2004 аз. 1-æм сентябрь. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ ацы нысаниуæгджын боныл сæмбæлынмæ хъавыдысты Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, фæлæ…

2004 азы 1-æм сентябры райсомы 9 сахат æмæ 30 минутмæ æввахс æппæт Ирыстоныл æмæ æнæхъæн дунейыл айхъуыст, зæххы къорийыл иу ран дæр чи никуыма æрцыд, ахæм æвирхъау хабар. Фæлæ ныр æрцыд, æмæ та уый дæр Ирыстоны зæххыл. Цымæ цы аххосджын сты ирон адæм Хуыцауы раз? Иу уæззау цæфæй сæхи нæма æрæмбарынц, афтæ та-иу сыл ноджы фыддæр бон акодта. Æвæццæгæн, ахæм хъысмæт схай кодта Ирыстонæн Хуыцау куыд хуссары, афтæ цæгаты дæр. Хуссарирыстойнаг адæм цæрæнбонты уынгæджы сты сæ тугмондаг гуырдзиаг сыхæгтæй, цæгатирыстойнаг адæм та – мæхъæлон агрессортæй.

Цингæнгæйæ фыццаг хатт йæ къах скъолайы къæсæрæй чи æрбавæрдта, уыцы фыццагкъласонтæ æмæ иннæтæн цыбыр рæстæгмæ сæ бæрæгбонон уæлæдарæс тугхъулон фестади æмæ уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ скъуыдтæ кодта сæ тæригъæдæй. Уæрæсейаг каналтæй ацы æвирхъау хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм дæр катайы бахаудтой æмæ æнхъæлмæ кастысты, хабар цæуыл фæуыдзæн, уымæ. Мæ сыхæгтимæ уыцы æртæ æндыгъд боны æнæхъæн бонты баззадыстæм телевизоры раз æмæ нæ кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтам, зæгъгæ, лæгсырдтæ кæд тынг æгъатыр вæййынц ахæм цауты рæстæджы, уæддæр, зæгъ, ахæм чысыл сабитæм сæ къух куыд хъуамæ сисой марыны охыл. Фæлæ фыдæнхъæл фестæм, тугдзых лæгсырдтæ разындысты тынг  æлгъаг æмæ æгъатыр, æппындæр ницæуыл æлгъ кодтой, афтæмæй фыдудæй мардтой уыйбæрц адæмы. Рацыд иу бон, дыккаг бон, фæлæ амынæты кæй акодтой, уыдоны хъысмæты тыххæй бæстон хабар ничи зыдта, адæймаг хъуыста алыгъуызон дам-думтæ. Алчидæр æй бамбæрста, хабар æнæ уды зиæнттæ кæй нæ ахицæн уыдзæн, уый. О, фæлæ уæд афтæ æнхъæл ничи уыд, æмæ дзы уыйбæрц цардбæллон удтæ  бабын уыдзæн. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой, афтæмæй кæрæдзи фарстой. Цæй тыххæй? Цæмæн æрцыд ахæм хабар? Кæмæн цы ракодтой æнæхин суинаг кæстæртæ, бирæтæ дзы фыццаг хатт куы бавæрдтой сæ къах скъолайы къæсæрæй, уæд? Сæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, мах дæр нæ цæстысыгæй нæхи æхсадтам, æндæр сын цы нæ бон уыд баххуыс кæнын. Æнæ уæлдæфæй фыртæвды сулæфæн цы спортзалы нæ уыд, уым сæ алыварс алыгъуызон рæмудзæн æрмæ-джытæ, донмæ бæлгæйæ, зæрдæхъæрмттæ кæнгæйæ, уынгæджыйы 52 сахаты æмæ 50 минуты арвыстой æнæаххос адæймæгтæ, фæлæ лæгсырдтæм цы хъард-та. Дойнаг дур дæр фæрккай фæхаудаид, ацы суинаг цардбæллон кæстæрты тæ-ригъдмæ кæсгæйæ, уæд уыцы цъаммæртты цы мæдтæ ныййардтой, цы мæдтæ сын бадардтой мады æхсыр. Сæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, æнæхъæн дуне зæрдæскъуыдтæ куы кодта, уæд дыкъахыг сырдтæн сæ риуты зæрдæты бæсты дойнаг дуртæ уыд, æниу, ноджы ма йæ зæгъон: дойнаг дур дæр нæ бафæрæзтаид ахæм тæригъæдæн.  Тугдзых сырдтæ хынджылæг кодтой амынæттæй, бакодтой-иу сæ доны цурмæ, зæгъгæ  дзы уæ цæсгæмттæ æрæхсут, фæлæ, дам дзы иу хуыпп дæр чи акæна, уыдоны, дам, фехсдзыстæм. Зыдтой йæ, фырдойныйæ сæ бон дзурын дæр кæй нал у, уый æмæ сæ барæй доны цурмæ кодтой…

