«2024 аз 22 март» Уæрæсейы историйы фыст æрцæудзæн уæззау, трагикон цауты номхыгъды. 22 марты изæрмӕ ‘ввахс горæт Красногорскы цалдæр лæгсырды гæрзифтонгæй бабырстой Муслим Магомаевы номыл концертон зал «Крокус Сити Холл»-мæ æмæ æгъатырæй ныццагътой адæмы. Ныридæгæн уал фæмардуæвджыты нымæц у 137, уыдоны ‘хсӕн — ӕртӕ сывӕллоны. Фæлæ гæнæн ис æмæ сӕ нымӕц ноджы фæфылдæр уа – сӕрмагонд службӕтӕ нырма кӕронмӕ нӕ асыгъдӕг кодтой концертон зал. Дыууӕ сӕдӕмӕ ‘ввахс та цӕфтӕ сты. Уыдонæй бирæтæ  —  уæззау цæфтæ…

Трагедийы хронологи

Изæры 8 сахатмæ ‘ввахс фондз террористы баурæдтой сæ рог хæдтулгæ концертон залы бæстыхайы раз, рахызтысты æмæ райдыдтой автоматæй æхсын. Залы хъахъхъæнджытæм æхсæнгарз нæ уыд æмæ сæ ныхмæ куыд хъуамæ фæлæууыдаиккой – фыццаг уыдон ба­исты лæгсырдты амæттаг. Мидæмæ куы баирвæзтысты цъаммæрттæ, уæд никæуыл ауæрстой – кæйдæрриддæр уыдтой, уыдоны мардтой. Уый фæстæ бахызтысты концертон залмæ æмæ сæ иутæ адæмы мардтой, иннæтæ та зынг æфтыдтой залыл. Ам фыдгæнджытæй иуæн йæ нæмгуытæ фесты æмæ цалынмæ йе ‘хсӕнгарз ногæй ифтыгъта, уæдмæ йыл иу лæппу йæхи ныццавта æмæ йын йæ автомат йæ къухтæй стыдта. Уæдмæ ма йæм æххуысмæ æндæр чидæр бауад æмæ йæ дыууæйæ фæсур кодтой. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы террористы мард ссардтой концертон залы сыгъд пырхæнты.

Фыдгæнджытæ сæ цъаммар ми­тæ бакæныныл бахардз кодтой 18 минуты, стæй абадтысты сæ автомашинæйыл æмæ ныййарц сты Украинæйы арæнты ‘рдæм. 100 километры йеддӕмӕ сæ нал хъуыд арæнтæм, афтæ сæ размæ алæууыдысты сæрмагонд службæтæ æмæ сæ æрцахстой. Террористтæ сæ автомашинæйыл ацыдысты 400 километры бæрц. Куыд зонæм, афтæмæй фæдисы рæстæджы сæрмагонд службæтæ цалдæр минутмæ цæттæ вæййынц сæ хæстæ сæххæст кæнынмæ. Фæндæгтæ дæр æхгæд æрцæуынц цыбыр рæстæгмæ. Уæдæ цæмæн афтæ дард аирвæзтысты террористтæ?

Горæт Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы фæндæгтыл ис иууыл фылдæр видеоафыссæн камерæтæ æмæ уымæ гæсгæ барадхъахъхъæнæг органты куыст ацы регионы нымад у иууыл оперативондæрыл. Фæлæ уæддæр террористтæн бантыст сæ фыдракæнд саразыны бынатæй сæрæгасæй ацæуын æмæ уымæн ис бæрæг аххосæгтæ. «Крокус Сити Холл» ис горæтгæрон, ома йæм æввахс у федералон трассæ. Куы ныффæдис кодтой, уæд уынгтæ байдзаг сты хуымӕтӕг цӕрджыты автомашинæтæй, сæрмагонд службæты транспортæй, такситæй, фистæг бæлццæттæй. Æмæ ахæм хæццæ уавæрты террористтæ сæ автомашинæйыл ахызтысты федералон трассæмæ, стӕй та Брянскы областмӕ. Фæлæ сын ам та дард ацæуын цæмæн бантыст?

