Цыма ацы дунейыл йæ равзæрдæй нырмæ йæ  цардцæрæнбонты хæст чи нæ федта, хæст кæй бинонты нæ бацарыдта, иу ахæм фæлтæр уыдис?

Афтæ мах дæр, ирон адæм, цæрæм хæстæй хæстмæ. Иу хъæдгом нæма байгас вæййы æмæ та арвы бын ног сидзæртæ æнæ ныййарæг баззайынц, æнамонд ныййарджытæн та сæ адджын хъæбултæ мæрдтæм сæхи разæй фæвæййынц…

24-æм мартъийы Хуссар Ирыстоны адæм фæстаг хæрзбон загътой ноджы иу хъайтар Харебаты Зелимæн. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг-бархион фæмард Запорожьейы æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Харебаты Зелимæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты хиуæттæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ, республикæйы разамынад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй  Райгуырæн бæстæм æрласынæн чи баххуыс кодта, уыцы 237-æм уæлдæфон-десантон хæстон полчы минæвæрттæ.

Харебаты Зелим хъæбатырæй хæцыд Дон­басы нацистты ныхмæ 2014 азæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы кæимæ тох кодта, уыцы æмбæлтты ‘хсæн ын уыдис стыр кад. Зæрдæхæлар æмæ намысджын лæппуйæ йæ зыдтой иууылдæр. Йæ райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзы, уый алчидæр зыдта. Скъолайы ма ахуыр кодта, уæддæр бæрæг уыд, йæ туджы патриотизмы æнкъарæнтæ кæй ис. Йæ дыууæ дада дæр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисджытæ. Арæх-иу кодта сæ кой, сæрыстыр сæ уыд. Зелим активон хайад иста гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы дæр 2008 азы. Аккаг ныхкъуырд лæвæрдта гуырдзиаг тыхæйисджытæн.

Траурон митинджы Зелимы йæ чысылæй фæстæмæ хорз чи зыдта, уый, йæ  сыхаг Æлборты Игорь афтæ загъта: «Харебаты Зелим схъомыл ацы  уынджы. Мемæ алчидæр сразы уыдзæн, сыхбæсты Зелим уыд алкæмæн дæр уарзон хъæбул. Æмгæрттæн иузæрдион æмбал, кæстæртæн хистæр æмбал, зæрæдтæн – лæггадгæнæг. Сылгоймæгтæн – ныфс-иу кæмæй авæрдтой, ахæм адæймаг. Уæздандæр æмæ æгъдауджындæр лæппуйæн гæнæн нæ уыд. Бæргæ нæм сæрæгасæй куы æрыздæхтаид, фæлæ… Нæ лæппутæй нырма бирæтæ сты Сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ бинонтæм, сæ Ирыстонмæ æрыздæхой сæрæгасæй. Харебаты Зелим та уыд æмæ уыдзæн патриотизмы эталон».

Хæстоныл цыд 42 азы, баззад ын æхсæзаздзыд чызг.  Бинонты  адресыл æрæрвыстой бирæ тæфæрфæсы телтæ æмæ сæ алкæйы дæр бакастысты фыдохы ми­тинджы. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины барамындмæ гæсгæ Зелим хорзæхджын æрцыд «За боевые заслуги»-йы майданæй. Хорзæх    хъайтары бинонтæн радта Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварады минæвар. Гаглойты Аланы Барамындмæ гæсгæ та Зелим хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.