Ирыстоны «Мамысон»-ы арæзтадыл ныхас цæуы ныр цалдæр азы. Туристон-рекреацион комплексы арæзтад райдыдта цалдæр хатты, фæлæ та-иу, алы аххосæгтæм гæсгæ, банымæг. Ныр бæлвырд æрæвнæлдтой йæ бакæрон кæнынмæ æмæ, республикæйы разамынды ныфс ис, ацы курорт туризмы сæйраг артдзæст кæй басгуыхдзæн.

Ныртæккæ «Мамысон»-мæ цы дыууæ фæндаджы цæуы, уыдоныл куыст цæуы объектты инженерон инфраструктурæ саразыныл. Уыимæ, архайынц газæй, электрон тыхæй, донæй æфсадыны фарстайыл дæр. Республикæ рæгъмæ рахаста профилон департаментты рæзты институт «Кавказ»-ы цæттæгонд фæзуæтты проект. Хицæнæй æркастысты курорты бынаты культурон бынтæ бахъахъхъæныны фарстамæ. Курорты фæзы цæуы, фондз километры йæ дæргъ кæмæн у, ахæм канатон æмæ 20 километры та – хæххон лыжæтыл бырынæн фæндæгты арæзтад.

«Мамысон» федералон æмвæзады егъау проект у, алы ‘рдыгæй дæр ыл хъæуы бæрнонæй бакусын. Махæн йæ алы объект дæр ахсджиаг у. Хъуамæ нæм фæзына нырыккон курорт, æппæт бæстæйæ туристтæн æхсызгонæй чи лæггад кæндзæн, ахæм» – загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Курорты фæзы цардуаджы алы объекттæй уæлдай, арæзт æрцыд 1,8 миллиард сомы аргъ бадзырд, цæмæй лыжæты бырæн фæзтæ аразгæ митæй макуы фæцух уой. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй 2024 азы кæронмæ митын уæлцъар æххæстæй æвæрд æрцæудзæн. Фæлæ уал уæдмæ зымæгон хæхтыл бырæн уыдзæн.

Курорт, пъланмæ гæсгæ, хъуамæ скуса фидæн аз æмæ, азы кæцы фæнды рæстæг дæр, йæ бон суазæг кæнын уыдзæн 340 мин туристы. Уыцы нымæц 2030 азмæ схиздзæн æртæ минмæ.

Афæдзы кæронмæ ма федералон æххуысы фæрцы Фыййагдоны, Зæрæмæджы, Уæллаг Цъæйы арæзт æрцæудзæн уæлвæндагон сервис. Ног объекттæ срæвдз уыдзысты азы кæронмæ, алкæмæн дæр дзы уыдзæн санитарон зонæ, хæрæндон, фысымуæттæ, сувенирты дуканитæ æмæ туристон информацион центр. Ахæм фадæттæ кæм уа, уырдæм ноджы æнæзивæгдæрæй цæудзысты туристтæ.

                                                                  Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.