Цæгат Ирыстоны хæххон лыжæтыл бырæн курорт «Мамысон»-ыл ныхас цалдæр азы цæуы. Цалдæр хатты арæзтад райдыдта, стæй-иу банымæг. Ныр республикæйы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеславы руаджы арæзтад райдыдта æмæ йæ ныры разамынд адарддæр кодта. Курорты уæлдай ма йе сконды уыдзæн дзæбæхгæнæн санатори дæр. «Мамысон»-ы цæттæгæнæн куыстытæй ныридæгæн бирæ арæзт æрцыд. Æвæрд æрцыдысты газ æмæ электрон тыхдæттæн хæтæлтæ, цы тъунел æм цæуы, уый ацы мæйы кæронмæ уыдзæн цæттæ. Иннæ азы райдайæнæй æвæрын райдайдзысты хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ бавналдзысты монтажгæнæн куыстытæм. Фæлæ цæмæй курорт кæронмæ скуса, уымæн нырмæ бирæ хъæуы. Æппынкъаддæр дыууæ-æртæ азы. Ныридæгæн туристон комплексмæ се ʻргом раздæхтой бирæ инвестортæ, фæзынд сæм цы-мыдисдзинад ацы проектмæ. Уый та у хорз райдайæн.

Фæлæ, культурон бынтæ хъахъхъæныны комитет йæ размæ къаддæр ахсджиаг хæстæ не ʻвæры. «Мамысон»-ы арæзтадмæ сæ сæйраг домæнтæ сты курорты алфæмблай культурон, историон бынтæ ба-хъахъхъæнын. Иунæг цыртдзæвæн дæр арæзтады аххосæй хъыгдард ма хъуамæ æрцæуа. Уый нæ, фæлæ хъуамæ æрцæуой реставрацигонд дæр, цæмæй туристтæ лыжæтыл бырынæй дарддæр зонгæ кæной Ирыстоны культурон æмæ историон цыртдзæвæнтимæ. Уыдон та Мамысоны комы бирæ сты. Уыдонæй иу у федералон æмвæзады нысаниуæгимæ Зруджы кувæндон. Уый у мин азтæ кæуыл цæуы, йемæ бирæ историон цаутæ баст кæмæн сты, ахæм чырыстон кувæндон æмæ йæ хъæуы реставраци скæнын. Йæ бахъахъæныныл тых-сынц канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ дунейы историктæ æмæ археологтæ.

Бахъахъхъæнинаг сты, курортмæ хæстæг цы хъæу ис, Лисри, уым цы хъуыстгонд астæуккаг æнусы кувæндæттæ ис, уыдон дæр. Уыдонæй иу у Сыгъдæг Мады-Майрæмы æрдæгхæлд аргъуан. Уый кæддæр уыд  Лисрийы цæрджыты монон центр.

Курорты арæзтадмæ хæстæг цы бирæ æндæр мæсгуытæ æмæ кувæндæттæ ис, уыдонæй иутæ лæвæрд æрцыдысты цы мыггæгты сты, уыдонæн сæхицæн, иннæтæ, культурон бынтæ хъахъхъæныны комитеты фæндонæй, канд хъахъхъæд нæ, фæлæ арæзтады рæстæджы хъуамæ æрцæуой реставрацигонд. Уыцы арæзтадон куыстытæ та хъуамæ баиу кæной курорты арæзтады проектмæ.

***

Знон Дзæуджыхъæуы уынгты ацы аз фыццаг хатт рацыд ногбоны трамвай. Уый у цалдæр азы кæй æххæст кæнынц, ахæм проект. Трамвай æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр фæлгонцгонд  у ногбоны хъазæнтæй, йæ ныхыл фыст «2022 год». Фæлæ, сæйрагдæр, бæрæгбоны равг райсынц мидæгæй. Уæрæх экраныл дзы æвдыст цæуынц ногбоны кинонывтæ, мультиктæ. Бæлцæтты фæхынцынц цай æмæ ман-даринтæй.

Трамвай рацæуы проспекты фæлладуадзæн парчы разæй æмæ бон æркæны цалдæр зылды. Кусдзæн 9-æм январмæ. Цæуыны аргъ та дзы у лæвар.

Уымæй дарддæр, ацы бонты бынæттон администрацийы залы æвæрд æрцæудзæн радон «Бæллицты назбæлас». Уым архайдзысты сидзæр сабитæ, стæй бирæсывæллонджын æмæ æвæрæз бинонты сывæллæттæ. Уыдонæн сæ бон уыдзæн сæ бæл-лицц ныффыссын æмæ йæ конверты нывæргæйæ елкæйыл æрцауындзын. Уыцы бæллицтæй фæйнæ райсдзысты республикæйы разамонджытæ, амалхъомтæ, стæй цæрджытæй кæй фæнды, уыдон æмæ сабиты бæллицтæ сæххæст кæндзысты. Уыцы акци æххæст цæуы ныр цалдæр азы æмæ йын ис хорз фæстиуджытæ.

                                                                                 Нæ  уацх.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.