Цхинвалы районы Присы хъæуы дæлвæндаг 2015 азы цы дыргъдон сырæзт, уым ныртæккæ цæуынц уалдзыгон куыстытæ. Дыргъдон ахсы 45 гектары фæзуат. Ам æрвылаз дæр æрзайы тъонгай чъерамийы хицæн хуызтæ, алтъами, члауи, æхсынцъы, бал. Быдыр саразæг, ацы хъæуы цæрæг Туаты Славик куыд зæгъы, афтæмæй, фыццаг бæласæй кæройнагмæ  ис иу рæгъыл 980 бæласы. Фыццаг хатт йæ хъуыдымæ куы æрцыд ахæм гагадыргъты быдыр саразын, уæд йæ фарсмæ æрбалæууыд йæ фыды ‘фсымæры лæппу. Уымæн дæр Цæгат Ирыстоны ис ахæм быдыр. Фыццаг аз тала-тæ ницы æфтиаг æрхастой, дыккаг аз сыл æрзад 25 проценты бæрц. Ауæй кодта йæ тыллæг æмæ уыцы ‘хцайæ самал кодта ног талатæ. Фæлæ, уæддæр Славик бæлæстæ фылдæр йæхæдæг æрзайын кæны. «Мæ быдыры бирæсагъд ис æхсынцъы бæлæстæ. Мæгуыр зæхх у, ацы бæлæстæй хуыздæр дзы ницы зайы. Уыдоныл фæззæджы дзуарса скæнын алтъами, чъерами æмæ балы  садзæнтæ. Стæй уæд, уыдон таутæ суадзынц уалдзæджы æмæ сыл цадæггай зайын райдайы ног дыргътæ. Æдæппæт мæ быдыры сагъд ис 28 мин бæласы. Иууыл фыццаг дзы срæгъæд вæййы чъерами, фæстæдæр та алтъами æмæ члауи. Кусджытæ дар баххуырсын, фæлæ мын фыл-дæр æххуыс кæнынц ме ‘ввахс адæм», – загъта Туаты Славик.

Чъерамийы цалдæр хуызы, афтæ ма алтъами æмæ члауийы сорттæ дæр ауæй кæнынц канд бынæттон базары нæ, фæлæ ма, Присы хъæуы быдырмæ хæстæг цы рæстæгмæ базар сырæзы, уым дæр. Ам асыкгай адæм фелхæнынц бынæттон чъерами. Канд хæрынæн нæ, фæлæ ма зымæгмæ æвæрынæн дæр. Уымæн æмæ æрласæккаг дыргътæй асламдæр æмæ хæрзаддæр у.

Славик йæ зонгæтæн дыргъ уæй нæ кæны, дæтты сын сæ лæвар.

Фыццаг азты йæм цы æфтиæгтæ æрбацыд, уыдонæй Славик йæ быдыр сифтонг кодта техникæйæ. Йæ зæрды ис, дыргъы натуралон донуадзæн ифтонгæдтæ самал кæнын. Цæмæй æрласæккаг адджын дон мауал нуазой нæ сывæллæттæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

 

Æмбæлон хъусдард – фосы æнæниздзинадмæ

Æвзонг адæймаг йæ сомбоны дæсныйад равзары æндæр æмæ æндæр уавæтæм гæсгæ. Кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый райгуырд æмæ схъомыл хъæуы, æрвылбон дæр уыдта, йæ ныййарджытæ сæ фосмæ куыд зæрдиагæй зылдысты. Уый раджы бамбæрста фосы æнæниздзинад та фылдæрбæрцæй баст у фосы дохтыры æвæллайгæ ар-хайдыл æмæ аскъуыддзаг кодта фосы дохтыр суæвын.

Скъолайы ахуыры азты фæстæ Хъотайты Æхсар ахуыр кæнын райдыдта Цалкъайы техникумы ветеринарийы хайады. Каст æй куы фæцис, уæд райдиа-ны кусын райдыдта санитарæй æмæ фæстæдæр та фельдшерæй. Хъотайы фыртмæ уæддæр йæ райсгæ зонындзинæдтæ фаг нæ кастысты,  æмæ фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы паддзахадон аграрон университеты. Ахуыр куы фæци, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн къуыммæ æмæ кусын райдыдта Знауыры районы ветдохтырæй. Йе ‘рбацыдæй бирæ фæхуыздæр фосдарды къабаз, фосæн рæстæгыл кодтой æмбæлон æххуыс æмæ уымæ гæсгæ фæкъаддæр сæ мæлынад.

Хъотайты Æхсар йæ дæсныйады фæдыл кусы 47 азы, йæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсы бæрндзинон цæстæй æмæ ахæм цæсгомджын куыст домы йæ дæлбар кусджытæй дæр. Йæ бирæазон æмæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном, фæстæдæр та ссис республикæйы ветеринарийы сгуыхт дохтыр.

Районы ис 3 ветеринарон фадыджы, уыдонæй Хъорнисы фадыджы хистæр у, йæ куыст бирæ чи уарзы æмæ йæ намысджынæй чи æххæст кæны, ахæм – Козаты Зауыр. Ветфельдшертæй та йæм кусынц Тедеты Юзæ æмæ Цъæритты Ритæ. Балтайы ветеринарон фадыджы хистæр у Зассеты Дауыт æмæ Зиулеты фадыджы та фосы æнæниздзинадыл ауды Гатыгкоты Зорик. Хъотайы фырт куыд загъта, уымæ гæсгæ районы хисæрмагонд æмæ фермерон хæдзарадты стурты нымæц у 2240 бæрц æмæ сæм ис æмбæлон æркаст. Уыдонæн рæстæгыл арæзт æрцæуы судзинтæ, фосы хицæуттæн раттынц æмбæлон амындтытæ дæр. Хорз æххуыс сын кæны Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, рæстæгыл исынц алыхуызон низты ныхмæ хостæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.