Ирон адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы  Ирыстоны уарзынц æмæ йын кад кæнынц куыд хистæр кары адæм, афтæ сывæллæттæ дæр. Æвæццæгæн, ахæм саби, ахуырдзау стæм разындзæн, генийы æмдзæвгæтæй æнæкæсгæйæ чи нæ зоны. Уый бирæ ныффыста сывæллæттæн дæр.

Къостайы райгуырæн боны цытæн бæрæгбон уыд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы. Æрбацыдысты йæм ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Мадзал бацæттæ кодтой скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Хъодалаты Мери æмæ Мæргъиты Фаризæт. Къостайы цардвæндаг æмæ æнæмæлгæ сфæлдыстады тыххæй доклад бакаст Хъодалаты Мери. «Къоста… æрмæст йæ ном зæгъгæйæ дæр адæймаджы зæрдæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй айдзаг вæййы, зæрдæ хурварс абады. Ирон адæмæй алкæмæндæр Къоста йæ зæрдæмæ у тынг æввахс. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ Къоста тынг бирæ сарæзта йæ радтæг ирон адæмæн. Æрмæст йæ «Ирон фæндыр» Хуыцауы лæвары хуызæн уыд ирон адæмæн уæды рæстæджы уæззау дуджы. Мах нæ зæрдыл, кæддæриддæр, хъуамæ дарæм Къостайы фæдзæхст: «Адæмтæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!», – дзырдта уый.

Мадзал амыдтой 11-æм æмæ 10-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Болататы Зæринæ æмæ Мæргъиты Альбинæ. Кълас уыд бæрæгбонвæлыст, сæрмагондæй генийы цытæн сарæзтой къуым æмæ дзы бакодтой Къостайы портрет. Стъолыл æвæрд уыдысты йæ чингуытæ, æмдзæв-гæтæ, поэтыл фыст цитатæтæ æмæ афтæ дарддæр.

Скъоладзаутæ иууылдæр бакастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ. Уæлдай хуыздæр бакастысты Болататы Давид, Уалыты Алан, Уалыты Михаил, Гуссойты Артур æмæ æндæртæ. 5-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Гуссойты Алан æмæ Хуыбылты Аннæ равдыстой  сценкæ Къостайы басни «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-æй. Тынг цымыдисон рауад бæрæгбон. Ирдæй зындис ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ хорз кæй бакуыстой, уый. Иннæ ахæм ахуырдзаутæ Къостайы æмдзæвгæтæ куыд тынг зæрдæрайæ æмæ зæрдæмæхъаргæйæ кастысты, уымæй зæгъæн ис, уыдон цæрæнбонтæм кæй кад кæн-дзысты ирон адæмы генийæн.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

Цъинагар

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.