы æмæ Советон Цæдисы иумæ цæрыны фæлтæрддзинад, æмæ цыран ис ирон диаспорæтæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды сæйрагдæр здæхтытæй иу у диаспорæтимæ куыст. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æнгом куыст кæны фæсарæнты не ‘мбæстæгтимæ, æдзух ын бастдзинад ис алы бæстæты ирон диаспорæтимæ.

Дунейы бæстæтæй нын сæ фылдæримæ дипломатон ахастытæ кæй нæй, уый тыххæй мах спайда кæнæм æндæр форматтæй, уыцы нымæцы диаспорæтимæ куыстæй дæр. Нæ минæвæрттæ кусынц алы бæстæты. Нæ къухы бафты ацы бæстæты  политикон архайджыты æрдыгæй Хуссар Ирыстоны интересты  æмбарынад æмæ хъахъхъæнынад æмæ дарддæр дæр кусдзыстæм къухыбафтгæ æнтыстыты адарддæр кæныныл.

Плæнттæ нын бирæ ис. Мах бæстондæр кусдзыстæм дунеон æмвæзады Хуссар Ирыстонæн зæрдæмæдзæугæ имидж аразыныл, цы ресурстæ нæм ис, уыдоны тыххæй фæсарæйнаг инвестортæ агурыныл парламентариты ‘хсæн, культурон æмæ зонадон æмæхсæнады ‘хсæн, активонæй æххуыс кæндзыстæм дунеон бастдзинæд-тæ аразын æмæ уæрæх кæнынæн, алы æмвæзадты фембæлдтытæ организаци кæнынæн, æххуыс кæндзыстæм культурæйы, æнæниздзинады, спорты æмæ туризмы фадыджы бастдзинæдты рæзтæн.

Фидарæй мæ уырны, нæ хæлæртты æмæ партнерты æххуысæй, Президент æмæ нын Хицауад цы æххуыс кæнынц, уый фæрцы нæ къухы кæй бафтдзæн паддзахадон рæзты ног æмвæзадмæ схизын.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.