15 азы размæ, 3-æм сентябры 13 сахат æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. 15 азы фæстæ та 1-æм сентябры 1-æм скъолайы ногæй баиу уыдзысты дзæнгæрæджы зæрдæскъуынæн зæлтæ, ирон мæдты зæрдæхалæн хъарджытæ æмæ ирон адæмы кæуын. Ацы скъолайы кæрты æнустæм уæвынад кæндзысты зæрдæйы маст, катай, хъыг, рис æмæ цæссыг. Фæдзурынц, зæгъгæ, дам, рæстæг зæрдæйы хъæдгæмттæ гасгæнæг у, фæлæ  уый бынтон афтæ нæу, уымæн æмæ Беслæны террористты къухæй цы суинаг удтæ бабын сты, уыдоны æвирхъау амæлæтыл цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас тыхджындæр кæны сæ бинонты, Ирыстоны дзыллæты зæрдæты рыст, судзгæ рыстæн кæрон нæй æмæ йын, æвæццæгæн, никуы дæр уыдзæн. Сентябры ацы  æртæ тугхъулон боны æнустæм баззайдзысты ирон адæмы историйы. Нæй уыцы æртæ тугуарæн бонæн ферохгæнæн. 1-3 сентябры æлгъыстаджы скъолайы спортзалы къултыл фæмардуæвджыты къамтæм кæсгæйæ та адæймаджы зæрдæ уæлдай тынгдæр срисдзæн æмæ та адæм æнæвгъау сæ цæссыг калдзысты. Сæ хъæбулты чи фесæфта, уыцы ныййарæг мæдты хъарджытæм та, æвæццæгæн, æппæт уыцы тæригъæдтæн æвдисæн чи систы скъолайы, уыцы сыгъд къултæ дæр кæудзысты. Нæй ферохгæнæн, террористон зындоны арты чи бацарæфтыд, уыцы 334 зынгхуыст адæймагæн, уыдонæй 186 уыдысты сабитæ, иннæтæ та – ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ, нанатæ æмæ дадатæ. Нæй ферохгæнæн «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы зынгхуыст ирвæзынгæн-джытæн, сæ хъæбатырдзинад æнустæм цæрдзæн адæмы зæрдæты. 334 адæйма-джы æдзардæй мæрдтæм чи барвыста, стæй сæдæгæйттæй рынчын æмæ сахъатджынтæй чи баззад, уыдоны тæригъæд сæ фæстæ æфтыд фæуæд ацы æбуалгъы теракты организатортæ æмæ æххæст-гæнджытæн.

Ногæй та æрбалæууыд бæркадджын æмæ сыгъзæрин фæззæджы фыццаг мæй, фæлæ ацы мæй сыгъзæриныл нымад нал у фæмардуæвджыты ныййарджытæн, хиуæттæн, æппæт Ирыстоны цæрджытæн. Уымæн æмæ нын фæззæджы фыццаг мæй, тугхъулон сентябрь йемæ æрхæссы уæззау мысинæгтæ. Нæ хъустыл та ауайынц сабиты тыхст хъæртæ, зæгъгæ, «Гыцци, баххуыс мын кæн», «Дон, дон, дон». Дохтырты ныхæстæм гæсгæ цæфтæн сæ фылдæр хуыссыдысты уадзгуытæй, фæлæ сæ йæхи чи æмбæрста, уыдон та фæлхатт кодтой иу ныхас – «дон», «дон». Æрæджы Беслæны уазæгуаты уыдтæн мæ хиуæттæм æмæ мын сæ сыхæгтæй иу афтæ радзырдта, зæгъгæ, дам, амынæттæн террористтæ фыццаг бон дæттой дон чъизи бедратæй, фæлæ сæ, зæгъ,  уый фæстæ дыууæ боны дæргъы дойныйæ мардтой. Æртыккаг бон, дам дзы бирæтæ нуæзтой, æгæрыстæмæй, сæ доныхуыпп дæр. Амынæтты ‘хсæн уыд чысыл Бекъойты Ацæмæз дæр. Уымæн иу ран æрбадын йæ бон нæ уыд. Куыддæрты-иу ын бантыст спортзалæй рахизын. Уый-иу æрæмбырд кодта сывæллæтты фындзмæрзæнтæ æмæ-иу сæ туалетмæ бахаста. Уым-иу сæ схуылыдз кодта краны бынмæ æмæ-иу сæ байуæрста сабитыл, цæмæй-иу сæ ныллæмæрстаиккой æмæ-иу афтæмæй иучысыл уæддæр бауымæл кодтаиккой сæ былтæ…

Ацы æвирхъау трагедийæ кæд 15 азы рацыд, уæддæр махæй алкæйы зæрдыл дæр лæууы, раст цыма знон уыд, афтæ. Уыцы зæрдæскъуынæн кадртæм кæсгæйæ, ныр 15 азы фæстæ дæр цæссыгтæ фемæхсынц æнæвгъау.  Азфыссæг Мæргъиты Алекси Беслæны трагедийыл цы чиныг сарæзта, уым цы зæрдæхалæн къамтæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаджы зонд фæхæццæ вæййы. Ау, куыд гæнæн уыд, æмæ уыйбæрц суинаг кæстæртæ бабын уыдаиккой, лæгсырдтæ куыд мардтой фыдудæй сыгъдæг, æнæхин цæстытæй сæм цы сывæллæттæ кастысты, уыдоны. Хатт нæм афтæ фæкæсы, цыма ацы æбуалгъы трагеди не ‘рцыд Ирыстоны чысыл, сабыр горæт Беслæны, фæлæ сты фантастикон кинонывы кадртæ… Нæ, ахæм диссаг адæмы зæрдæтæй никуы ферох уыдзæн æмæ нын цæрæнбонтæм уыдзæн риссаг, йæ туг кæмæн мæцы, ахæм хъæдгомы хуызæн…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.