Бæрæг куыд у, афтæмæй куыд æнæхъæн дунейы, афтæ Хуссар Ирыстоныл дæр апарахат коронавирусы пандеми. Цæмæй низ скуынæг уа, уый тыххæй дунейы медиктæ кæрæдзийæн амонынц сæ фæлтæрддзинад. Уыцы практикæ биноныг цæуы Хуссар Ирыстоны дæр, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæхуындмæ гæсгæ республикæмæ æрцæуынц фæлтæрд дохтыртæ æмæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ дих кæнынц сæ фæлтæрддзинад. 

Ахæм нысанимæ РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уыд брифинг Германæй æрцæуæг реанимацион хъуыддæгты фæдыл дохтыр-координатор Андреас Шиффманнæн.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ Хуссар Ирыстонмæ фæхуыдта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады сæргълæууæг Наниты Сослан.

Андреас Шиффманн журналисттæн радзырдта республикон бирæпрофилон медицинон центр æмæ Тагъд æххуысы станцы куысты тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министры куырдиатмæ гæсгæ, æз сахуыр кодтон республикæйы Тагъд æххуысы станцы куыст. Куыд федтон, афтæмæй станцы куысты ис бæрæг цухдзинæдтæ, кæцыты хъæуы аиуварс кæнын. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ныббиноныг  кæнын хъæуы фельдшерты куыст, цæмæй медкусджытæн сæ бон баулæфын уа, уымæн æмæ уыдоныл æгæрон уæз ис», – загъта Андреас Шиффманн.

Радзырдта, республикон бирæпрофилон медицинон центры «сырх зонæйы» кæй бабæрæг кодта æмæ райгондæй кæй баззад медперсоналы куыстæй.

«Республикæйы цæрджытæ сæрыстыр хъуамæ уаиккой, COVID-19-ы ныхмæ чи тох кæны, уыцы специалисттæй. Медицинон хотæ æмæ дохтыртæ вазыгджын уавæрты æххуыс кæнынц пациенттæн. Уыдон, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, архайынц, цы уавæртæ сын ис æмæ сæ къухы цы ис, уымæй.  Кæй зæгъын æй хъæуы, рацæудзæн рæстæг, æмæ сæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты æмæ цухдзинæдтæ дæр иуварсгонд æрцæудзысты», – банысан кодта Шиффманн.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй пациенттыл аудын, уарзын æмæ сæм хорз зæрдæ дарын – уыдон сты ахсджиаг мадзæлттæ коронавирусæй рынчынæн баххуыс кæнынæн.

«Дæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæм дын цы ахаст ис, ахæм ахаст дарын хъæуы «сырх зонæйы» рынчынтæм дæр, хъæуы сæм хъус дарын, семæ ныхас кæнын. Пациент йæхи æцæгæлонæй ма хъуамæ хата, хъæуы йын сдзæбæхы тыххæй ныфсытæ æвæрын. «Сырх зонæйы» кæрон æрцæуы уæлæнгайдзинадæн æмæ дзы райдайы адæймаджы цардыл тох кæнын. Æмбæрстгонд у, дохтыр бафæллайы, фæлæ уæддæр хъуамæ йæхимæ ссара ахæм тых æмæ рæстæг, цæмæй фæрогдæр кæна рынчыны уавæр», – загъта  Шиффманн æмæ  банысан кодта, зæгъгæ, COVID-19-æй рынчынтæн Хуссар Ирыстоны хос кæныны суагъæтæ ницæмæй хицæн кæнынц иумæйагæй райстæрцæуæг дунеон суагъæтæй. Æрмæстдæр хицæн кæнынц, пациентты хæстæджытæ дохтырты куысты сæхи кæй хæццæ кæнынц, уымæй.

«Бирæ хатт рынчыны хæстæджытæ дохтырты бакъуыммæ кæнынц. Æз æй æмбарын, сæ аудындзинад уымæй равдисынмæ хъавынц, фæлæ уый аудындзинад нæу. Уыцы адæймæгтæ цæмæннæ ахъуыды кæнынц, хæдзæрттæм сæ ацæргæ хæс-тæджытæм вирус куы æрбахæссынц, уæд. Вакцинæ саразынæн  кæнæ маскæ дарынæн сæ цы хъыгдары!?», – загъта реаниматолог.

Андреас Шиффманны ныхæстæм гæсгæ, уый тынг дис кæны республикæйы вакцинацийы ныллæг æмвæзадыл.

«Нæ йæ æмбарын, адæмы цæмæн уырны, «диванон дохтыртæ-вирусологтæ» соцхызæджы цы дезинформаци парахат кæнынц, уый. Вакцинацимæ социалон бæрн-дзинады фæлгæтты ахаст дарын хъæуы. Хъуамæ йæ алчи дæр æмбара, дæхи, дæ бинонты, хæстæджыты æмæ дæ алыварс адæмы мæлæтхæссæг низæй бахъахъхъæ-ныны тыххæй аразын хъæуы вакцинæ», – банысан кодта Андреас Шиффманн æмæ æрсидт Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй алыгъуызон афтæхуыйнæг «специалистты» дам-думтæм ма хъусой, фæлæ саразой вакцинæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, низ къаддæр кæнын райдайдзæн, фаг адæм вакцинæ куы саразой, уæд.

