Æмдзæрины хъæуы проблемæтæ

Президент Гаглойты Алан йæ балцы райдианы бацыд дæрддаг хъæу Æмдзæрины  сывæллæтты цæхæрадонмæ, кæцы нымад цæуы аварионыл.

Сывæллæтты цæхæрадоны директоры ныхæстæм гæсгæ ацы объект арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 80-æм азты, 2016 та йæ скодтой капиталон цалцæг.

«Капиталон цалцæг æй рахонын зын у. Аразджытæ  бирæ цухдзинæдтæ ныууагътой сæ фæстæ æмæ сывæллæттæ ныр вæййынц фыццæгæм уæладзыджы, дыккаг уæладзыджы бынтондæр уавæртæ нæй кусынæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг карзæй скритикæ кодта аразджыты куыст.

Æз афтæ нырма никуы федтон. Ахæм бæстыхай сарæзтаид æрмæстдæр Ирыстоны знаг!», – фехъусын кодта Президент.

Гаглойты Алан баныфсæвæрдта æппæт цухдзинæдтæ дæр аиуварс кæнын, афтæ ма бахæс кодта, цæмæй йæм бавдисой ацы объекты проектон-сметон документаци æмæ хыгъд радтой сывæллæтты цæхæрадон сцалцæг кæнынæн кæй рахицæн кодтой, уыцы æхцатæ цæуыл бахардз сты, уый тыххæй.

Дарддæр Гаглойты Алан бацыд ацы хъæуы спортзалмæ. Спортзал эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2019 азы, фæлæ абон дæр нæма кусы.

Президентæн Ленингоры районы сæргълæууæг Гæджиты Илларион куыд радзырдта, афтæмæй объекты подрядонтæ эксплуатацимæ радтой кæронмæ йæ нæ фæугæйæ – æмæ æмбæрзт дон уадзы, нæ йæм бауагътой электрохахх æмæ дон.

«Уый у ахсджиаг объект нæ фæсивæдæн æмæ æппæт дæр саразын хъæуы уый тыххæй, цæмæй скуса. Мах фæндыд залы спортивон инветарæй сифтонг кæнын, фæлæ ахæм бынаты тренажертæ сæвæрын раст нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ адих кæнæм нæ хæсты – мах нæхирдыгæй сифтонг кæндзыстæм залы æмæ йæ районы разамынад та цалцæг скæнæд», – загъта Президент.

Гæджиты Илларион баныфсæвæрдта кæй сцалцæг кæндзæн зал æмæ кæй аиуварс кæндзæн цухдзинæдты.

Президент бацыд мидхъуыддæгты хайады бæстыхаймæ дæр æмæ ныхас кодта йæ кусджытимæ. Уымæн радзырдтой, зæгъгæ, бæстыхайы хъæуы рог цалцæг скæнын æмæ президентмæ бахатыдысты, цæмæй сын самад кæна дыууæ хъармгæнæн радиаторы зымæгмæ.

Гаглойты Алан ныфс бавæрдта ацы проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Дарддæр Президент бацыд бынæттон амбулаторимæ æмæ ныхас кодта йæ персоналимæ.

Хистæр медицинон хо Коцты Алисæ радзырдта президентæн, кæй сын нæ фаг кæны хардзгæнæн æрмæджытæ, глюкометрæн тестаразæн, афтæ гемоглобин сбарыны тыххæй дæр æрмæджытæ.

«Фæуд кæнынц не ‘шприцтæ дæр, афтæ ма нын нæ фаг кæнынц тугуромæн медикаменттæ дæр», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма кусджытæ хъаст кодтой ног бæстыхай æмбæлонæй кæй нæ хъарм цæуы, афтæ ма цалцæгкæнинаг кæй у канализацион системæ.

Президент йæ рады загъта, зæгъгæ, амбулатори хъуамæ ифтонг цæуа æппæт ранымад препараттæй æмæ бахæс кодта, цæмæй ацы фарстмæ æркастæуа.

Медперсоналы ма тыхсын кодта куыстмызд фидыны æнæмбæрст схемæ, афтæ йæ бамбарын кæнгæйæ, зæгъгæ, алы мæй дæр уыдонæн радтынц алыгъхуызон суммæтæ 500 сомæй1500 соммæ.

Кусджытæ ма хицауады сæргълæууæгæн радзырдтой, Ленингоры районы рынчындоны разамынад, кæцы сæм йæ хъус дары, уыдонæй кæй систой 1,5 ставкæйы, куыст та домынц раздæр куыд уыд, афтæ.

