Хæххон лыжæты курорт «Мамысоны» æппæт сезонæн самал кæн-дзысты канатон фæндаджы тыххæй ифтонгад 2,5 миллиард сомы аргъæй. Конкурс расидт  «Цæгат Кавказы курорттæ»-йы корпораци. Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Томайты Хъазбег. «Æрцыд зынгæ цау, «Цæгат Кавказы курорттæ»-йы корпораци, кæцы къухдариуæгад кæндзæн туристон районтæн æмæ уæлдай экономикон зонæтæн, расидт конкурс канатон фæндæгтæн ифтонгад æрбаласыны тыххæй. Аукционы аргъ у 2,5 миллиард сомы», – загъта уый.

Министры ныхæстæм гæсгæ план кæнынц дыууæ фæндаджы саразын, уыцы нымæцы 10-бына-тон канатон фæндаг æмæ 6-бынатон къæлæтджын фæндаг. Уымæй дарддæр ма Томай-ты Хъазбег банысан код-та, зæгъгæ, абоны бон Мамысоны уагъд цæуынц куыстытæ 200 метрон хиды арæзтады фæдыл, кæцыйыл уæзтæ ласæн уыдзæн 60 тоннæйы бæрц. «Райдыдта фæндагон инфраструктурæйы арæзтад, уагъд цæуы аукцион ифтонгад самал кæныны тыххæй, зæгъæн ис, курорт реализаци кæй æрцæудзæн бацамынд æмгъуыдты», – загъта министр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Мамысоны курорт  кæй план кæнынц 2023 азмæ саразын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.