«Вакцинаци æнæмæнг хъуыддаг у!», ахæм хъуыдыимæ уагъд æрцыд 25-æм октябры Мыхуыры æмæ информацийы комитеты дохтыртимæ æрбацыд, брифинг.

Соматикон рынчындоны сæйраг дохтыр-инфекционист Джиоты Элеонорæ фехъусын кодта, хæцгæ низты ныхмæ актуалон кæй у вакцинаци кæнын: «Хæцгæ низтæй гæнæн ис æмæ фæрынчын уа алы адæймаг дæр, ома, кæд искæцы низæй раздæр рынчын нæ уыд æмæ йын йæ ныхмæ судзин арæзт не ‘рцыд, уæд ын фæрынчынæй уыдзæн тынг тас. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у вакцинацийы æмгъуыдтæ хъахъхъæнын æмæ низ кæм фæзынд, уыцы ран эпидемийы ныхмæ мадзæлттæ сæххæст кæнын. Инфекци æнæниз адæймагмæ ахизы уæлдæфы æмæ æртахы руаджы. Вирус ахизы ныхас æмæ æхснырсыны руаджы дæр. Æмæ кæд уыцы уавæры фæразон нæу, уæддæр вæййы ахæм цаутæ æмæ бæстыхайы вентиляцион системæйыл дæр апарахат вæййы», – дзырдта Джиоты чызг.

Дохтыр иммунолог Мæргъиты Маринæ та загъта:

«Низтæй иумæ дæр уæлæнгай цæстæй кæсæн нæй, фæлæ сæ иууыл тæссагдæрыл нымад сты инфекцион низтæ. Зæгъæм, фадынæг у арæх чи фæзыны, ахæм карз низ. Уымæй, сæйраджыдæр, фæрынчын вæййынц сывæллæттæ».  Йæ фæзынды фыццаг æууæлтæ сты ахæм: буары тæвд фæбæрзонд вæййы, фæхъыгдард вæййынц фындз, цæстытæ, хъуыр, царм тæппытæ-тæппытæй рафады. Уымæй гæнæн ис æмæ алы адæймаг дæр фæрынчын уа. Низы инкубацион рæстæг у 7 бонæй – 14 бонмæ. Ахсджиаг у зæрдылдарын, низ кæй райдайы, буар куы рафады, уæдæй нæ, фæлæ буары тæвд бæрзонддæр кæнын куы райдайы, адæймаг йæхи лæмæгъдæр куы фæхаты, хæрд зæрдæ куынæ фæагуры сур хуыфт æмæ æхснырсæг куы фæзыны. Фæстæдæр фæзыны коньюктивит (цæстытæ фæcудзынц). Низы фыццаг симптомтæй 24 боны бæрц куы рацæуы, уæд уадултыл фæзынынц лыстæг урс тæппытæ. Фадынæг йæ иууыл тынгыл куы вæййы, уæд ома, йæ фæзындæй 23 боны фæстæ рынчыны тæвд ногæй гæнæн ис схиза 40,5 градусы онг. Фадынæгæй рынчынмæ æмбæлон медицинон хъусдард куынæ уа, уæд гæнæн ис суа æндæр низты аххоссаг. Уæлдай хъахъхъæнинаг сты 5 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæ æмæ 20 азæй хистæр адæймæгтæ. Куынæ йын хос кæнай, уæд ахизы отитмæ (хъусы низмæ) тæссаг у бакуырм уæвынæй, бæрзæйы лимфæлхынцъ, лорингит, энцефалитæй. Хъыгагæн, ахæм цаутæ стæм не сты æмæ уымæ гæсгæ фадыгон дохтыр цалдæр боны иу хатт уæддæр хъуамæ бæрæг кæна фадынæгæй рынчыны. Æмæ цæмæй æндæр низ ма райса, тагъддæр ын хос æрцæуа, уый тыххæй низы фæзындæй зæрдæ фехсайыны рæстæджы хъуамæ рынчын схуысса рынчындоны. Хос кæныны рæстæджы рынчын хъуамæ йæ уат ма сиса, бирæ нуаза дон, нуаза тæвды æмæ хъуыры хостæ.

Горæты сывæллæтты поликлиникæйы сæйраг дохтыр Хæныкъаты Ларисæ дæр æрсидт кæстæр кары сабиты ныййарджытæм: «Хæцгæ низты профи-лактикæйы эффективон метод у вакцинæ». Йæ ныхмæ судзин саразгæйæ организмы сæвзæры хъахъхъæнæг иммунитет. Иуæй-иу сывæллæттæн вакцинаци скæнынæй 6-20 боны фæстæ гæнæн ис сæ тæвд схиза, кæнæ сæ буар чысыл рафада. Уыцы симптомтæ 2-3 боны фæстæ фесæфынц. Уымæй тæрсын нæ хъæуы, тæссаг нæу. Фæлæ кæд æгæр скарз уа, уæд, æнæмæнг фæдзурын хъæуы дохтырмæ. Фыццаг вакцинаци сывæллæттæн аразынц гуырæндоны сæ фыццаг бонæй. Зæгъæм, иуæй-иу хæцгæ низты ныхмæ арæзт цæуы вакцинæ цалдæр хатт. Низ кæм рабæрæг вæййы, уым хъæуы профилактикон мадзæлттæ сæххæст кæнын. Сывæллон цы коллективы уыдис, æрмæст уым нæ, фæлæ ма сывæрджын сылгоймæгтæ, рæуджыты низæй рынчынтæ æмæ лæмæгъ иммунон системæ кæмæн ис, уыдонæн рынчынтимæ контакты фыццаг 5 боны аразын хъæуы иммуноглобулин. Инфекци кæм фæзынд, уым æрвылбон дæр уагъд цæуы профилактикон басгæрст.