«COVID-19-ы низæй рынчынты нымæц къаддæр кæнын райдайдзæн, адæмæн сæ бирæ фылдæр вакцинæ куы саразой, маскæтæ куы бакæной æмæ социалон дистанци куы хъахъхъæной, æрмæстдæр уæд. Æз уыдтæн «сырх зонæйы» æмæ мæ цæст нæ бауарздзæн, уым цы хъизæмæрттæ æвзарынц рынчынтæ, уый исчи бавзара.

Ацы низмæ уæлæнгай цæстæй кæсын нæ хъæуы, кæд дзы абон рог рынчын фестут, уæд, гæнæн ис, райсом уæззау рынчын фæуат æмæ ИВЛ аппаратыл февзæрат. Уый та у кæуинаг хъуыддаг. ИВЛ аппаратыл цы рынчынтæ вæййынц, уыдон мæлæтæй куы аирвæзынц, уæддæр тынг æрæгмæ сæндидзынц, тынг зын сын вæййы æнæ ИВЛ-æй. Абон уын цы фадат ис, уымæй спайда кæнут. Сом рæгмæ уыдзæн», – банысан кодта дохтыр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæ чи дзуры, зæгъгæ, вакцинæ арæзт кæмæн ис, уыдон дæр уæззау рынчын фæвæййынц, уыдон рæдийынц. Мæнг дохтыртæ, вирусологтæ ноджы бирæ алыгъуызон мæнг ныхæстæ кæнынц, COVID-19-ы ныхмæ вакцинæ цæмæй адæм ма аразой, уый тыххæй.

«Вакцинæ не ‘ндавы адæймаджы репродуктивон функцитыл, нæдæр – иммунитет мары. Иммунитетæн амарæн нæй! Ма хъусут, знон криптовалютæйæ чи архайдта, абон та «вирусологтæ» чи систы, уыцы адæймæгтæм – бахахх кодта Шиффманн. – Рынчындонмæ бахауынц, вакцинæ арæзт кæмæн нæ уыд, уыдон, кæнæ та дзы чи фæрынчын, фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ антителатæ кæмæн нал уыд, ахæмтæ. Фæдзурынц афтæ дæр, зæгъгæ, пациентæн арæзт уыд вакцинæ, фæлæ фæрынчын. Уый та уый аххос у, æмæ вакцинæ аразынмæ пациент рынчынæй æрбацыд, йæ организмы уыд  вирус. Цæмæй ахæм цаутæ ма уа, уый тыххæй уал развæлгъау саразын хъæуы тесттæ, уый фæстæ та – вакцинæ».

Æрхонгæ дохтыр куыд загъта, афтæмæй, проблемæ куы райдайы, адæм уæд бацæуынц дохтыртæм. Уый та æрæгмæ у. Хуыздæр у медицинон æххуысы тыххæй низы райдианы бацæуын. Уадз, дохтыр сбæрæг кæнæд, пациент цæмæй рынчын у, уый.

Андреас Шиффманн радзырдта бинонты дохтыры практикæ ныббиноныг кæныны ахсджиагдзинады тыххæй дæр.

«Коронавирусы пандемийы уавæрты хорз уаид Хуссар Ирыстоны  бинонты дохтырты практикæйæ спайда кæнын. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ пенсийы чи ацыд, фæлæ нырма кусын кæй фæнды, ахæм дохтыртæ республикæйы фаг ис. Зæгъæм, поликлиникæ кусы къуырисæрæй – майрæмбонмæ. Хорз уаид, улæфт бонты та пенсийы кары дохтыртæ куы кусиккой. Ахæм практикæйæ дунейы бæстæтæ пайда кæнынц. Медицинæ майрæмбоны нæ фæуд кæны. Уый суткæйы 24 сахаты дæргъы хъæуы. Ахæм практикæ хорзæрдæм бандавид цæрджыты æнæниздзинадыл», – загъта гермайнаг дохтыр-координатор.

«Рынчын райгонд нæ вæййы иу дохтырæй, – иннæ дохтырæй, афтæмæй бацæуы цалдæрмæ. Фæстагмæ афтæ рауайы, æмæ фесæфы рынчыны низы истори.  Афтæмæй бæрæг нал вæййы, райдианы пациент цæмæй рынчын уыд, уый. Адæймагæн йæ райгуырдæй йæ зæры кармæ бинонты дохтыр куы уа, уæд æй цалдæр дохтырмæ цæуыны сæр нал хъæудзæн, йе ‘нæниздзинад дæр хуыздæр уыдзæн», – бамбарын кодта Шиффманн.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.