Уымæй дарддæр ма уыдон ахсджиаг проблемæйыл банымадтой районы аптекæ кæй нæй æмæ цæрджыты кæй бахъæуы хостæ æлхæнынмæ Цхинвалмæ ацæуын.

 Фембæлд хъæуы цæрджытимæ

Дарддæр паддзахады сæргълæууæг фембæлд цæрджытимæ æмæ æруынаффæ кодтой, фылдæр цæуыл тыхсынц, уыцы проблемæтыл.

Цæвиттон нын ныфс бавæрдта цæрджытæн Æмдзæрины хъæуы кæй сараздзысты сывæллæтты ног хъазæн фæзуæттæ. Уыдон республикæмæ æрбаласдзысты 40 бонмæ.

Цæрджыты тыхсын кодтой ахæм фарстытæ, кæцытæ хаудысты донхæргæнæн системæмæ, бастдзинадмæ, хъæууонхæдзарадон техникæмæ æмæ а.д.

Гаглойты Алан йæ раныхас райдыдта уымæй æмæ Президенты бынатмæ куы бацыд,  уыцы рæстæгæй республикæйы разамынад æппæт хъарутæ дæр кæй здахы уымæ, цæмæй «Уæрæсейы ‘рдыгæй æууæнк сæндидзынчындæуа» æмæ раздæр цы цухдзинæдтæ æруагъдæуыд, уыдон иуварс æрцæуой.

Паддзахды сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы казначействойы басгæрсты акт фенын кодта æппæт цухдзинæдты дæр, кæцыты раздæр æруагъдæуыд æмæ уый фæстиуæгæн республикæмæ æхцатæ нал цыд, ацы цухдзинæдтæм хауæг статьятæм гæсгæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Президенты ныхæстæм гæсгæ РХИ-йы социалон-экономикон рæзты Инвестицион программæ æххæст æрцыд, уыимæ графикæй раздæр.

Гаглойты Алан ма радзырдта, зæгъгæ, абоны бонмæ Генпрокуратурæ уадзы фæдагурæн мадзæлттæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты финансон фæрæзтæ паплой кæнын æмæ æнæнысанæй хардз кæныны фæдыл.

«Фæрæзтæ æнæнысанæй хардз кæныны иу ахæм цæвиттон у Ахмадзы хъæуы скъолайы капиталон цалцæг дæр. Куыд уыдис гæнæн ацы аразджыты ауадзын, цы сарæзтой, уый фæстæ? Уыдонæн сæ бынат ис ахæстоны!», – загъта президент.

Сæ проблемæты тыххæй дзургæйæ, цæрджытæ хъаст кодтой арæнгæрон службæйы кусджытæ сæ, документтæ сæм хатт кæй нæ вæййы, уый тыххæй кæй ивар кæнынц, уыцы документтæ та бар дæттынц арæнгæрон зонæйы хæдзарадон архайд кæнынæн. Хъæуы иу цæрæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй арæх ставдкъах фос хизгæйæ, уыцы документтæ адæймагæй айрох  вæййынц æмæ уый нымад цæуы фæткхалыныл æмæ сæ фæивар кæнынц.

Президент бамбарын кодта, зæгъгæ, закъон хауы алы цæрæгмæ дæр, кæцытæ цæрынц арæнгæрон зонæйы, арæнхъахъхъæнджытæ та æххæст кæнынц, 2008 азы фæстæ Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстон цы Сразыдзинадыл æрфыстой сæ къухтæ, уыцы пунктты.

Уыимæ уый æмбæлон хæслæвæрдтæ радта ацы фарстыл бакусыны тыххæй æмæ цæрджытæн хуыздæр куыд уа, ахæм уынаффæ райстæуа.

Фембæлды рæстæджы хъæуы цæрджытæ бахатыдысты президентмæ, цæмæй сæвæрой терминалтæ мобилон бастдзинад бафидыны тыххæй.

«Телефоны баланс куы фæуд кæны, уæд мах бахъæуы Цхинвалмæ ацæуын, цæмæй йæ баххæст кæнæм. Баххуыс нын кæнут ацы фарст аскъуыддзаг кæныны», – загътой цæрджытæ.

Президент йæ рады ныфс бавæвæрдта цыбыр æмгъуыдты баххуыс кæнынæй, цæмæй байгом уа бастдзинады салон.

Хъæууонхæдзарадон техникæ кæй нæ фаг кæны, ууыл дæр æруынаффæ кодтой фембæлды рæстæджы. Цæрджытæ тыхстысты техникæ кæй нæ фаг кæны хуымзæххытæ гъæдджынæй бакусынæн.

