Афæдзы афонтæй иууыл бæркадджындæр у фæззæг. Фæззæджы арæх вæййынц алыгъуызон ногтынд дыргътæ æмæ халсартæ, кæцыты фæрцы адæймаг йæ организм сфидар кæны алыгъуызон хъæуæг витаминтæй.

О, фæлæ бæлæсты сыфтæртæ згъæлын куы райдайынц, уæд сæ бирæтæ æртымбыл кæнынц æмæ сыл арт бандзарынц, уый та стыр зиан хæссы адæмæн.

Ахæм ныв фенæн уыд æрæджы Цæрæн массивы, ам æртымбыл кодтой хус сыфтæртæ æмæ сыл арт бандзæрстой. Цæрджытæ афтæ стыхстысты фæздæджы æнуд тæфæй æмæ фæдзырдтой Уæл-вæткон уавæрты министрадмæ. Уайтагъд бынатмæ æрхæццæ сты зынгхуыссын-гæнджытæ æмæ арт ахуыссын кодтой.

Горæты коммуналон службæтæ сыфтæрты æртымбыл кæнынц æмæ сæ аласынц бронкалæн машинæтыл, фæлæ, хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæй бирæтæ сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуыты цыдæриддæр бæлæсты сыфтæртæ æрызгъæлы, уыдон æртымбыл кæнынц æмæ сыл арт бафтауынц. Цыма кæрæдзимæ быцæу фæкæнынц, чи фылдæр сыфтæртæ басудздзæн, уыйау алырдыгæй сыф-тæрты фæздæг пиллон калын байдайы.

Цымæ йæ нæ зонынц, уыцы фæздæг цы зиан хæссы, фыццаджыдæр сывæллæттæн, стæй хистæр кары адæймæгтæн дæр, уæлдайдæр та, аллергийæ чи тыхсы æмæ коронавирусæй чи фæрынчын, уыдонæн.

Сыфтæрты фæздæджы ис бирæ канцерогенон буарадтæ, кæцытæ стыр зиан хæссынц адæймаджы организмæн, ис ма дзы ахæм буарадтæ дæр, ракы чырæгты райрæзтæн чи ахъаз кæны.

Уæдæ уын цæмæй хус кæрдæг æмæ сыфтæртæ зианы бæсты пайда æрхæссой, уый тыххæй сæ куы æртымбыл кæнат, уæд уæ цæхæрадоны чысыл уæрм ракъахут æмæ сæ уым сыджыты бын фæкæнут. Иннæ азмæ сыфтæртæ бамбидзысты æмæ уын уыдзæн иттæг хорз хъацæн. Сæ басудзын та уæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр хæссы зиан.

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.