25 августы Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд  Æппæтирон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»- ы X-æм юбилейон съезд.

Бæрæгбонон мадзалы хайад истой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæуджытæ Бибылты Анатоли æмæ Битарты Вячеславы дыууæ æфсымæрон республикæйы разамынады бæрнон кусджытæ, ахуырад æмæ зонадон сфæлдыстадон интеллигенцийы, Иры Стыр Ныхасы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Афтæ ма съездмæ æрцыдысты ирон диаспорæты минæвæрттæ дунейы бирæ бæстæтæй. Уыдоны ‘хсæн Уæрæсе, Бразили, Ног Зеланди, Канадæ, Турк, Йемен æмæ æндæр бæстæтæй. Цытджын æгъдауæй театры сценæмæ æрбахастой РХИ-йы Паддзахадон тырыса. Уый фæстæ айхъуыстысты дыууæ Ирыстоны æмæ УФ-йы Паддзахадон гимнты зæлтæ.

Юбилейон съезд байгом кодта Æппæтирон æхсæнадон змæлд  «Иры Стыр Ныхас»-ы  сæрдар Кучиты Руслан.

Йæ куысты райдианы съезды делегатты иумиаг хъæлæсæппæрстæй æвзæрст æрцыдысты президиум, мандатон, редакцион, нымайæн къамистæ æмæ секретариат.

Съезды ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн. Бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта ахсджиаг мадзалы хайадисджытæн æмæ  зæххы къорийыл æппæт ирон адæмы минæвæрттæн. Абоны съезды рæстæджы мах, зæгъгæ, фæндыд, цæмæй дунейы цыдæриддæр ирон адæм цæры, уыдоны минæвæрттæ æрæмбырд уой ам, горæт Цхинвалы æмæ иумæ сæмбæлæм нæ республикæйы бæрæгбоныл, хæдбардзинад банымайыны боныл.

«Ацы бæрæгбон махæн бирæ фæлварæнтæ æмæ зындзинæдтæ бавзарын кодта, фæлæ йæм уæддæр ныфсджынæй, хъаруджынæй цыдыстæм. Æмæ абон ам æрæмбырд стæм, цæмæй иумæ цин кæнæм, иумæ æмбырдæй зæгъæм стыр бузныг Уæрæсейæн. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, абоны бон не  ‘хсæн чи нал ис, уыдоны  рухс нæмтты раз.

Уæрæсейы уæды президент историон уынаффæ куы райста, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл, уæд уыцы хабар хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ райстой, куыд йæ рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл фæуæлахиз, афтæ. Уымæн æмæ 1989 азæй 2008 азы онг бирæ адæм бабын. Бирæ зындзинæдтæ æрцыдис Ирыстоныл, бирæ адæм фæлыгъдысты Ирыстонæн йæ цæгатмæ, хуссарæй æмæ куынæ уыдаид Уæрæсейы æфсад, уæд, абон мах ам не ‘рæмбырд уыдаиккам.

Махæн нæ хæс у, кæмфæнды ма цæра ирон адæймаг, ирон лæджы цæст кæмдæриддæр ма ‘рттива, æппынæдзух нæ зæрдыл дарæм, ирон адæм кæй фервæзтысты Гуырдзыстоны фашистон режимæй Стыр Уæрæсейы руаджы. Ирон адæмы сомбон баст у Уæрæсеимæ æнгомдзинады, интеграцийы руаджы, Ирыстонæн йæ цæгат æмæ хуссар иу æрцæуой», – дзырдта Президент.

Бибылты Анатоли ма куыд загъта, афтæ-мæй ирон интеллигенцийы минæвæрттæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныныл тох кæнын райдыдтой 20-æм азтæй фæстæмæ. Фæзынд студентон къорд дæр, кæцытæ, æвзонг лæппутæ уæвгæйæ, райдыдтой тох кæнын Ирыстоны фæстæмæ Уæрæсейы скондмæ бакæныныл. Уый фæстиуæгæн уыдон хаст æрцыдысты Сыбырмæ. Куынæггонд цыдысты ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ.

