15 июлы Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ йæ брифингы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны COVID – 19-ы пандеми куы райдыдта (2020 азы), уæдæй абонмæ лабораторон иртасæнтæ ауагъдæуыд 25831 адæймагæн, уыдонæй 3806 адæймагæн разынд коронавирусы инфекци, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыдонæй амард 54 адæймаджы.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæс-гæ, ацы азы июлы мæйы  райдианæй абоны онг, ома дыууæ къуырийы дæргъы, иртасæнтæ  цы 187 адæймагæн ауагъдæуыд, уыдонæй 36-æн сбæрæг коронавирусон инфекци.

Абоны бон дохтырты хъусдарды бын сты 330 рынчыны, уыдонæй 90 рынчыны хос кæнынц рынчындоны, 240 адæймаджы та амбулаторон режимы сты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ райдианы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад инфекцион рынчындоны рахицæн кодта 91 сынтæджы коронавирусæй рынчынты тыххæй. Абоны бон сынтæджыты фонд иууылдæр у йедзаг.

«Пандемийæ рынчынты регистраци куыд æвдисы, афтæмæй нæм иууыл фылдæр рынчынтæ уыд 2020 азы октябры мæйы. Уæдæй ацы азы маймæ рынчынты нымæц къаддæрæй къаддæр кодта æмæ майы мæйы уыд, уыцы иу мæйы дæргъы цы иртасæнтæ ауагъдæуыд, уыдонæн сæ 4 проценты. Фæлæ июны мæ-йы дыккаг къуырийæ  COVID – 19-ы инфекцийæ рынчынты нымæц фылдæр кæнын райдыдта. Хъыгагæн,  июлы мæйы дыууæ къуырийæн анализ скæнгæйæ, фенæн ис рынчынты нымæц фылдæрæй фылдæр кæй кæны. Фæстаг дыууæ къуырийы цы лабораторон иртасæнтæ ауагъдæуыд, уыдоны иумиаг нымæцæн сæ 20 процентæн сбæрæг COVID – 19.

Сæйраг санитарон дохтыры хъуы-дымæ гæсгæ, хъыгагæн, уыцы бæрæггæнæнтæ фылдæрæй фылдæр кæндзысты.

Бæрæг куыд у, афтæмæй рынчынты 80 проценты сты горæты цæр-джытæ, иннæ 20 проценты та – хъæуты цæрджытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй фарон пандеми куы райдыдта, уæд æхгæд æрцыдысты республикæмæ фæндæгтæ.

«Мах фарон зыдтам, абон уа æви сом фæндæгтæ байгом уыдзысты æмæ республикæйы эпидемион уавæр хорзæрдæм нæ фæивдзæн. Уый тыххæй 2020 азы июны мæйы нæ разы æрæвæрдтам ахæм хæс, цæмæй кадртæ бацæттæ кодтаиккам, æмæ уый нæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Нæ структурон уагдæттæй, бæлвырддæрæй та санитарон-гигиенон, санитарон-бактериологон, паразитологийы лабораторитæй æрбакодтам кусджыты æмæ сæ бынаты бацæттæ кодтам, уыимæ иумæ ма нæ министрады кусджытæй æрбакодтам иу адæймаджы, иу адæймаджы та – ветеринарон службæйы кусджытæй æмæ уыдоны дæр бацæттæ кодтам. Уый фæстиуæгæн нæм абон   ис фаг кадртæ. Куыст афтæ сифтонг кодтам, цæмæй цæуа конвееры системæмæ гæсгæ, уый фæстиуæгæн нæ специалисттæн фадат ис аулæфынæн дæр.

Тест-системæтæ дæр æмæ нæм хардзгæнæн æрмæг дæр ис цалдæр мæйы фаг. Фæлæ фарон хардзгæнæн æрмæджыты дефицитыл сæмбæлдыстæм, уымæн æмæ уыдон дефицит уыдысты Уæрæсейы дæр. Уыцы хъуыддаг бахынцгæйæ дæр æмæ низ тынгæй тынгдæр кæй парахат кæны, уый тыххæй дæр нæ фæсауæрцтæ хъуамæ фæфылдæр кæнæм», – банысан кодта Коцты Маринæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй тест-системæтæ æмæ хардзгæнæн æрмæгæй фарон республикæйы лæвар ифтонг кодта Роспотребнадзор.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæ-мæй архайынц тест-системæтæ дæр æмæ хардзгæнæн æрмæг дæр уæлæмхас самал кæныныл. Уый фæс-тиуæгæн кусынц Роспотребнадзоримæ.