Сæрмагонд службæты кусджытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй террористтæ тагъд æрцыдысты бæлвырд æмæ сæ æрцахсын дӕр зын нӕ уыд. Фæлæ спецслужбæты цымыдис кодта, дарддæр цы хъуамæ фæуой, уый, ома сын сбӕлвырд кæной сæ кураторты. Уымæ гæсгæ сæ барæй ауагътой æмæ йæ куы бамбæрстой, Украинæйы ‘рдæм сарæзтой сæ ных æмæ сæ фæнды ис арæнтæй ахизын, уæд сæ æрцахстой. Цыппар дæр разындысты Таджикистаны æмбæстæгтæ ӕмӕ фӕстӕдӕр басастысты сӕ фыдракӕндыл.

Видеоафыссæн камерæты æдде ма зианбаййафджытæ сæ телефонты систой фыдгӕнджыты æбуалгъ митæ. Стæй ма террористтæ сæхæдæг дæр сæ фыдмитæ систой, цæмæй сæ арвыстаиккой сæ куратортæм. Æппæт ацы видеоæрмæджытæй ныр спайда кæндзысты слестгæнæн органтæ.

 

Чи сты террористтæ – дилетанттæ æви цæттæ хæстонтæ?

Ацы теракт лæмбынæг пълангонд кæй уыд, ууыл ничи дызæрдыг кæны. Цыппар террористы йæ кæй не спълан кодтой, уый дæр алчи æмбары. Дыууæйæ бынтондæр нæ зонынц уырыссаг æвзаг æмæ иннæттæ дæр æдæрсгæ нæ дзурынц. Æмæ ахæм теракт сорганизаци кæнынæн та бирæ фæрæзтæ хъæуы, стæй æвзаг куы нæ зонай, уæд архайгæ дæр куыд кæндзынæ.

Фыццаг видеоæрмæджытæ куы апарахат сты интернеты тыгъдады, уæд сæ чидæртæ хонын райдыдта профессионалон хæстонтæ, ома æхсæнгарзимæ хорз архайынц. Фæлæ æфсæддон экспертты хъуыдымæ гæсгæ, террористты цæттæдзинад æфсæддон барæнтæм гӕсгӕ, сты дилетанттæ. Чизоны сæ исчи æфсады службæ хаста кæнæ искæцы хæстон архæйдтыты хайад иста æмæ уымæ гæсгæ хуымæ­тæджы арæхстысты æхсæнгарзæй æхсынмæ. Фæлæ видеоафыстытæм кæсгæйæ бæрæг у, кæрæдзи кæй хъыгдæрдтой, кæй нæ сын уыд тактикæ, сæ фезмæлд кæй уыд, профессионалон хæстон цæттæдзинад кæмæ нæй, ахæмты хуызæн. Ахæм террористон актты рæстæджы ма фыдгæнджытæ координацийы тыххæй алыхатт дæр фæпайда кæнынц рацитæй дӕр, фæлæ адонмæ уыдон дæр нæ уыдысты. Семæ ма бахастой «коктейль Молотова»-тæ бæстыхай басудзыны тыххæй, фæлæ уыцы «коктейль» саразынæн дæр бирæ зонындзинæдтæ нæ хъæуы.

Террористты схонæн нæй исламаг радикалтæ дӕр, уымæн æмæ амæлыны фæнд нæ кодтой. Зæгъæм, æрæджы, Мæхъæлы иу фатерыл  æрхъула  кодтой, æмæ сæрмагонд службæйы хæстонтæ æхсæз террористимæ цалдæр сахаты хæцыдысты,  цалынмæ  сæ  не скуынæг кодтой, уæдмæ.

Ацы теракты куратортӕ, ӕнӕмӕнг, ӕнхъӕл уыдаиккой, ома тыхон структурӕтӕ бынаты ныммардзысты таджикты ӕмӕ ничиуал ницы базондзӕн. Фӕлӕ ацы террористтӕ бынтондӕр мӕлыныл разы нӕ уыдысты. Сӕ иу дзы ӕрцахсыны рӕстӕджы куыд загъта, афтӕмӕй фыдракӕнд саразыныл сразы 500 мин сомыл. Се ‘рдӕг ын сӕвӕрдтой йӕ бангы карточкӕйыл, иннӕттӕм та ӕнхъӕлмӕ каст теракт саразыны фӕстӕ.