«Гуырдзыстоны раздæры президент Гамсахурдияйы фашистон лозунгтæй иу уыд хуссарирыстойнаг адæмы сæ Райгуырæн зæххæй «æфсæйнаг цъылынæй» амæрзын цæгатварсмæ. Кæдæм? Сæ туг, се стæгмæ, сæ цæгаттаг æфсымæртæм, кæцытæ нæм нæ уæззау рæстæджы фæдаргъ кодтой æфсымæрон æххуысы къух – уый та хуыйны иудзинад. Иудзинад  зындзинады, рæсугъддзинады, иудзинад нæ сомбоны сæраппонд,   иудзинад нæ кæстæрты тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иу адæймаг дæр ахæм нæй, кæцы нæ сагъæс æмæ мæт кæны нæ райдзаст сомбоныл. Уый фæдыл æрæмбырд вæййынц дунейы алы къуымтæй ирæттæ æмæ уынаффæ кæнынц сæвзæргæ проблемæтыл. Уыдонæй иу у Тырсыгомы проблемæ – уыцы комы цы цыртдзæвæнтæ, ингæнтæ ис, уыдон ферохгæнæн нæй.

Ацы уæвæг проблемæтыл, зæгъгæ, мах куынæ дзурæм, куынæ сæ бæстон кæнæм, уæд сыл чи батыхсдзæн мах бæсты.

Президентæй ма æнæхъусдардæй нæ баззад Германы канцлер Меркелы балц Гуырдзыстонмæ. Æгас территоримæ биноклтæй кæй каст Уæрæсейы æфсæддон базæтæ феныны сæраппонд. Уый фæдыл Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, нæм нæ хъæуы кæсын дыргъдæтты сæрты, фæлæ нæм æрбацæуæд уазæгуаты, дуарыл æрбахизæд, афтæмæй. Уымæн æмæ рохгæнæн нæй, Европæйы цивилизацийы мах зынгæ фæд кæй ныууагътам, уымæн.

Иры сомбоныл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, махæн бирæ аразинаг кæй ис. Иууыл сæйрагдæрыл банымадта кæрæдзимæ хорз ахаст, æмбарындзинад, кæрæдзи дæлдзиныг кæнын нæ, фæлæ кæрæдзийы фарсмæ балæууын, кæрæдзийæн аргъ æмæ кад кæнын. Цыдæриддæр нæм тыхтæ ис – политикон, æхсæнадон – нæ хæс у, цæмæй уæм иу, иу фæндаг равзарæм æмæ уыцы фæндагыл иумæ фидарæй цæуæм. Ноджы ма æвæджиаг хæсыл банымадта, цæмæй нæ сомбон, нæ фидæн рæсугъд саразæм. Нæ хæс у, абон мах алантæй куыд сæрбæрзонд стæм, афтæ сæдæ азты фæстæ сæрбæрзонд уой нæ кæсдæртæ махæй, абон Ирыстоны истори чи аразы, уыдонæй дæр.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы фæстæ «Хæлардзинады орденæй» схорзæхджын кодта Ассоциаци «Renaissance Sangigzan-ы къухдариуæггæнæг «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы» организатор Пухаты Радионы.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр раарфæ кодта съезды делегаттæ æмæ уазджытæн юбилейон съезды хайад кæй исынц, уый тыххæй. Дарддæр йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, абон æрбамбырд стæм ирæттæ иумæ, цæмæй иумæ цин кæнæм Аланийы паддзахад ныппырх æй фæстæмæ, цæмæ бæллыдыстæм, ахæм паддзахады сырæзтыл.

«Уæрæсейы уæды уæлдæр къухдариуæгады раст политикон уынаффæ раст хъуыддагыл банымадтой дунейы цалдæр паддзахады дæр. Ацы паддзахад йæ хæдбардзинадмæ дæргъвæтин æмæ зын фæндагыл рацыд, бирæ æнæаххос туг ныккалд. Фæлæ æппæт уыцы æнамонддзинæдтæм нæ кæсгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон размæ цæуы», – загъта Битарты Вячеслав.   Уый банысан кодта, зæгъгæ, фылдæр кусын хъæуы интеграцийы фарстыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг съезды куыст банымадта иудзинад æмæ кæрæдзиæмбарынады уаз бынатыл. «Иры Стыр Ныхас»-ы архайджытæ сты,  алы ирон адæймаг дæр ныфс кæмæй бавæра йæ тыхст рæстæджы, ахæм бæрзонд гоймæгтæ. Битарты Вячеслав йæ ныхасы кæрон ноджыдæр арфæ ракодта дунейы ирон æхсæнадтæ æмæ диаспорæты минæвæрттæн.

