Хӕдбар паддзахад, хӕдбар бӕстӕ. Уый амонды нысан, тӕхудиаджы хъуыддаг у ӕмӕ адӕймагады историйы уымӕ фӕтырнынц сабыруарзаг дзыллӕтӕ. Уый уымӕн, ӕмӕ хорз æмбарынц хæдбар бæстæйы цæргæйæ сӕ цард ӕрвитдзысты сабыр арвы бын, размӕ кӕндзысты ныфсджын къахдзӕф, сӕ хӕрзиуӕгон архайды сын нӕ уыдзӕн ныхдуртӕ ӕмӕ сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзысты сӕ хъысмӕт. Хуссар Ирыстоны цӕрӕг ирӕттӕ цӕрӕнбонты Гуырдзыстоны дӕлбар уыдысты ӕмӕ сӕ размӕ цæуын нæ, хуыздӕр сомбоныл хъуыды кӕнын дӕр нӕ уагътой. Афтӕмӕй та ирон адӕмӕй лӕггадӕй дарддӕр ницы зыдтой, сӕ ирвӕзынгӕнджытӕ уыдысты. Фӕлӕ раст у ирон ӕмбисонд, хорз ма ракӕн ӕмӕ фыд ма ссарай, зӕгъгӕ. Нӕ адӕмӕн сӕ хорздзинӕдтӕн аргъ куы базыдтаиккой, уӕд сӕм цӕргӕцӕрӕнбонты знаджы цӕстӕй нӕ кастаиккой, цалдӕр хатты нӕ ныхмӕ тугкалӕн хӕст нӕ расидтаиккой. Уыцы фыдбылызтӕ ӕмӕ тухиаджы бонтӕй ныр фервӕзтысты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, 2008-ӕм азы 26 августы нын Уӕрӕсейы Федераци нӕ Хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы бонӕй фæстæмæ. Ацы историон документы тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Цӕрджыты цардуагон лӕггӕдты паддзахадон унитарон куыстуаты директор Тасойты Анжелӕ:

– Нӕ адӕм цӕмӕ бӕллыдысты, уыцы хорздзинад сӕ къухты бафтыд Стыр Уӕрӕсейы ӕфсымӕрон ӕххуысы фӕрцы. Уыцы зӕрдылдаринаг рӕстӕгӕй рацыд 10 азы ӕмӕ уал азы дӕргъы нӕ цард ӕрвитӕм сыгъдӕг арвы бын. Ӕрмӕст ӕдасӕй кӕй цӕрӕм, уый стыр хӕзнайӕ хӕзнадӕр у. Уӕрӕсейы Федерацийы уӕды Президент Д. Медведев куы фехъусын кодта уыцы ӕхсызгон хабар, уӕд ма нӕ цинӕн кӕрон дӕр кӕм уыд, цины хъӕлӕба, цины цӕссыгтӕ, фырцинӕй ӕхсӕв дӕр нал фынæй кодтам. Алцы дӕр баст у уавӕримӕ, ӕндыгъд рӕстӕджы нӕ ахуыргӕнинаг фӕсивӕд уæлдай зын уавӕрты ӕрвыстой сӕ ахуыр. Уыцы зындзинӕдтӕн уӕддӕр быхстой сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджыты фӕразондзинады фӕрцы. Ныр мын тынг ӕхсызгон у, не скъоладзау кӕстӕртӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕй кӕнынц, уый. Ӕрдз нын диссаджы бынат радта, йӕ рӕсугъд фӕзтӕ, йӕ уӕлвонг бынӕттӕ, йӕ сыгъдӕг уӕлдӕф сты ӕвдадзы хос, адӕймаджы сӕхимӕ ӕлвасынц. Ӕхсызгон у зӕрдӕйӕн, нӕ адӕмӕй иутӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн уӕзгуытӕм  цӕрынмӕ кӕй здӕхынц, уый. Уырны мӕ, сомбон нӕ адӕмы цард ӕмӕ фӕрныгад ноджы хуыздӕр кӕй уыдзӕн.

Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы Культурӕйы хӕдзары директор Мамиты Дзерассӕ:

– Цины стыр ӕнкъарӕнтимӕ сӕмбӕлын ацы боныл, мӕ рыст зӕрдӕйӕн цыма фенцондӕр вӕййы, афтӕ фӕхатын мӕхи. Уый уымӕн, ӕмӕ нӕ бинонтӕ дӕр хӕсты рӕстӕджы бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой, дзӕвгар уыдысты нӕ хъизӕмӕрттӕ. Уыдонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕй рохгӕнӕн, фӕлӕ уӕддӕр зӕрдӕйӕн фенцондӕр вӕййы, ӕгайтма нӕ адӕм фервӕзтысты гуырдзиаг фыдгӕнджытӕй, нӕ зӕххыл ӕрфидар сабырад. Мах буц ӕмӕ сӕрыстыр стӕм, Уӕрӕсейы хицауад, сӕ адӕм, зын ӕмӕ тыхст рӕстӕджы ӕдзухдӕр нӕ уӕлхъус кӕй уыдысты, алыварсон ӕххуыс нын кӕй кодтой ӕмӕ, сӕйраджыдӕр нæ та Хӕдбардзинад нын кӕй банымадтой, уый тыххӕй. Раст у, уыцы бонмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастытӕм, даргъ ӕмӕ гуыргъахъ уыд нӕ фӕндаг, фӕлӕ ныр цин кӕнӕм, ӕдас ӕмӕ сӕрибарӕй кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй.

   Гӕззаты Иван, журналист:

–  Нӕ адӕм кӕд рагӕй фӕстӕмӕ бавзӕрстой бирӕ зынтӕ, уӕддӕр ӕхсызгон ӕмӕ хъӕлдзӕг хабӕрттӕй дӕр сты ӕфсӕст. Уыцы цаутӕй алкӕмӕй ахсджиаг дӕр у, Уӕрӕсе нын нӕ Хӕдбардзинад кæй банымадта, уый. Ныр нӕ адӕм сӕ хъысмӕт скъуыддзаг кӕндзысты сӕхӕдӕг, исты хорздзинад саразыны тыххӕй нал кӕсдзыстӕм не знӕгты цӕстӕнгасмӕ. Хорз у, ӕмӕ систӕм хӕдбар паддзахад, ӕндӕр дунейы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыдис, уыдон æхсæн Хуссар Ирыстоны размӕцыдыл дзырд дӕр нӕ уыдаид, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны сконды. Ныр та нӕ Хӕдбардзинад банымайыныл 10 азы йедтӕмӕ нӕма цӕуы,  фӕлӕ Ирыстонӕн царды бирӕ къабӕзты бантыст дзӕвгар цыдӕртӕ саразын ӕмӕ сӕндидзын кӕнын. Нӕ дарддӕры размӕцыд та фылдӕр нӕхицӕй кӕнгӕ у, хъуамӕ уӕм ӕнгомдӕр, уа нӕм фидар иудзинад, ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм Ирыстоны, не ‘взаджы. Махмӕ хорз кӕстӕртӕ ис, уыдон цӕвиттойнаг сты ахуыры, ӕхсӕнадон куысты, аргъ ӕмӕ кад кӕнынц хистӕртӕн. Фӕнды мӕ, цӕмӕй се ‘ппӕт дӕр уой раст зондыл хӕст ӕмӕ сӕ хайбавӕрд хӕссой иумиаг ӕнтыст, Ирыстоны рӕсугъд фидӕнмӕ.

Хӕдбардзинад Хуссар Ирыстоны адӕмы къухты бафтыд уӕззау фӕндӕгтыл рацӕугӕйӕ, бирӕ туг ныккалд. Ныр мах не ‘ппӕт дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй аргъ кӕнӕм нӕ хъӕбатыр лӕппутӕн, мысӕм фӕмардуӕвӕг зынгхуыстыты рухс нӕмттӕ ӕмӕ уӕхскуӕзӕй архайӕм нӕ паддзахады дарддӕры дидинрафтыды сӕраппонд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.