Хъæууон фæллойгæнæгæн йæ куыст йæ разæй цæуы. Уымæ гæсгæ афæдзы алы афон дæр фæлæууы цæрдæг, цæмæй йæ разы цы бæрнон æмæ æнæаргъæвгæ хæстæ фæлæууы, уыдон аскъуыддзаг кæна афоныл, æнæкъуылымпыйæ æмæ гъæдджынæй. Афтæ у уалдзыгон куыстыты тæмæны дæр æмæ хæдзардзин зæхкусæг æххæст кæны йе ‘рвылбонон аудинæгтæ. Æппæт уыдæттæ сæ зæрдыл дарынц Ленингоры районы механизатортæ дæр æмæ уалдзыгон быдырон куыстытæ ахицæн кæныныл архайынц хъаруджынæй. Тракторон бригадæйы бригадир Габиты Хвичайы механизатортæ – Дриаты Звиад, Хуриты Зураб, Гусойты Вале æмæ бригадир Габийы фырт йæхæдæг, цæсгомджынæй æххæст кæнынц, сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон, архайынц, цæмæй быдыркуыстгæнджыты хуымтæ æрцæуой бæстон куыст. Фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн амалиуæггæнджытæн фæззыгæнд мæнæу цы фæзуæтты бантыст байтауын, уыдонмæ æрæвнæлдтой культиваци кæнынмæ. Абоны онг уал скультиваци кодтой 200 гектары бæрц, уымæй дарддæр ма мæр дæр кæнынц хырыз æмæ сын уыцы куысты дæр дзæвгар бантыст.

Зæхкусджытæ уалдзæджы, сæйраджыдæр, тауынц хъæбæрхор æмæ уалдзыгæнд мæнæу. Бантыст сын 100 гектары фæзуат байтауын. Фæлæ ууыл не ‘рлæууыдысты æмæ дарддæр дæр архайынц тауыны куыстытыл. Таугæ та бакæнынц Цъинагар, Гдулет, Орчъосан æмæ æндæр быдырты. Механизатортæ тауыны куыстытæ бакодтой хоргуыстгæнджытæ – Гусойты Алан, Дзеранты Але, Хуыбылты Илья, Наууаты Дато, Дриаты Дато æмæ æндæртæн. Иуæй-иу амалиуæггæнджытæ ма архайынц дыргъы фæзуæттæ фæфылдæр кæныныл дæр. Зæгъæм, Битарты Валикъойы фæнд у Ленингоры дыргъы талатæ ныссадзын æмæ цы зæххы фадыг райста, уымæн йæ мæр развæлгъау бæстон куыстгонд æрцыд бригадир Габийы фырты арæхстджын куысты фæстиуæгæн.

                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.