Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста, инаугурацимæ æрцæуæг делегациты уæнгты.

Никарагуайы делегацийы сконды уыдысты: Республикæ Хуссар Ирыстоны Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Альба Ассусена Торрес Мехия æмæ Никарагуайы Минæварады уынаффæгæнæг Дайнес Гисель Мелендес Кастро.

Паддзахады сæргълæууæг уазджытæн раарфæ кодта æмæ сын бузныг загъта инаугурацийы цытджын церемонийы хайад райсыны сæраппонд æмæ Республикæ Никарагуайы Президент Даниель Ортегайæн арвыста иууыл хуыздæр фæндиæгтæ.

«Ныфс мæ ис, нæ æмахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты, уымæй. Нæхи ‘рдыгæй фарс мах æппæт дæр араздзыстæм дыууæфарсон ахастыты рæзты тыххæй», –  загъта   Гаглойты Алан.

Йæ рады Альба Ассусена Торрес Мехия бузныг загъта Гаглойты Аланæн, кæй сæ фæхуыдта æмæ сæ зæрдиагæй кæй райста, уый тыххæй æмæ йын загъта æнтыстыты фæндиæгтæ.

 

***

Президент фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы делегациимæ.

Делегацийы сконды уыдысты:  Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Наталья Никонорова, Адæмон Советы Сæрдар Владимир Бидевка æмæ Адæмон Советы депутат Валери Скороходов.

ФЕМБÆЛДТЫТÆ ФÆСАРÆЙНАГ ДЕЛЕГАЦИТИМÆ

Уазджытæн «æгас цу» зæгъгæйæ сын паддзахады сæргълæууæг загъта бузныджы ныхæстæ, Донецкы Адæмон Республикæйæн ахæм уæззау рæстæджы инаугурацийы церемонийы хайад райсынмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

«Махæн хорз зындгонд у, ныртæккæ хæларадон Донецкы Адæмон Республикæйы цы цаутæ цæуы, уый. Хуссар Ирыстон дæр ахæм фæндæгтыл рацыд, фæлæ адæм бафæрæзтой æмæ банысан кодтой сæ хæдбардзинады бæрæгбон. Нæ цæст уын уарзы, цæмæй Донбассы адæм дæр æрцæуой, цæмæ тырнынц, уыцы бæрзæндтæм æмæ æнтыстытæм. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр уæ фарсмæ кæй сты. Мæн уырны уый, æмæ цыбыр рæстæджы Донбассы зæххыл æлдариуæг кæндзæн  сабырдзинад», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма Президент радзырдта, Донбассы зæххыл сабырдзинад цæмæй уа, уый фæстиуæгæн Ирыстоны бархионты æххуысы тыххæй.

Йæ рады Наталья Никонорова раарфæ кодта Гаглойты Аланæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстонимæ æмахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.

«Мах стыр кадыл нымайæм, Хуссар Ирыстоны адæмæн ахæм нысаниуæгджын мадзалы хайад кæй исæм, уый. Арфæ дын  кæнæм. Уый æцæгæй дæр стыр бæрндзинад у.  Мах уырны, ды кæй сарæхсдзынæ æмæ хуссарирыстойнаг адæмы æууæнк дæлæмæ кæй не ‘руадздзынæ», – загъта уый.

 

***

Президент фембæлд Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федеацийы Советы комитеты Сæрдар Фарит Мухаметшинимæ.

Фарит Мухаметшин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн, Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй, ныфс ын бавæрдта алыварсон æххуысы тыххæй.

«Махæн æхсызгон уыдзæн дарддæр дæр æнтыстджынæй куы рæзæм æмæ  иумиаг тыхтæй æмкуыст куы кæнæм», – загъта уый.

Йæ рады Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Фарит Мухаметшинæн, РХИ-йы президентон æвзæрстыты æхсæнадæмон хъусдарджыты хуызы йæ активон хайадисты тыххæй, РХИ-йы Парламент æмæ УФ Федерацийы Со-веты æмахастытæ банысан кæнгæйæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, мах стыр аргъ кæнæм, Уæрæсейы Федераци нæ республикæйæн цы стыр æххуыс кæны, уымæн. Уыцы æххуыс мах здахæм нæ республикæйы цардархайды алы фадгуытæм.

