Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъабанты Хъазбег йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ лæуд у хъæууонхæдзарадон куыстыты,  ныр дæрдары стуртæ æмæ фыстæ, кæны хуыдарды куыст дæр. Номхуындæй, фысты нымæц хæццæ кæны 140, сæ иутæ райдыдтой цот кæнын æмæ уал æм ис 11 уæрыччы. Йæ мадæл фыстæй ис ахæмтæ, кæцытæ ныззайынц 2-3 уæрыччы. Цæвиттон, ивгъуыд аз 14 фысæй райста æмæ схъомыл кодта 28 уæрыччы. Фосы нымæц æнæкъуылымпыйæ кæй фылдæр кæны, уый баст у, сæрдыгон бонты дзаджджын сæрвæтты кæй фæхизынц, зымæджы тасæм æмбæлон зылд кæй вæййы, стæй сын алыхуызон низты ныхмæ рæстæгыл судзинтæ кæй саразы.

Хъабанты хæдзарады ма ис 7 дзæргъы.

Хæдзардзин бинонтæ рæстæгыл ахъуыды кæнынц сæ фосы зымæгиуатыл дæр æмæ рагацау æрæфтауц кæнынц холлаг. Ныртæккæ сæм холладжы тыхтæттæ ис 600 бæрц. Ацы зымæгон бонты фос нырма цæуынц хизынмæ æмæ сын фыййау та у йæ хистæр фырт Сослан, иннæ дыууæ фырты дæр кæд горæты кусынц, уæддæр кæддæриддæр абæрæг кæнынц сæ хæдзарады æмæ дзы бакæнынц æнæмæнгхъæуæг куыстытæ.

Бинонты хистæр Хъабег йæ зæрдæ нæ ивы зæххы куыстыл дæр æмæ йæм цы хæдзаргæрон зæххы фадыг ис, уым æрзайын кæны алыгъуызон халсæрттæ, æркæны сæ хъæздыг тыллæг. Ивгъуыд аз дæр дзы байтыдта сæкæры цæхæра, хъæдындз, уырыдзы, хъонтхора æмæ дзы нæ горæты базары дæр ауæй кодта.

                                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.