«Ацы дыууæ боны куырдиат арвитдзыстæм Хицауады Сæрдармæ, цæмæй нын уæлæмхас фæрæзтæ рахицæн кæной хардзгæнæн æрмæг самал кæныны тыххæй», – бахахх кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Дарддæр уый куыд радзырдта, афтæмæй æрвылбон дæр уадзынц мониторинг сывæллæтты цæхæ-радæтты æмæ 14 июлы  райстæуыд уынаффæ сывæллæтты 13-æм цæхæрадон сæхгæныны тыххæй.

«Ацы цæхæрадоны цалдæр сывæллоны коронавирусæй кæй фæрынчын сты, уый тыххæй  æхгæд æрцыд. Республикæйы скъолайы агъоммæ къорд уагдæтты та æхгæд æрцыдысты цалдæр къорды», – банысан кодта Коцты Маринæ.

Дохтыр æнæхъусдард нæ ныууагъта, республикæйы вакцинаци куыд цæуы, уыцы фарст дæр.

«Абоны онг уал не ‘мбæстæгтæй вакцинæ сарæзтой 656 адæймаджы, уыдонæй 240 адæймаджы вакцинæ сарæзтой дыккаг хатт. Вакцинæ аразынмæ бирæтæй цæуынц, фæлæ антитела кæмæн разыны, уыдон уал сæхиуыл фæхæцынц вакцинæ нæ аразынæй», – загъта сæйраг санитарон дохтыр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, брифингы фæстæ йæхæдæг дæр цæуы дыккаг хатт прививкæ аразынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, низæй фæрынчыны тыххæй вакцинæ гаранти нæ дæтты, фæлæ гаранти у адæймаг низæй уæззау рынчын кæй нæ фæуыдзæн, йæ уавæр кæй нæ фæвазыгджын уыдзæн,  уымæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд аз  коронавирусæй чи уыд рынчын, уыдонæй ацы аз 7 адæймаджы дыккаг хатт фæрынчын сты ацы низæй.

Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй низ ахæм темптæй куы парахат кæна адæмыл, уæд, гæнæн ис, райстæуа карздæр мадзæлттæ.

«Мах фарон  амалиуæггæнджытæн радтам рекомендацитæ коро-навирусы инфекцийы профилактикæйы тыххæй. Уыцы рекомендацитæ абон систы домæнтæ.

Абоны бон уал республикæйы ис маскæтæ дарын æмæ дезинфекцийы режим. Уый та ахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйы ма фæзына инфекцийы къорд артдзæстытæ», – фехъусын кодта республикæйы сæйраг сани-тарон дохтыр.

Уый куыд загъта, афтæмæй ведомствойы кусджытæ рейдтæ уадзынц æмæ бæрæг кæнынц, оперативон штабы уынаффæтæ æмæ Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты рекомендацитæ æмæ домæнтæ куыд æххæст цæуынц, уый.

«Фæткхалджытæ ивар цæудзысты. Иварон санкцитæ сты 15 мин сомы æмæ уымæй уæлæмæ. Бæргæ мах ахæм мадзал куынæ райсиккам, фæлæ нын æндæр гæнæн нæй, уымæн æмæ бирæ ис, санитарон-профилактикон фæткойтæ чи халы, ахæм адæймæгтæ. Амалиуæггæнджытæ дæр хъуамæ архаиккой æппæт фæткойтæ  æххæст кæныныл, уымæн æмæ сæ архайд фæахъаз уаит коронаваирусы ныхмæ тох кæнынæн. Уавæр æвзæрдæр куы кæна, уæд æхгæд æрцæудзысты базаргæнæн объекттæ æмæ хæрæндæттæ. Уый та æвзæрæрдæм бандавдзæн амалиуæггæнджыты куыс-тыл æмæ æфтиæгтыл», – загъта Коцты Маринæ æмæ æрсидт цæрджытæм, цæмæй сæвзæргæ уавæрмæ дарой бæрнон ахаст, бирæгæйттæй ма æмбырдтæ кæной, цæмæй  бахъахъхъæной сæхи дæр æмæ сæ алыварс адæмы дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæ аиуварс кæндзæн ацы уавæр къаддæр зиæнттимæ. Уыцы хъуыддаджы та йын фæахъаз уыдзысты вакцинаци æмæ алы адæймаджы сæрмагонд бæрндзинад.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.