Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ фылдæр кæны туристты нымæц.

Æрмæст ацы аз, фаронимæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 10 проценты. Æнæхъæн сæрд республикæйы фенæн уыд æнæнымæц машинæтæ алы регионты номыртимæ. Адæмæн нæ фаг кодтой улæфæн бынæттæ. Уый тынгдæр баст у, фæсарæнтæм балц кæй фæзын, Хъырыммæ цæуын та бирæтæ тæссагыл кæй нымайынц, уыимæ. Фæлæ ма сæ Ирыстоны рæсугъд æрдз дæр йæхимæ æлвасы. Афæдзы райдианæй ныры онг нæ республикæйы бабæрæг кодтой Уæрæсейы 78 регионы цæрджытæ. Фылдæр нæм цæуынц Мæскуыйæ, Петербургæй, Стъараполæй æмæ Краснодарæй. Туризмы комитеты разамынды ныфс ис ацы азы кæронмæ туристты нымæц милуанмæ кæй фæхæстæг уыдзæн, уымæй. Уый та тынгдæр баст у, ног авиарейстæ кæй фæзынд, ууыл. Уыдон сты Дубайæ, Казанæй, Омскæй…  Куыст цæуы ног рейсытæ бакæныныл.

Туристтæ æхсызгонæй зонгæ кæнынц нæ алæмæты рæсугъд æрдзимæ. Дисы сæ æфтауынц Ирыстоны зæронд историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ, музейтæ, лæггады сервис, нæ диссаджы хæринæгтæ… Фæстаг рæстæг нæм фæзынд гастротуризмы хуыз дæр. Туристтæ зæрдиагæй архайынц ирон национ хæринæгтæ цæттæ кæныны мастер-кълæсты.

Уæрæсейы Туристон индустрийы цæдисы Президент Илья Уманский куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон ацы аз бахауд туристон лæггæдты Уæрæсейы дæс хуыздæр æмæ зынаргъдæр регионты хыгъдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, иугæр адæм ис, уæд æргътæ дæр схизынц. Уый та хуыздæрырдæм ахады республикæйы бюджетыл.

Уманский ма куыд банысан кодта, афтæмæй нæм æрвылаз дæр туристты ахæм уылæн куы цæуа, уæд ма ноджыдæр саразын хъæуы фысымуæттæ, хостелтæ, кафетæ, дуканитæ… Бакусын хъæуы ног туристон маршруттыл.

Республикæйы ныртæккæ куыст цæуы туристон къабазы цалдæр стыр проектыл: «Алания парк», туристон-рекреацион комплекс «Къæхтысæр», «Мамысон» æмæ æндæртыл.

 

УÆЛÆМХАСÆН  ДÆСНЫЙÆДТÆ

Нацпроект «Образование»-йы фæлгæтты ног ахуыры азæй республикæйы цалдæр техникум æмæ колледжы фæзындысты ахуыры ног программæтæ. Уыдонмæ гæсгæ, амынд ахуырадон уагдæтты райсæн уыдзæн 10 уæлæмхасæн дæсныйады. Уыдон иууылдæр уыдзысты экономикæйы къабазы кадртæ цæттæ кæнынмæ здæхт. Уæлæмхасæн ахуырад райсын кæй бафæнда, уыдонæн æрвылаздæр лæвæрд цæудзæн ахуыры æртæ мин бюджетон бынаты.

Уымæй дарддæр, ацы программæйы фæлгæтты 2025 азмæ Цæгат Ирыстоны 14 скъолайæн ивд æрцæудзæн сæ материалон-техникон бындур æмæ, уæлæмхасæн предметты руаджы, ахуыры процесс здæхт æрцæудзæн физикон культурæ æмæ спорты къабазмæ.

Программæйы нысан у курдиатджын сывæллæттæ раиртасын æмæ сын æххуыс кæнын.

                                                                        Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.