Сæ террористон акт саразыныл цас рæстæг бахардз кæндзысты, уый развæлгъау зыдтой æмæ стæй лидзынмæ фесты. Профессионалон цæттæдзинад сæм куы уыдаид, уæд фæстæмæ уыцы автомашинæйыл нæ ацыдаиккой, фæлæ развæлгъау æрцæттæ кодтаиккой æндæр автомашинæ. Стæй ма дихтæ дæр нæ аисты æмæ уый дæр сæ æдылыдзинадыл дзурæг у. Горæты цæугæйæ сын, æнæмæнг, уыд æххуысгæнæг, ома, амонæг, æндæра афтæ тагъд æмæ æнцонтæй нæ ахызтаиккой пробкæты. Фæндагыл цæугæйæ се ‘хсæнгæрзтæ аппæрстой, афтæ сæм каст, цыма сæ ничи базыдта æмæ сæ куы бауромой, уæддæр ницы гæнæг разындзысты.

 

Фыццаг хатдзæгтæ

Уæрæсейы Æддагон разведкæ­йы службæйы отставкæйы инæлар-лейтенант Леонид Решетников куыд æмбарын кæны, афтæмæй террористон акт уыд бæстон организацигонд, фæлæ дзы таджиктæ уыдысты æрмæстдæр «хардз кæ­ныны æрмæг» æмæ уымæ гæсгæ кураторты профессионалон командæ дæр уымæн нæ хъуыд.

«Террористтæн бардзырд радтой, ома, сбадут уæ машинæйы, ацæут пункт «А»-мæ, уым уыл фембæлдзысты, ратдзысты уын æхсæнгарз æмæ уын бацамондзысты, дарддæр цы хъуамæ аразат, уый. Искуы сӕ фæндагыл куы æрцахстаиккой, уæддæр сæм ницы радзуринаг уыдаид, ницы информаци сæм уыд. Теракт саразыны фæстæ сын Украинæмæ ацæуын куы бантыстаид, уæд та сæ кой дæр никуыцæйуал райхъуыстаид, ӕвӕццӕгӕн сӕ амардтаиккой. Таджикты равзæрстой барæй, цæмæй Украинæйы спецслужбæты азымы мачи бадара æмæ Уæрæсейы æхсæнад та схæццæ уа. Террористон акты  райдиан  этапы  «Крокус Сити Холл»-ы, æнæмæнг, уыдысты организаторты минæвæрттæ дӕр. Уыдон контроль кодтой операци æмæ стæй лыгъдысты иннæ адæмимæ. Теракты организатортæ æнхъæл нæ уыдысты æмæ таджиктæ удæгас баззайдзысты æмæ ма сын алидзын дæр бантысдзæн», – зæгъы Решетников.

 

Цы загътой террористтæ

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕн радтой бардзырд, цӕмӕй террористты ӕрцахсой удӕгасӕй. Уымӕ гӕсгӕ сæ фӕндагыл нӕ урӕдтой, комкоммӕ сæ нӕ фехстой. Автомашинӕ фехстой ӕмӕ афӕлдӕхт. Дыууӕйы дзы бынаты ӕрцахстой, иннӕ дыууӕ хъӕдмӕ балыгъдысты. Фӕлӕ сӕ фӕдыл 300 гӕрзифтонг хӕстоны ацыдысты ӕмӕ сын нӕ уыд алидзыны фадат. Ӕгъатыр лӕгмартӕ ӕмбӕхстысты къутӕрты, бырыдысты бӕлӕстыл, куыдтой ӕмӕ лӕгъзтӕ кодтой, цӕмӕй сӕ ма амарой. Цалдӕр сахаты размӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сылгоймӕгты чи мардта, уыдон ныр афтӕ цӕмӕн тӕрсынц?

