Фæстаг дæс азы мидæг Цæгат Ирыстоны разамынд ныр æртыккаг хатт бавнæлдтой хæххон-туристон комплекс “Мамысон”-ы арæзтадмæ. 2010 азы хаст æрцыд Цæгат Кавказы туристон кластеры арæзтады проектмæ, кæцыйы арæзтад йæхимæ райста Акционерон æхсæнад “Курорты Северного Кавказа”. Уый уæд нымад æрцыд туристон-рекрецион сæрмагонд экономикон фæзуатыл. Фыццаг дыууæ хатты комплексы арæзтадыл кæд бирæ фæрæзтæ бахардз, уæддæр не сфаг сты æмæ æрдæгарæзтæй баззадысты курортмæ хауæг бæстыхæйттæ, хохмæ схизæн фæндæгтæ æмæ æндæртæ.

Ныр та йæ ногæй республикæйы разамынд рæгъмæ рахастой æмæ йæ Цæгат Кавказы зылды рæзты федералон программæмæ бавдыстой. Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ йæ фембæлды рæстæг, ахæм ахсджиаг проект банымадта хорзыл æмæ йæ къух бафыста царды йæ рауадзыныл. Федералон чиновник куыд банысан кодта, афтæмæй хицауады ʻрдыгæй æппæт документтæ дæр сты цæттæ. Куыддæр æхца радих кæной, афтæ бавналдзысты курорты алфæмблай сæрмагонд экономикон фæзуæтты арæзтадмæ.  “Мамысон”-имæ ма арæзт æрцæудзысты Цæгат Кавказы æндæр стыр туристон комплекстæ “Ведучи”, “Архыз” æмæ “Армхи”. Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Александр Матовников куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Кавказы рæзты паддзахадон программæтæ сты регионы социалон-экономикон размæцыды сæйраг рахæцæнтæ. Уыдоны руаджы адæмы царды хæрзхъæддзинад ис фæхуыздæргæнæн.

Хæххон лыжæтыл бырыны туристон комплекс цæмæй срæвдз уа, уый тыххæй хъæуы миллиардтæ. Æмæ, æвæццæгæн, уый аккаг у. Курорты алыварс хъуамæ уа зымæгон спорты хуызты алыхуызон объекттæ, инфраструктурон хызтæ, фысымуæттæ, хæрæндæттæ, ауындзгæ канатон фæндæгтæ, хиирхæфсæн бынæттæ… Уыцы арæзтæдтæй кæцыдæртæм, æвæццæгæн, се ʻргом раздахдзысты инвестортæ дæр. Нырма уал автомобилон фæндæгты арæзтады тыххæй æмгуыстады бадзырд фыст æрцыд стыр куыстуæттæ “Гуд-маш” æмæ “Меркада”-имæ.

Битарты Вячеслав разыйæ баззад Уæрæсейы Федерацийы разамындæй, ахæм хъомысджын проект ын царды рауадзынмæ кæй баххуыс кодтой, уымæй. “Рагæй фæстæмæ нæ архайды сæйрагдæр нысантæй иу у туризмы райрæзт. Ацы стыр курорты арæзтад  хорзæрдæм фæзындзæн республикæйы экономикæйыл, цæудзæн нæм фылдæр туристтæ, фæзындзæн иуæртæ мин кусæн бынаты. Зымæгон спорты хуызты ахæм курорт Ирыстоны арæзт цæуы фыццаг хатт æмæ уый махæн у сæрыстырдзинады хос. Туризмы федералон агентадæн бацæттæ кодтам æппæт хъæугæ документтæ, цæмæй ма æндæр проект “Хæххон Дыгургом” дæр суа федералон программæйы архайæг. Цы нæ вæййы, уымæ дæр кæд Уæрæсейы разамынд се ʻргом раздахиккой”, – загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйæн æнцонвадат географион равæрд кæй ис Цæгат Кавказы центрон хайы, йæ историон, æрдзон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ нымад у фыдыбæстæйаг æмæ фæсарæйнаг туризм æмæ экскурситы зындгонд центртæй иуыл. Базарадон экономикæйы уавæрты туризм æмæ экскурсион архайд бирæ ивддзинæдтæ бахæссид нæ экономикæмæ, социалон инфраструктурæмæ, æддагон политикæмæ, бынæттон цæрджытæн та кусæн бынæттæ фæзынид.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.