Инæлар-майор Мæрзойты Аркади нысан æрцыд Хъырымы 22-æм æфсæддон корпусы командирæй. Уый тыххæй æмбæлон Барамындыл йæ къух æрфыста УФ-йы Президент Владимир Путин. Уæрæсейы Гарзджын тыхты Хуссар æфсæддон зылды ацы оперативон-тактикон баиугæнд у æрдæгсакъадахы сурзæххон тыхты бындур. Мæрзойты Аркади у хæстон инæлар, æфсæддон династийы минæвар. У фронтовик, булкъон Мæрзойты Уасилы фырт. Æфсæддон ард бахордта 1987 азы, æмгъуыдон службæ райдыдта Советон Цæдисы Æфсæддон-денджызон флоты Сау æмæ Балтийы флотты. 1988 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Новосибирскы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. 1992 азы æвзонг лейтенант æрвыст æрцыд Фæскавказы сæйраг развæдсгарæн управленийы спецназмæ.

Мæрзойты Аркади хайад райста дыууæ цæцæйнаг хæстон кампанийы. Равдисгæ хъайтардзинады тыххæй бавдыст æрцыд паддзахадон хорзæхтæм æмæ æмгъуыдæй раздæр райста æфсæддон ном. Уыд мотоæхсæг полкы ко-мандир, кæцыйы 2008 азы августы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы сыстын кодтой  хæстон фæдисмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баххуыс кæнынмæ ацæуыны тыххæй бардзырдимæ. Уыд Цæгат Ирыстоны дислокацигонд хицæн мотоæхсæг бригадæйы штабы хистæр, уый фæстæ та æфсæдты æмæ тыхты баиугонд къорды командиры хæдивæг, 58-æм æфсады штабы хистæры хæдивæг, Ныгуылæн æфсæддон зылды хицæн мотоæхсæг бригадæйы командир. Лæууыд 58-æм æфсады ногæй саразгæ мотоæхсæг дивизийы сæргъ. Хъырымы 22-æм æфсæддон корпусы командирæй йæ цалынмæ не снысан кодтой, уæдмæ та уыд Цæгат Кавказы 49-æм иумиагæфсæддон армийы командиры хæдивæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.