Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы территорийыл фылдæр кæны гриппæй рынчынты нымæц. Информацион агентад «Спутник — Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ брифинджы рæстæджы лæмбынæг æрдзырдта бæстæйы санитарон уавæры тыххæй.

Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны комитет æрвыл бон дæр йæ хъус дары грипп æмæ ОРВИ-йæ рынчынты нымæцмæ. Ацы куыст конд цæуы æрвылаз дæр, уымæн æмæ респираторон-вирусон рынчыты нымæц сезоны фæфылдæр вæййы. Ныртæккæ бæстæйы иумиагахуырадон уагдæтты ацы комитеты кусджытæ бæрæг кæнынц, санитарон-эпидемиологон нормæтæ куыд хынцыд цæуынц, уый.

Сæйраг хъусдард здæхт цæуы скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæм. «Райсомæй ахуырадон уагдæтты сывæллæтты басгарынц медицинон кусджытæ. Гриппы симптомтæ сæ кæмæ разыны, уыдон хæдзармæ хос кæнынмæ æрвитынц, науæд пырх кæны æнæниз сывæллæттыл дæр», — дзырдта санитарон дохтыр.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, иумиагахуырадон уагдæтты эпидемиологон уавæр 20 процентæй уæлæмæ куы ахизы, уæд ист æрцæуы уынаффæ, цæмæй скъо-латы кълæстæ кæнæ сывæллæтты цæхæрадæтты къордтæ æхгæд æрцæуой.

«Ныртæккæ æхгæд у нæ горæты 6-æм астæуккаг скъола. Карантин аххæсдзæн 20 декабрмæ. Скъола-интернат та æхгæд уыдзæн 19 декабрмæ. Ахуырадон процесс урæд æрцыд скъола „Альбион“-ы иу къласы æмæ гимнази „Рухс“-ы та — цыппар къласы. 19 декабрмæ нæ кусдзысты нæ горæты 9-æм æмæ 13-æм сывæллæтты рæвдауæндæттæ», — дзырдта ныхасгæнæг.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуы æхгæд æрцыд сывæллæтты рæвдауæн-дон. Карантины сæхгæдтой Знауыры поселочы астæуккаг скъола æмæ сывæл-лæтты рæвдауæндон. Дзауы районы скъола-интернат æмæ Къуайсайы сывæл-лæтты рæвдауæндон дæр сты карантины. Ленингоры районы Цъинагары хъæуы та сæхгæдтой сывæллæтты рæвдауæндон. Уыимæ иумæ ма комитеты сæргълæууæг банысан кодта, Ленингоры районы скъолаты къорд кълæстæ æмæ Орчъосаны хъæуы сывæллæтты рæвдауæндон гом кæй æрцыдысты карантины фæстæ.

Рынчынты нымæц куыд фылдæр кæны, ууыл мониторингы тыххæй бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр афтæ радзырдта, зæгъгæ, комитеты специалисттæ æмбырд кæнынц информаци æгас республикæйæ. Æмæ кæд эпидемиологон уавæр раппæлинаг нæ вæййы, уæд ист цæуы уынаффæ — иу кæнæ иннæ объект æрæхгæныны фæдыл.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, Коцты Маринæ æрсидт ныййарджытæ æмæ астæуккаг скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты кусджытæм, цæмæй ма уадзой ахуырадон уагдæттæм, респираторон-вирусон инфекцийы миниуджытæ кæмæ рахатой, ахæмты.

Ныртæккæ Уæрæсейы территорийыл бæрæг цæуы гриппы штаммы ахæм хуыз — А (Н1 N1). Уый фæдыл Коцты Маринæ афтæ радзырдта, зæгъгæ, нæ адæмы фылдæр хай цæуынц Уæрæсейы территоримæ. Æмæ абон уа æви — сом, махмæ дæр бæрæг æрцæудзысты ацы вирусæй рынчынтæ. Иумиагæй сисгæйæ, бæрæг цæуы сезоны дæргъы гриппы алыгъуызон штаммтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ гриппы ацы штамм рабæрæг кæнынæн хъæуы æндæр æмвæзадыл лаборатори. Хъыгагæн, ахæм лаборатори нырма нæй Хуссар Ирыстоны, фæлæ санитарон уагдон фарст æвæры бæстæйы хицауады раз, цæмæй уæрæх кæна йæ лабораторон базæ.

Бæстæйы сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, уагдон фылдæр иртасæн æмæ профилактикон куыстытæ кæны. Ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, рынчын æмбæстæгтæ хъуамæ хос кæной хæдзарон уавæрты. Хъуамæ бадзурой сæ фадыгон дохтырмæ æмæ уый амындтытæм сæ хъус дарой.

Пайда кæнын хъæуы витаминтæй, профилактикон дозæты вирусы ныхмæ препараттæй, æнæниз царды уаг кæнын æмæ афтæ дарддæр. Уынгæй æрбацæугæйæ хæрзæхсад хъуамæ кæнай дæ къухтæ, æхсæнадон бынæттæй дæхи иуварс кæнай. Уымæн æмæ хъахъхъæнын хъæуы æрмæст дæхи нæ, фæлæ дæ алфæмблай адæмы дæр.

Бæстæйы сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ, ацы хæцгæ низты ныхмæ вакцинæ аразыны ахсджиагдзинад нырма ничи аивта. Уый нæ, фæлæ дунейы хæцгæ низы ныхмæ уымæй хуыздæр медицинæ нæма ницы æрæмысыд. Уый, фыццаджыдæр, фадат дæтты, цæмæй низы фæстиуæгæн ма фæуæззаудæр уа адæймаджы уавæр. Сæйраг у уый. Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, инфекцион низы ныхмæ вакцинæ арæзт цы адæймагæн уыд, уый æнцонтæй ахаста низ.

Коцты Маринæ ма бацамыдта, цалынмæ вакцинæ ма сараза бæрæг адæймаг, уæдмæ хъуамæ æрцæуа медицинон басгæрст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, вакцинæ саразыны фæстæ санитарон уагдонмæ иу хатт дæр ничи бахатыд, ома, йæхи æвзæр кæй хаты, уый тыххæй…

Коронавирусон инфекцийæ цас рынчыны сбæрæг, кæны, уый тыххæй банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ уавæр хуыздæр у раздæры азтимæ абаргæйæ. Фæлæ ууыл рохтæ ауадзын нæ хъæуы, уагдон йæ хъус дары ацы низы бæрæггæнæнтæм. Фæззæджы мæйты бæрæг цыд, кæй фылдæр кодтой ацы вирусæй рынчынтæ, фæлæ ныртæккæ уавæр хуыздæр у.

13 декабрмæ коронавирус рабæрæг кæныны тыххæй цы иртасæнтæ арæзт æрцыд, уыдонæй низы иуæг кæмæ ис, ахæмтæ рабæрæг 9. Медицинон хъусдарды бын ныртæккæ ис 11 адæймаджы. Уыдон æнцонæй хæссынц низ, хос кæнынц амбулаторон уавæрты.

Сæйраг уый у, санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, æмæ «сырх зонæ» æхгæд кæй у. Æмткæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цы 72 минæй фылдæр иртасæнтæ арæзт æрцыд, уыдонæй 15 мин æмæ 219 бæрæг æрцыдысты коронавирусæй рынчынтæ.

Къæбулты Маринæ