«Санэпидемстанци»-йы сæйраг дохтыры хæдивæг Гаглойты Аннæйы хъуыды та уыд ахæм: «Уазæлтты ралæудимæ фæфылдæр вæййынц гриппæй рынчынтæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у вакцинаци кæныны хъуыддаг. Поликлиникæйы грипп æмæ ОРВ-йы ныхмæ вакцинæтæ ис, уымæ гæсгæ курæг стæм не ‘мбæстæгтæй цæмæй æрбацæуой æмæ саразой вакцинаци. Уæлдайдæр та сывæллæттæ, уымæн æмæ ацы хъуыддаг у тынг ахсджиаг. Афтæмæй фидарддæр кæны сæ иммунитет». Прививкæтæ аразæн ис сабийыл æхсæз мæй куы сæххæст уа, уымæй фæстæмæ. Поликлиникæтæй дарддæр ма прививкæтæ фæкæнынц скъолаты дæр. Фæлæ æвзæнгтæ æмæ астæуккаг кары адæм та хъуамæ æрбацæуой поликлиникæмæ. Грипп æмæ ОРВ-йы вирус сабитæ æмæ ацæргæ адæмæн тынгдæр тæссаг у. Æхсай азы фæстæ иммунитет зынгæ фæлæмæгъдæр вæййы. гриппы ныхмæ вакцинæ скæнгæйæ та сын къаддæр тæссаг вæййы. Вакцинаци кæнынæн æппæтæй хуыздæр рæстæг у сентябрь æмæ октябрь, зæгъынц специалисттæ. Прививкæтæ скæнынмæ сидынц Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæм цæстдарды кусджытæ дæр». Гаглойты Анна ма æрдзырдта грипп æмæ ОРВ-йы рынчынтæ рабæрæг кæнынæн систематикон æгъдауæй мониторинг арæзт кæй цæуы. Куыддæр иумæйаг ахуыргæнæндоны рынчынты нымæц ссæдзæй ахизы, афтæ комитеты амындмæ гæсгæ расидынц карантин.

Журналисттæ цымыдис кодтой, сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ санитарон нормæтæн дзуапп дæттынц æви нæ, уымæ. Уый фæдыл та загъта, зæгъгæ хатт азылды рæстæджы рабæрæг вæййы хъуагдзинæдтæ. Ахæм уагдæттæ ивар цæуынц. Фæлæ комитетæн йæ бон нæу æрвылбон режимы хъус дарын. «Æртæ бон раздæр мах фехъусын кæнæм нæ бацыды тыххæй, бынаты бæрæг кæнæм гигиенон æмæ санитарон нормæтæ куыд æххæст цæуынц, уый. Кæд æмæ нæм нæ республикæйы æмбæстæгтæй хъаст æрбацæуы, уæд нын бар ис æмæ бацæуæм æнæ фæдзæхстæй. Уый фæстиуæгæн сидын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй хъусын кæной развæлгъау гигиенон нормæтæ халыны цауты тыххæй», – дзырдта Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæм цæстдарды хистæры хæдивæг..

Брифингы хайад райста РХИ-йы сæйраг эпидемиолог Таболты Болат дæр: Инфекцион тæссаг низтæ хæссынц глобалон тæссагдзинад æппæт адæймагадæн. Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты, уыцы нымæцы махмæ дæр бирæ арæзт цæуы, цæмæй хæцгæ низтæ нымæг цæуой. Вирустæ, кæцы адæймаджы иммунитет лæмæгъ чи кæны, уыцы вирустæ йын халынц йæ иммунон системæйы куыст, уыдонимæ тох кæнын хъæуы прививкæты ‘руаджы. Иуæй-иу инфекцион низтæ цалдæр азмæ симптомтæ нæ равдисынц, сæхи фæхатынц иттæг хорз адæймаджы буары. Уымæ гæсгæ рæстæгыл аразын хъæуы æппæт прививкæтæ дæр. Тынг ахсджиаг у, цæмæй рынчын зона цы хуызы бахъахъхъæнын хъæуы хи, цæмæй æндæр адæймаджы дæр низæй бахизай».

Брифингы ма дзырд цыд, цæмæй дзыллон-информациты фæрæзты руаджы адæмы ‘хсæн уагъд цæуа æмбарынгæнæн куыст хæцгæ низтæй хи бахъахъхъæныны фæдыл.

Журналистты фарстæн вакцинацийы ныхмæ социалон хызæгты цы æппæрццаг хъуыдытæ æвзæры, уыдон цас раст сты, зæгъгæ, брифингмæ æрбахуынд дохтыртæ æмдзыхæй сдзуапп кодтой, ома, уымæн ницы бындур ис.

Уæзæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.