Æвзæрстытæм цы программæимæ цыдтæн , уый здæхт у нæ адæмы цард фæхуыздæр кæнынмæ. Адæм нæ фехъуыстой æмæ ныл баууæндыдысты, æмæ адæмы æууæнк фесафыны бар  махæн нæй. Мах нысанмæздæхтæй реализаци кæндзыстæм нæ программæ æмæ нæ ныфс ис не стратегион партнер Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынадæй», – загъта уый.

***

Президент йæхимæ райста Кæсæг-Балхъары делегацийы Республикæйы Сæргълæууæджы Администрацийы къухдариуæггæнæг Мухамед Кодзоковы сæргълæудæй.

Уазджытæн «æгас цу» зæгъгæйæ, Гаглойты Алан банысан кодта цæгаткавказаг республикæтимæ хъарм, хæларадон æмæ æфсымæрон ахастытæ. Уазджытæн загъта бузныджы ныхæстæ.

«Кæддæриддæр нæ дуæрттæ гом сты уазджытæн. Хуссар Ирыстоны уазæгуарзон адæм кæддæриддæр стыр æхсызгонæй æмбæлдзæн нæ хæлæрттыл», – загъта уый.

Йæ рады Мухамед Кодзоков раарфæ кодта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн.

«Ды раст дæ, мах, æфсымæртæ, хæлар сыхæгтæ стæм. Уырны мæ, махмæ æнхъæлмæ кæсынц нæ адæмы хæрзæбоны тыххæй  хорз хъуыддæгтæ. Алы хатт дæр мын æхсызгон у уæ уынд нæ республикæйы. Мах цæттæ стæм æмгуыст кæнынмæ æмæ нæ ахастыты дарддæры рæзтмæ. Махæн æппæтдæр бантысдзæн», – загъта уый.

 

***

Гаглойты Алан фембæлд Цæцæны Республикæйы делегациимæ, кæцыйы сконы уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Джамбулат Умаров æмæ Парламенты депутат Шаид Джамалдаев.

Президент раарфæ кодта уазджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ арвыста Цæцæны Республикæйы Сæргълæууæг Рамзан Кадыровмæ. Банысан кодта, зæгъгæ, æфсымæрон республикæты ‘хсæн цы хæларадон æмахастытæ ис, уыдон дарддæр дæр рæздзысты æмæ фидар кæндзысты.

«Нæ зæрдыл лæууы, цы зынвæндæгтыл рацыдысты цæцæйнаг адæм, уый. Фæлæ абон Цæцæйнаг Республикæ фидар лæууы йæ къæхтыл, реализаци кæны стыр проекттæ, размæ цæуы алы фадыджы дæр. Мах кæрæдзийыл бæттынц  хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады традицитæ, кæцыты дарддæр дæр æнтыстджынæй фидар кæндзыстæм», – загъта Президент.

Йæ рады Джамбулат Умаров банысан кодта, хуссарирыстойнаг адæмы политикон равзæрстæн стыр аргъ кæй кæнынц, уый.

«Мах кад кæнæм Хуссар Ирыстоны адæмы равзæрстæн  æмæ нæ ныфс ис,  уый не ‘мгуысткæнынады ног импульсæн бындур кæй æрæвæрдзæн. Арфæйы ныхæстæ зæгъын ма мæ фæнды Цæцæйнаг Республикæйы Сæргълæууæг Рамзан Кадыровы номæй дæр, кæцы нын бахæс кодта, зæгъгæ, цæцæйнаг адæм, куыд Кавказы хæххон адæмтæй сæ иу, афтæ кæй уыдзæн сæ æфсымæрты интересты фарсхæцæг», – загъта уый.

***

РХИ-йы Президент фембæлд Хъæрæсе-Черкесийы Республикæйы делегациимæ, кæцыйы сконды уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Джанибек Суюнов æмæ мулкон ахастыты министр Роман Баскаев.

«Æхсызгон мын у, сыхаг республикæтæй не ‘фсымæртæ рæстæг кæй ссардтой æмæ бахъуыды сахат нæ фарсмæ кæй сты», – загъта уый æмæ банысан кодта, ныфс æй кæй ис, æмахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты, уымæй.

Джанибек Суюнов бузныг загъта Гаглойты Аланæн хъарм химæрайсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хъæрæсе-Черкеси æмæ Хуссар Ирыстон кæддæриддæр баст уыдысты сæрмагонд ахастытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.