Сухумы уæрæх форматы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы фембæлд.

Аслан Бжания раарфæ кодта Гаглойты Алан æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн, банысан кодта, дыууæ æфсымæрон адæмты ‘хсæн æмахастыты ахсджиагдзинад.

«Абхазы адæмы номæй дын зæгъын бузныг кæй нæм æрцыдыстут, уый тыххæй. Абхазæн ахæм ахсджиаг бæрæгбоны ам кæй стут, уыцы хъуыддагæн ис йæхи бындур. Нæ адæмты ‘хсæн æмахастытæ зындгонд сты алкæмæн дæр: нын тынг зынаргъ æмæ æввахс стут,  хуымæтæджы уæ нæ хонæм не ‘фсымæртæ. Уымæ гæсгæ уын, арфæ кæнын ацы бæрæгбоны цытæн. Бузныг уын, нæ фарсмæ кæй стут», – загъта Аслан Бжания.

Гаглойты Алан бузныг загъта Аслан Бжанияйæн йæ хъарм химæрайсты тыххæй.

«Мах нæ хæсыл нымайæм æфсымæрон абхазаг адæмы фарсмæ лæууын. 30 азы историйæн цъус рæстæг у, фæлæ уыцы азты ист æрцыд Абхазы адæмæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ. Сымахимæ иумæ нысан кæнæм Абхазы Уæлахиз æмæ Хæдбардзинадыл 30 азы сæххæсты бон. Тынг ахсджиаг, аккаг æмæ рæсугъд у, адæм активон хайад кæй райстой паддзахадон мадзæлтты. Ацы æртын азы дæргъы цауты, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны адæм рацыдысты иумæ, сæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, иумæ хæдбардзинады сæраппонд тох кодтой, рæстдзинад æмæ аккагæй райстой хæдбардзинад нæ стратегион партнеры фарсæрдыгæй», – загъта уый.

Кæддæриддæр хъуамæ уæм æфсымæрон адæмы фарсмæ

Фембæлды кæрон Гаглойты Алан Абхазы æмæ æппæт æфсымæрон адæмæн йæ цæст бауарзта фæрныгад, сабырад, дидинæфтыд.

Хуссарирыстойнаг фарсæй фембæлды хайад райстой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов, Президенты æххуысгæнæг Плиты Алан æмæ Республикæ Абхазы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Боциты Олег.

Абхазаг фарсæй та – Вице-президент Бадра Гунба, Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Абесалом Кварчия æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания дидинджытæ сæвæрдтой Республикæ Абхазы фыццаг президенты мемориалы раз. Цырт æвæрд ис хъæу Дæллаг Эшерайы.

Уæлахиз æмæ Хæдбардзинады боны сæйраг мадзал ссис æфсæддон парад Сухумы.

Кæддæриддæр хъуамæ уæм æфсымæрон адæмы фарсмæ

Сæрибардзинады фæзуаты рацыдысты Республикæ Абхазы æмæ Уæрæсейы Федерацийы парадон хыгъдтæ æмæ æфсæддон техникæ. Парады хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады парадон хыгъдтæ.

Уагъд ма æрцыд цæугæдон Баслайы уылты хид байгом кæныны церемони æмæ бæрæгбонон концерт. Хид  сарæзтой Республикæ Абхазы Уæлахиз æмæ Хæдбардзинадыл 30 азы сæххæсты цытæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.