Фембæлы уæвæг хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта ныртæккæ куыст кæй цæуы акционерон æхсæнад «Росагролизинг»-имæ лизингмæ гæсгæ хъæууонхæдзарадон техникæ самал кæныныл.

«Раст у, цы техникæ ис æмæ чи кусы, уый базæронд. Фæлæ уæддæр кусы æмæ æххæст кæны йæ хæстæ. Мах ацы районмæ дарæм иууыл лæмбынæгдæр хъусдард æмæ кæддæриддæр архайæм, цы проблемæтыл сæмбæлут, уыдоны аскъуыддзаг кæныныл. Æввахс рæстæджы мах райсдзыстæм ног техникæ, кæцы фенцондæр кæндзæн сымах æмæ мах куыст дæр», – загъта министр.

Фембæлы цы ахсджиагдæр фарстыл дзырдтой, уый уыд донхæры донæй ифтонг кæнын.

Мæргъиты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй дон нал цæудзæн Зонкъары донæмбырдгæнæнæй, раздæр куыд уыд, афтæ, уымæ гæсгæ уынаффæ расйт æрцыд, цæмæй цалцæг æрцæуа Тирипоны къанау æмæ афтæмæй хъæу ифтонг цæуа донхæры донæй ифтонг кæнынæн.

Президент йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад рахицæн кæндзæн 5 милуан сомы Тирипоны къанау сцалцæг кæныны тыххæй æмæ уый фадат ратдзæн Æмдзæрины цæрджыты донхæры донæй.

«Æз зонын проблемæйы æмæ йæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй ныридæгæн рахицæн æрцыдысты фæрæзтæ. Ныртæккæ цæуынц хъæуæг цалцæггæнæн куыстытæ æмæ ацы сæрды сымах ифтонг æрцæудзыстут донхæры донæй», – фехъусын кодта президент.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис бынæттон кафты ансамблæн костюмтæ самал кæныны, цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны, æхсæнадон транспорт кæй нæй, цæмæй райцентрмæ бафтай æмæ æндæр ахæм фарстытыл.

Президент йæ рады  ныфс бавæрдта контролмæ кæй райсдзæн ацы фарстаты æмæ радта къорд æмбæлон хæслæвæрдтæ.

 Фембæлд Ленингоры районы цæрджытимæ

Президент Гаглойты Алан фембæлд Ленингоры райцентры цæрджытимæ.

Фембæлды хайад райстой Ленингоры районы Администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларион, Парламенты депутат Дриаты Заза, Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан.

Æрæмбырдуæвджытæн Президент фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр цæттæ у диалогмæ æмæ æппæт фарстатæм дæр байхъусынмæ.  Загъта, зæгъгæ, Ленингоры районы цы проблемæтæ аскъуыддзаг кодтой, уыдонæй сæ иу уыд Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæн байгом кæнын.

Фæлæ, бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдон уæддæр æййафынц цавæрдæр зындзинæдтæ. Сæрмагондæй цæрджытæ хъаст кæнынц, Гуырдзыстоны цæрæг сæ хæстæджытæн пропусктæ райсын сæ бон кæй нæу, уый тыххæй. Уый та æркодта бинонты ныддихтæм. Иуæй-иутæ сæ бинонты нæ федтой цалдæргай азты.

Гаглойты Алан сын ныфс бавæрдта, кæй æркæсдзæн ацы фарстмæ. Зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбацæуыны бар уыдзæн, Ленингоры районы хæстæджытæ кæмæн ис, æрмæстдæр уыцы адæймæгтæн. Паддзахадон арæны сæрты рахизыны фæдыл пропустæ райсыны тыххæй документтæ та ногæй бадæттын хъæудзæн æмбæлон органмæ.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры, уыдон иууылдæр сæхи хъуамæ нымайой хуссарирыстойнаг æмбæстæгтыл.

«Махæй алкæмæн дæр йæ хæс у æхсæнады рæзт, нæ республикæйы æмæ нæ адæмы хæрзæбонæн кусын», – загъта уый.

Цæрджытæ иууыл тынгдæр цымыдис кодтой, цалдæргай бынæтты чи кусы, уыдоны фæдыл фарстатæ. Сæ номхыгъд сын радтой Президентмæ. Уый сын ныфс бавæрдта социалон фадыджы цалдæргай бынæтты кусджыты тыххæй фарстыл кæй бакуыстæуыдзæн æмæ, зæгъ, скъуыддзаг æрцæудзæн.

