Æппæтсезонон хæххон лыжæтыл бырæн курорт «Мамысон»-ы фыццаг рады канатон фæндæгты арæзтад райдайдзæн 2022 азы æмæ алцыдæр планмæ гæсгæ куы ацæуа, уæд 2023 азы райдианы фыццаг райсдзæн лы-жæты спорт чи уарзы,  уыдоны. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстон-Аланийы экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр. «Ивгъуыд азы кæронмæ фестæм куыст фыццаг рады канатон фæндæгты проекттыл. Ацы нысæнтты тыххæй рахицæн æрцыд 100 милуан сомы. Ацы аз закъаз æрцæудзæн ифтонгад, кæцыйы тыххæй рахицæн æрцыд 2,3 миллиард сомы. Ныридæгæн уагъд æрцыдысты æппæт конкурсон процедурæтæ канатон фæндæгты ифтонгады фæдыл, ныртæккæ сыл уынаффæ цæуы.  2022 азы райдианæй подрядонтæ хъуамæ æрæвналой арæзтадмæ», – загъта министр.

Фыццаг этапы, 2022 азы кæронмæ, Калакы хъæуы алфæмбылайы сараз-дзысты бæлццæтæласæн дыууæ ауындзгæ канатон фæндаджы æмæ 14 километры хæххон лыжæты трассæтæ. Фæстаг фæлтæры технологон ифтонгад, кæцыйы закъазгæнæг у паддзахадон корпораци «Курорты Се-верного Кавказа» æрласдзысты Швейцари кæнæ Австрийы раззагон кондадтæй, цæмæй сифтонг кæной лæггад кæныны бæрзонд гъæд ду-неон курортты æмвæзадыл.

План цæуы, йæ дæргъ 3,4 мин метры кæмæн уа, ахæм дæсбынатон гондолон бæлццæттæласæн ауындзгæ канатон фæндаг æмæ æхсæзбынатон къæлæтджын ауындзгæ фæндаг 1,7 мин метры дæргъæн саразын. Фыццаг уæзæгдæттæ дзы фæзындзысты 2023 азы. Уырны нæ, курорты арæзтадон куыстытæ æххæст кæй цæудзысты графикмæ гæсгæ», – загъта Кучиты Зауыр.

Уæ зæрдыл лæууын кæнæм, 2030 азмæ курорты иумиагæй кæй уыдзæн 73 километры хæххон лыжæты трассæтæ, 18 канатон фæндаджы æмæ 7 мин бынаты туристтæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.