Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы фарастæм номыр.

Журнал байгом Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Нæртон удыхъæд»-æй.

Ацы аз, сентябры мæйы 110 азы сæххæст зындгонд ирон советон фыссæг, поэт, драматург æмæ литературон критик Гафезы (Гаглойты Федыр) райгуырдыл. Уый цытæн журнал мыхуыр кæны æмдзæвгæты цикл «Ивгъуыд бонтæм балцы» æмæ радзырд «Зæрватыкк», афтæ ма йæ цардвæндагыл дзурæг къамтæ.

Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы уæнг, отставкæйы дæлбулкъон, Афганистаны хæсты ветеран, сфæлдыстадон кусæг, Сырх стъалыйы Ордены хицау Алыккаты Æхсарбеджы райгуырдыл сæххæст 85 азы. Журналкæсæг ын бакæсдзæн йæ радзырд «Мад æмæ фырт».

Прозæйæ журнал мыхуыр кæны Гæздæнты Гайтойы роман «Фæстинон»-ы дыккаг хай (фыццаг хай 2023 азы 8-æм номыры).

«Ног æмдзæвгæтæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын бакæсдзыстут Годжыциан-Челдыты Надяйы æмдзæвгæтæ: «Ос-Бæгъатыры зарæг», «Абойты Зауырбегæн», «Хъынцъым» æмæ æндæртæ.

Рубрикæ «Ирон Нартиадæйы аз» журналкæсджыты зонгæ кæны прозаик, публицист, литературон критик, Уæрæсейы журналистты Цæдисы уæнг Тъехты Тамерланы уацимæ «Нарты дунемæ, балцы хонæг энциклопеди», зæгъгæ.

Рубрикæ «Æвзагзонынады фарстатæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы ис Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады зонадон кусæг Дыгъуызты Зæлинæйы уац «Рагон дзырдты историон этимологион реконструкцийы бындурыл».

Рубрикæ «Аивад, культурæ»-йы бын бакæсдзыстут «Нарты алæмæттаг дуне», зæгъгæ, уац. Уым дзырдæуы, Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй арæзт равдыст «Эпосы фæлгонцтæ»-йы тыххæй.

«Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны ирон «Нартиадæ»-йы азы цытæн республикон рав-дысты цы куыстытæ ис, уыдонæй цалдæримæ.

«Уыци-уыцитæ» æмæ «Фыдæлтыккон хабæрттæ» мыхуыр цæуынц рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад»-ы бынмæ.

Журнал мыхуыр кæны поэт, прозаик, публицист Уалыты Лавренты амæлæты фæдыл тæфæрфæс. Афтæ ма «Мæйы цауты фæдыл афæлгæст» дæр.

Дзебысаты Г.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.