«Нæй гæнæн, æмæ иу адæймаг дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты куса, афтæмæй  иннæтæн та куысты бынæттæ ма уа. Æркæсын хъæуы, æнæниздзинад æмæ ахуырады фадыджы цалдæргай бынæтты чи кусы, уыдоны фарстмæ. Цалдæр бынаты кусæны бар ис,  специалисттæ куы нæ фаг кæной, æрмæстдæр уæд», – бахахх кодта республикæйы сæргълæууæг.

Фембæлды хæдразмæ Президенты уагæвæрдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы кусдзæн, республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады бæрæг кæныны рæстæджы Уæрæсейы Казнæйон уагдон цы  цухдзинæдтæ сбæрæг кодта, уыдон аиуварс кæныныл. Цухдзинæдтæ аиуварс кæнынæй дарддæр ног арæзт къамис кусдзæн медицинон кусджыты оптимизацийы фæдыл мадзæлттæ исыны хъуыддагыл дæр.

Районы цæрджытæ Президентмæ бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæна æлхъывд газ рæстæгыл ласыны проблемæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

«Нырма уал уын фадат уыдзæн æлхъывл газ ласæн машинæйæ пайда кæнынæн. Дарддæр мах фæнд кæнæм республикæйы æппæт районтæ дæр æрдзон газæй сифтонг кæнын. Уымæй дарддæр цалцæг цæуынц фæндæгтæ, иуварс цæуынц донифтонгады проблемæтæ куыд поселочы, афтæ æндæр хъæуты дæр. Фæнд кæнæм æнæхъæн районы рухсыты плафонтæ æмæ электронон рухсы аварион цæджындзты раивын дæр», – загъта Президент.

Радзырдта сын сывæллæтты фæзуæтты арæзты тыххæй дæр.

«40 бонмæ республикæмæ æрластæуыдзæн сывæллæтты ног хъазæн фæзуæттæ. Уыдон ратдзыстæм Æмдзæрины хъæу æмæ Ленингоры поселокæн. Курæг дæн районы администраци æмæ фæсивæдæй, цæмæй сæ уыдон сæвæрой», – загъта уый.

Фембæлды рæстæджы дзырдтой Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады техникæйы хъуагдзинады проблемæйы тыххæй дæр.

«Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан бацæттæ кодта хъæуæг техникæйы номхыгъд æмæ ныртæккæ республикæйы къухдариуæгад кусы  АО «Росагролизинг»-имæ хъæууонхæдзарадон техникæ балхæныны фарсты фæдыл. Куыддæриддæр райсæм ног техникæ, афтæ сын сæ иу хай ратдзыстæм Ленингоры районæн», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент ма сын радзырдта, республикæйы районты хуыйæн фабрикæ «БТК»-йы филиалтæ кæй бакæндзысты, уый тыххæй дæр.

«Уæрæсейаг компанийы къухдариуæггæнæг Боллоты Таймуразимæ бадзырдæуыд, цæмæй республикæйы районты центрты бакондæуа фабрикæйы филиалтæ. Мах сын бацæттæ кæндзыстæм бынат æмæ кусæг тых. Уæлæмхас филиалты бакондæй фæфылдæр уыдзысты кусæн бынæттæ республикæйы районты. Раздæр уал бацæттæ кæндзысты кусджыты», – загъта Президент.

Уый цæрджытимæ ныхас кодта æртæ сахаты бæрц. Уый фæстæ бæстæйы сæргълæууæг бабæрæг кодта Ленингоры  Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Президент базонгæ æрмдæсны сывæллæтты куыстытимæ, федта, æрæджы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны районон базæйыл Уæрæсейы Федерацийы рухсады министрадæн цы  центр  байгом, уый.

Ахуырадон хъомылгæнинæгты номæй уагдоны директор Быценты Гуло Президентæн балæвар кодта йæ ахуыргæнинæгты конд ныв.

«Сывæллæттæ тынг хорз уавæрты исынц æмбæлон зонындзинæдтæ. Дис мæм кæсы, ахæм стыр куыст кæй кæнут, уый. Бузныг уын», – загъта Президент.

Уый фæстæ та Гаглойты Алан бабæрæг кодта районы сывæллæтты хæдзар, базонгæ сывæллæтты цæрыны уавæртимæ, афтæ ма бабæрæг кодта уагдоны музейы дæр.

Уагдоны директоры хæстæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты хæдзар ницы цух у, кусы æмбæлон режимы. Нырттæкæ дзы ис авд сывæллоны.

Уыдон республикæйы къухдариуæгадæн фенын кодтой сывæллæттæ хъæдæй цы мигæнæнтæ аразынц, уыдон.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.