Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Ручъы тъунелыл электроадæттæн хаххы фæсауæрцон кабель ауадзыны куыстыты цыд. Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Энергоресурс»-ы генералон директор Семен Крылов радзырдта объекты бакæнгæ куыстыты тыххæй, афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицæн кæныны æнæмæнгхъæуындзинад баст уыд ацы куыстытимæ.

«Абон фæуыдзысты электроифтонгад баиу кæныны куыстытæ, уымæ гæсгæ æрдæг æхсæвæй хицæн æрцыд дæлстанц «Северный портал». 19.00 та æрцыд иу. Æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты, æмæ мах æрæвналдзыстæм финалон фыццаградон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Сом æмæ иннæбон басгæрстытæ ауадздзысты Ростехнадзор æмæ Хуссар Ирыстоны технадзор, цæмæй бар радтой фыццаградон куыстытæн æмæ йæ æлхъывдады бын сæвæрынæн. 29-30 октябры фæнд кæнæм куыстытæ æххæстæй фæуын, йæ райдианы загъд куыд æрцыд, афтæ», – загъта Семен Крылов.

Бибылты Анатоли бабæрæг кодта хуссар æмæ цæгаттаг штольнитæ, афтæ ма базонгæ ис дæлстанцы кæронбæттæн куыстыты процессимæ.

«Ныртæккæ стæм куыстытæ фæуыны стадийыл. Арæзт æрцыд æртæ сæйраг ахъазгæнæг фазæйы, баззад ма дзы фæстаг хахх ауадзын. Хуссар хайы куыстытæ фесты æххæст гуырахстæй, арæзт æрцыд фæлдзæуæн пункт, цалцæг æрцыдысты муфтæтæ. Баззадис ма дзы фæстаг хахх ауадзыны куыст æмæ дæлстанц «Северный портал»-ы электроифтонгад баиу кæнын. Фæстаг муфтæтæ арæзт æрцæудзысты æртыццæджы», – радзырдта Семен Крылов Президентæн.

БИРÆАЗОН ПРОБЛЕМÆ ИУВАРС  ЦÆУЫ – РУХСЦАРД  КÆНÆНТ ЙÆ  АИУВАРСГÆНДЖЫТÆ

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, фæсауæрцон электроадæттæн хаххæн ис стратегион нысаниуæг Республикæ Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ баиу кæнын фадат ратдзæн электроэнергийæ æдзух ифтонг кæнынæн.

«Конд æрцыд егъау куыст. Æмæ мæ бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын дæуæн æмæ  æппæт кусджытæн, кæцытæ æнæрлæугæйæ куыстой ацы проектыл. Цæгаттаг порталы хъуыд серьезон техникон фарстытæ аскъуыддзаг кæнын, фæлæ сыл сымах аккагæй фæтых стут. Проект тынг ахсджиаг у Хуссар Ирыстонæн», – загъта Президент.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зымæджы Транскамы æвзæр боныгъæдтæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ арæх кæй æййæфтой электроэнергийы цухдзинад.

«Хъыгагæн, цæрджытæ æййæфдтой серьезон зындзинæдтæ, баззадысты-иу æнæ рухсæй цалдæр боны æмæ хатт – фылдæр дæр. Ацы проблемæ уæвынад кодта бирæ азты дæргъы. Фæсауæрцон хаххы фæрцы, уый скъуыддзаг æрцæудзæн», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.