Террористтӕ ахӕм тӕппудтӕ кӕй разындысты, уымӕн дӕр ис йӕхи аххосӕгтӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ сӕ фыдракӕндӕн нӕ уыд идеологон бындур, мотиваци сын уыдис ӕрмӕстдӕр ӕхца. Загътой сын, ома, бацæут ӕмӕ, цас уӕ бон бауа, уыйбӕрц адӕмы амарут. Лидзинаг куы фесты ӕмӕ йӕ куы бамбӕрстой, ӕрцахсдзысты сӕ, уӕд сӕ удтӕн фӕтарстысты. Дыккаг та уый, ӕмӕ фыдракӕнд сара­зыны  рӕстӕджы  террористтӕ    спайда кодтой наркотиктӕй ӕмӕ сӕ куы ӕрцахстой, уӕд наркотикты ӕндӕвдадӕй суӕгъд сты ӕмӕ сыл фыртӕсӕй ризӕг бахӕцыд. Банымыгътой ма сӕ хӕрзгӕнджыты дӕр ӕмӕ ныридӕгӕн ноджы ӕрцахстой авд адӕймаджы, кӕцытӕ сты теракт саразджыты ӕмархайджытӕ.

Террористты куратортæ чи уыдысты?

Ӕрфӕрсыны рӕстӕджы террористтӕ алцы радзурыныл дӕр сразы сты. Фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, рабӕрӕг уыдзысты сӕ куратортӕ дӕр, фӕлӕ ныридӕгӕн дӕр бӕрӕг у, Украинӕимӕ баст кӕй уыдысты, уый. Фӕлӕ ам банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ украинаг спеслужбӕтӕн уыйбӕрц авналӕнтӕ нӕй, цӕмӕй ахӕм теракт сорганизаци кӕной ӕмӕ ма йӕ таджикты къухтӕй саразой. Ӕнӕмӕнг дзы активон хайад райстой ныгуылӕны спецслужбӕтӕ дӕр. Дины фӕдыл историон зонӕдты доктор Роман Силантьев куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Украинӕйы спецслужбӕты бындуронӕй контроль кӕнынц ныгуылӕн ӕмӕ кӕнӕ ацы теракты цӕттӕ кӕныны информациимӕ зонгӕ уыдысты, кӕнӕ та сӕхӕдӕг дӕр хайадисджытӕ уыдысты.

«АИШ-ы спецслужбӕтимӕ нын террористты ныхмӕ тох кӕныны ис фӕлтӕрддзинад, кӕрӕдзийӕн дӕр-иу ӕххуыс кодтам. Зӕгъӕм, Санкт-Петербургы террористтӕ Казаны аргъуан срӕмудзынмӕ хъавыдысты иухатт ӕмӕ АИШ-ы спецслужбӕты ӕххуысы фӕрцы террористон акт не ‘рцыд. Абоны бон нын ахӕм ӕнгом ахастытӕ нал ис, афтӕмӕй та нӕм хӕстон уавӕр ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ террористон акттӕй бӕрӕг тӕссагдӕр у», – зӕгъы Силантьев.

Иу сахаты фӕстӕ Вашингтоны уайтагъд комментаритӕ дӕттынмӕ фесты, зæгъгæ, Украинӕ ницы аххосджын у!!! Нырма ницы бӕрӕг уыд, нырма ничи зыдта, чи  сарӕзта теракт, цӕмӕн, чи у азымджын. Уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ ныгуылӕн спецслужбӕтӕ бӕстон зыдтой хабӕрттӕ ӕмӕ фӕтарстысты, Украинӕйы аххосаг куы рабӕрӕг уа, уӕд мах дӕр семӕ уыдзыстӕм азымджынтӕ, зæгъгæ. 5 марты АИШ-ы паддзахадон  секретары   Виктория Нуланд отставкӕйы куы цыд, уӕд ӕртхъирӕнтӕ кодта Уӕрӕсемӕ, ома, уӕм нырма бирæ «сюрприз»-тӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы.  7 марты АИШ-ы ӕмӕ Стыр Британийы минӕварадтӕ бафӕдзӕхстой се ‘мбӕстӕгты, цӕмӕй Уӕрӕсейы уӕвгӕйӕ сӕхи хизой, бирӕ адӕм кӕмыты ис, ахӕм бынӕттӕй. Ӕмӕ ныр теракт куы ӕрцыд, уӕд уайтагъд «сӕ рӕзтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ» фесты.

