Цыфæнды дæсны агроном дæр батæхуды кæндзæн фау æрхæссæн кæмæ нал вæййы, уыцы адæймагмæ. Уымæн æмæ афæдзыдæргъы иу афон дæр уымæн иу ран æрбадт нæй, зоны базилын алы хъæууонхæдзарадон культурæмæ, стæй дыргъ бæлæстæм дæр.

Уыцы куыстуарзаг адæймаг Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты Мити у. Кæд пенсийы раджы ацыд, уæддæр иу ран бадын йæ сæрмæ нæ хæссы æмæ лæуд у фæллойы фæндагыл. Æрвылаз йæ хæдзаргæрон зæххы фадыг бакусы зæрдиагæй æмæ йæ тыллæг дæр вæййы бæркадджын. Йæ зæххыл зайынц фæткъуыбæлæстæ: атъами, чылауи, легъуи, королек æмæ æндæр дыргъбæлæстæ. Зоны, алы бæласмæ дæр куыд базилын хъæуы æмæ сæм базилы  рæстæгыл. Бæласы хъæуы хус æмæ уæлдай къалиутæй асæрибар кæнын, алыхуызон уырынгонтæй бахъахъхъæнын, йæ зæнгтæ йын фæхъæуы хафын, йæ алыварс та мæр белæй къахын æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр ма егъау фæзуат ахсы йæ сæндон. Ныридæгæн уым бакодта  фæззыгон куыстытæ. Куыд зæгъы, афтæмæй фæззæджы ацыафон хуыздæр у æхсæдынæн, уалдзæджы уыцы куыст куы кæнай, уæд сæнæфсиры дон фæтæдзы æмæ уæд тыллæгæй дæр зæрдæ нæ барухс вæййы.

Дзæвгар уыд сæ тыллæг Митийы бинонтæн сæ хъæдур, нас, пъамидор æмæ æндæр халсæрттæй дæр. Бинонты хистæрæн æппæт куыстыты йæ иузæрдион æххуысгæнджытæ сты йе ‘мкъай Гæбæраты Ханиффæ æмæ сæ фырт Раджик. Ис сын хуымгæнæн трактор æмæ ацы бонты æрæвналдзысты мæр хуым кæнынмæ.

Хуыбиайы фырт ма кусы хъæуы куыройгæсæй дæр æмæ уым дæр тынг æнæзивæгæй архайы. Нæ республикæйы ахæм куырæйттæ бирæ нæй æмæ  се ссинæгтæ адæм ласынц Къостайыхъæумæ дард хъæутæй дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.