Цæгат Ирыстоны бæстæйы сæргълæууæг майданæй «Во славу Осетии» схорзæхджын кодта хуссарирыстойнаг сæрибаргæн-джытæй иу къорд лæппуйы, кæцытæ хайад истой ирон-мæхъæлон хæстон архайдтыты.

«Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан йæ доклады банысан кодта, ирон адæм сæрибардзинадмæ тырнгæйæ бирæ фыдæбæттæ кæй бавзæрстой, уæлдайдæр та Иры хуссар хайы. Йæ рæстæджы Гуырдзыстоны алы разамонджыты фæнд дæр уыдис ирон адæмы басæттын, сæ культурæ, сæ мадæлон æвзаг сын байсой, сæ Райгуырæн зæххæй сæ фæсурой.

«Фæлæ знаг, æвæццæгæн, бамбæрста уый, ирон адæмы ныхмæ тохы мах кæй æнгом кæнæм – иумæ та мах стæм тыхджын. Ирон адæмы нæ хъæуы абон гæды митæй сайын æмæ лæвæрттæй æлхæнын.

Махæн нæ абоны куысты боны фæткы ис ирон адæмы бангом кæныны фæдыл фарст. Æмæ æз фæрсын мæхи – уыцы æнгомдзинад цæй мидæг ис? – уый мидæг, æмæ цæмæй иумæ цæуæм нæ фыдæлты къахвæдтыл, дзурæм иу æвзагыл,  иу культурæ æмæ нæ традицитыл хæст уæм. Уыцы принциптыл хæст куы уæм, уæд нæ иудзинад уыдзæн фидардæр, æмæ, æрмæстдæр, афтæмæй уæд уыдзыстæм тыхджын», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Кучиты Руслан хорзыл банымадта, æрæджы фæсивæд Рекомы бæрæгбон кæй банысан кодтой, уый, æмæ загъта, кæй хъæуы фæсивæдимæ æнгомдæр кусын æмæ банысан кодта, Ирыстоны кæй ис æгъдауджын æмæ намысджын кæстæртæ.

Дарддæр сæйраг хъусдард ныхасгæнæг аздæхта мадæлон æвзаджы уавæрмæ, уымæн æмæ ууыл баст у Ирыстоны сомбон.

«Æнæ мадæлон æвзагæй нæй ирон культурæ æмæ иудзинад бахъахъхъæнæн. Мадæлон æвзаг у æппæтæн дæр бындур, ууыл мах самайдзыстæм Аланийы рухс фидæн»  – банысан кодта Æхсæнадон змæлды сæргълæууæг.

Йæ ныхасы кæрон уый æрсидт, цæмæй кæрæдзи фарсмæ лæууæм æмæ нæ разы лæууæг хæстæ иумæ бæстон кæнæм.

«Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады сæрдар Гаглойты Роберт йæ раныхасы хæдразмæ бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытæм, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой «Стыр Ныхас»-ы бындурæвæрæг Гиоты Михал æмæ æппæтдунеон æхсæнадон змæлды куыстмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыцы зынгхуыст гоймæгты рухс нæмттæ. Уый фæстæ уый адæмы размæ рахаста йæ доклад, кæцыйы дзырд цыд Ирыстоны ахсджиагдæр æмæ бæстонкæнинагдæр фарстатыл.

«Æнæмæнгхъæуæгыл нымайын Нары хъæуы таможнæ айсын. Раст хъуыддаг нæу, Транскамы трассæйыл цалдæр посты æвæрд кæй ис, уый. Стæй ма æмбæрст нæу, хуссарирыстойнаг номыртимæ автомашинæтæн зындæр кæй у арæны сæрты ахизын, уæрæсейаг номыртæм абаргæйæ», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Æрсидт алкæмæ дæр, цæмæй алчидæр, йæ бон куыд у, афтæ архайа, Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын цы ирон территоритæ баззайдзысты, уыдон раздахыныл.