Сербийы президент Вучич комкоммӕ фӕазымджын кодта ныгуылӕн бӕстӕты, ома сӕм теракт саразыны тыххӕй уыд информаци ӕмӕ сӕ цӕст нӕ бауарзта адӕмы мӕлӕтӕй бахизын.

Ныгуылӕн бӕстӕтӕ сӕ информацион ресурсты парахат кӕнын  райдыдтой, ома теракт сарӕзтой ИГИЛ-ы террористтӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ уыйбӕрц бацӕттӕгонд информаци ракалдтой интернеты тыгъдадмӕ ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, развӕлгъау ахӕм уавӕрмӕ сӕхи кӕй цӕттӕ кодтой. ИГИЛ-ы кой та уымӕн кӕнынц, цӕмӕй Украинӕйы мауал аххосджын кӕной ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр «сыгъдӕгӕй» баззайой.

ИГИЛ-ы хайадист ацы теракты у дезинформаци ӕмӕ уыцы фейктӕ апарахат кодтой ныгуылӕн информацион ресурстӕ. Ацы агитацион ӕрмӕджытӕ цахӕм масштабты па­рахат кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ ацы процесстӕ комкоммӕ кӕй контроль кӕнынц америкӕйаг ӕмӕ бритайнаг спецслужбӕтӕ. ИГИЛ-ы разамынад фехъусын кодта, зæгъгæ, Уӕрӕсейы теракты фӕдыл информаци никӕмӕн радтой. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ та, ИГИЛ у АИШ-ы арӕзт ӕмӕ йӕ финанстӕй дæр ифтонг кӕнынц америкӕйаг ЦРУ. Йӕ нысан та у, Астӕуккаг Азийы Уӕрӕсе ӕмӕ Китайы интерестӕ къуылымпы кӕнын.

 

Цырагъау цæмæн ссыгъд «Крокус Сити Холл»-ы бæстыхай?

Аразтадон экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы бӕстыхай афтӕ ӕнцонтӕй ма хъуамӕ ссыгъдаид. Ома бӕрӕг у, рӕстмӕ дзы кӕй нӕ куыста зынгхуыссынгӕнӕн системӕ. Афтӕ куы нӕ рауадаид, уӕд аварион системӕ сӕрмагонд хӕтӕлтӕй ракалдтаид дзӕвгар гуырахст дон ӕмӕ зынг ахуыссыдаид. Фӕмаруӕвджыты фылдӕр хай фӕхуыдуг сты фӕздӕгӕй ӕмӕ сыгъдхъӕстӕйӕ. Уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ дзы уӕлдӕфы вентиляци дӕр уагыл кӕй нӕ куыста. Уымӕй уӕлдай ма арӕзтадон ӕрмӕджытӕ дӕр дзуапп нӕ дӕттой ахӕм бӕстыхайы арӕзтадон стандарттӕн ӕмӕ сӕ нӕ уыд спайда кӕнӕн. Гъӕдджын арӕзтадон ӕрмӕджытӕ зынаргъдӕр вӕййынц ӕмӕ объектты хицӕуттӕ, экономийы тыххӕй, аслам китайаг арӕзтадон ӕрмӕджытӕй спайда кӕнынц.

Куыд ма рабӕрӕг, афтӕмӕй ацы объект кæронмæ арӕзт объектыл нымад нӕма ‘рцыдис, афтӕмӕй йӕ уӕддӕр бирæ азты дӕргъы эксплуатаци кодтой, куыд концертон зал, афтæ.

Владимир Путин 24 марты расидт трауры бон. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ дӕр Уӕрӕсеимӕ фӕрыстысты теракты фӕмаруӕвджытыл ӕмӕ махмӕ дӕр 24 март Президент Гаглойты Алан снысан кодта тра­уры боныл. Ахӕм фӕндон ма рахастой Абхазы, Никарагуайы ӕмӕ Сербаг республикӕты дӕр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.