“МАМЫСОН”-Ы   НОГ   РАЙГУЫРД

Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны хæххон лыжæтæй бырæн комплекс “Мамысон”-ы арæзтадыл  бирæ ныхас цыдис, мыхуыры фæрæзты нал уыд æндæр кой, райдыдта арæзтад дæр, фæлæ… Стыр хъуыддагæн йæ хæрдзтæ дæр стыр вæййынц. Федералон центр кæй радта, уыцы дыууæ миллиард æмæ 300 милуан сомæй æнæбары цыдæртæ арæзт æрцыд, иннæ æхцатæ зæххы скъуыды аирвæзтысты. Æмæ федералон бюджет финанс кæныны гуырæнтæ æрæхгæдта, йæ сæрмагонд экологон зонæйы статус ын систа æмæ йæ туристон кластерæй ахицæн кодта. Дыууæ азы размæ арæзтад æрлæууыд. Аргъæвтой уал æй 2023 азмæ.

Уый тыххæй йе ‘нæразыдзинад равдыста нæ республикæйы уазæг, Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Олег Беловенцев. Уый сæрмагондæй ацыд “Мамысон” бæрæггæнæг нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Туризмы комитеты сæрдар Гаджиты Вильям, Сæраг федералон инспектор Адрей Бессонов æмæ хицауады иннæ уæнгтимæ.

Беловенцев куыд бафиппайдта, афтæмæй проекты арæзтадыл зæрдиагæй ничи бацархайдта æмæ арæзтад бамынæг. “Мамысоны ком зымæгон спорты рæзтæн диссаджы бынат кæй у, экономикæйы рæзтæн стыр ахъаз кæй фæуыдзæн, уый тыххæй йæм Уæрæсейы хицауад, стæй фæсарæйнаг инвестортæ ногæй се ‘ргом раздæхтой. Мæнæн Президент бабар кодта уавæрмæ бынаты æркæсын æмæ равзарын. Регионæн федералон хицауады æххуысæй йæ бон у хъуыддаг кæронмæ акæна”, – загъта уазæг.

Гаджиты Вильям ранымадта проект царды кæронмæ рауадзынмæ ма сæйрагдæр цы хъæуы, уыдон. Уыдонимæ фæндаджы арæзтады комплексмæ, тъунел, канатон фæндаг, турбазæйы бæстыхæйттæ, фысымуат æмæ бирæ æндæртæ.

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, Мамысоны ком у, æмбал кæмæн нæй æнæхъæн Уæрæсейы дæр, ахæм бынат хæххон лыжæты спортæн. Ам мит нæ тайы 5 – 6 мæйы дæргъы. Уыцы иу рæстæг дзы бырæн ис дæс мин адæймагæн. Лыжæты спорт тынг зынаргъ кæй у, уымæ гæсгæ стыр пайда æрхæссид нæ республикæйæн. Уымæ ма бафтау алы хуызон культурон лæггæдтæ, фысымуатæй, хæринаг, спортивон дзаумæтты прокат æмæ бирæ æндæртæ. Уыдонимæ банымайын хъæуы куысты бынæттæй цал адæймаджы æрцæудзæн ифтонг, уый дæр.

“Хæххон лыжæтæй бырынæн нæм цы комплекстæ ис, уыдон æппæтæй дæр сты бынæттон, уæрæсейаг æмвæзады. Хæххон лыжæтæй сæ дунеон æмæ европæйаг æмвæзады ерыстæ аразæн нæй, фысымуæтты бирæ адæм цæрынæн фадæттæ кæй нæй, уый тыххæй. Уæдæ хæххон комплексты инженерон арæзтæдтæ: канатон фæндæгтæ, хæрдмæисæнтæ, салом-гиганты фæндæгтæ æмæ æндæртæ дзуапп нæ дæттынц дунеон домæнтæн. Уый тыххæй “Мамысон”-ы арæзтадмæ Уæрæсейы Хицауад ногæй кæй раздæхт, уый нæ сомбоны царды хорзæрдæм чи фæзындзæн, ахæм уынаффæтæй иу у”,- загъта географион наукæты доктор Беруаты Барис.

“Мамысон”-ы арæзтад кæд стыр хæрдзтæ домы, уæддæр дзы дунеон æмвæзады ерыстæ уадзгæйæ, дыууæ азмæ бамбæрздзæн йæ хæрдзтæ. Арæзтад уал райдыдта фæндæгтæй. Комы фæндаг хъуамæ æрбаиу кæной федералон трассæмæ, цæмæй йæм æнцон бафтæн уа туристтæн, арæзт дзы æрцæудзæн вертолет æрбадæн дæр. Уыимæ нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты байгом сты сæрмагонд курсытæ социалон – культурон сервизы æмæ туризмы специалисттæ, стæй тæлмацгæнджытæ цæттæ кæнынæн.

Нæ  уацх.   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.