«Архайын хъæуы, нæ фыдæлтæй баззайгæ территоритæ раздахыныл, кæцытæ абон сты Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын,- æз дзурын Тырсыгом æмæ Къобы тыххæй. Арæн хъуамæ цæуа, кæйдæр зæрдæ балхæныны тыххæй нæ, фæлæ кæуылты æмбæлы ууылты. Æгæр бирæ территоритæ сафæм. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй дарддæр уыд Триалеты Ирыстон дæр, цыран уыд 12 хъæуы, абон дзы иу дæр нал ис, уыдон уыдысты Сомихстонимæ арæныл»,- банысан кодта уый.

Гаглойты Роберт ма йæ раныхасы хъусдард аздæхта, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныны фарстмæ. Уымæн, зæгъгæ, ис стыр нысаниуæг. Равдыста ма йæ фæндон, цæмæй паддзахад Алани суа Уæрæсейы иу хай. Раразмæ ма кодта Æппæтирон фæсивæдон форум «Ирон æвзаг æмæ нацийы фидæн» ауадзыны хъуыды 2018-19 азты. Афтæ ма залы бадджыты хъусдард аздæхта, Ирыстоны дыууæ хайы æхсæн æфсæнвæндаг саразыны хъуыддагмæ.

«Алагирæй Цхинвалмæ фæндагы дæргъ у 162 км. Дыууæ Ирыстоны ‘хсæн æфсæнвæндаг саразыны фарстыл дзырд цыд 2009 азы дæр. Мах хъæуы ацы фарстыл бакусын», – загъта уый.

Мадæлон  æвзаг, нæ хъæздыг культурон æмæ бынтæ ба-хъахъхъæныныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл дзырдтой РХИ-йы парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри æмæ Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Ирон адæмы съезды куысты рæстæджы ма дунейы алы бæстæты ирон диаспорæтæ æмæ æхсæнадты куыст æмæ архайды фæдыл дзырдтой сæ сæргълæуджытæ æмæ минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинадыл дæс азы сæххæсты бæрæгбоны цытæн уыдон се ‘ппæтдæр  дзырдтой арфæйы ныхæстæ.

Иумиагæй сисгæйæ, юбилейон съезды куысты рæстæджы ист æрцыд архайды фæдыл план 2021 азы онг. Советы уæнгтæ куыд сбæлвырд кодтой, уымæ гæсгæ сæйраг хæстæ сты ирон адæмы иудзинад,  историон,    культурон бынтæ бахъахъхъæнын.

Афтæ ма фæндон хаст æрцыд, цæмæй дыууæ Ирыстоны фæсивæдон æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн иумæйаг съездтæ уагъд æрцæуой 2019 азы.

Бахастæуыд уынаффæ, цæмæй 8 август æмæ 1 сентябрь дыууæ Ирыстоны нымад цæуой фыдохы бонтыл, афтæ ма бакусын хъæуы  иумæйаг националон бæрæгбонты къæлиндарыл дæр.

Дунеон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы куысты кæрон æмхъæлæсæй ист æрцыдысты:

  1. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы геноциды фæдыл резолюци, кæцы æрвыст æрцæудзæн Уæрæсейы Паддзахадон Думæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты парламенттæм;
  2. Тырсыгом æмæ Ныгуылæн Ирыстоны зæххытæй ирон цæрджытæ сырд кæй æрцыдысты æмæ дарддæр сæ æмбæстагон бартæ хæлд кæй цæуынц, уый фæдыл Сидт;
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй банымайыны историон цауыл дæс азы сæххæсты фæдыл хъусынгæнинаг. Уымæн æмæ уыцы хъуыддаг ахъаз фæцис Ирыстоны хуссар хайы бирæ фæлтæрты æнусон бæллицæн.

Ууыл съезд йæ куыст фæци. Уый фæстæ мадзалы хайадисджытæн æвдыст æрцыд бæрæгбонон концерт.

Съезды хайадисджытæн Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитетæй лæварæн райстой ирон фысджытæ æмæ поэтты чингуытæ.

Къæбулты Марина

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.