Ныры дуджы нывкæнынады аивады стрит-арт ссис популярон здæхæн. Граффити, кæнæ уынджы аивад кæй хонынц, уый Цхинвалы уынгты сарæх. Фæлæ сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ, хъæуы уагæвæрд æххæст кæнын. Ныв хъуамæ вандализмыл нымад ма ‘рцæуа. Стрит-арт чи уарзы, уыдон хъуамæ æххæст кæной сæрмагонд домæнтæ.

Йæ ахорæнтæй горæты уынгтæ барæсугъд кæнын кæй фæнды, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Бирæфатерон хæдзары цæрджытæ нывимæ хъуамæ, æнæмæнг, сразы уой, закъон куыд амоны, афтæ. Бузныг мæ зæгъын фæнды хъæппæрисджын фæсивæдæн, сæ истори чи нæ рох кæны æмæ йæ гаффитийы хуызы адæмы размæ чи хæссы, уыдонæн.

Граффити хъуамæ уа цымыдисаг, хъæлдзæг кæнæ æндæр исты хъуыды æмæ мидис хæсса. Граффитийы аивадæй адæймаджы зæрдæ райы. Къулæн йæ хуыз аив куынæ уа, уæд дзы фæлтау граффити уæт.

Аивадимæ баст фæлгæнцты æмрæнхъ арæх къултыл фæзынынц æнæмбæлон фыстытæ дæр. Уый та хорзыл дзурæг нæу.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы къул бынӕттон нывгӕнджытӕ сныв кодтой маскӕйы ӕмӕ сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы медикы хуызистӕй. Арт-объект арӕзт æрцыд, коронавирусы пандемиийы рӕстӕджы цы медиктӕ куыстой, уыдонӕн бузныджы нысанӕн.

Граффити арӕзт æрцыд Вокзалгӕрон уынгыл уӕвӕг хӕдзары сисыл, йӕ уӕлӕ та уӕлфыст «Спасибо за ваш труд» дохтыр ирон тырысаимӕ.

Фыццаг космонавт Юрий Гагарины фæлгонц нывгонд æрцыд Цхинвалы 12-æм скъолайы къулыл, кæцы ивгъуыд æнусы 70-æм азтæй фæстæмæ хæссы йæ ном, дзурæг у æрмæст ахуырадон уагдоны нæ, фæлæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоны адæм стыр кад кæй кæнынц стыр космонавтæн, ууыл. Ахæм хъуыды равдыста Хуссар Иры Россотрудничест-войы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов. Фыццаг космонавты стыр æмæ рæсугъд   фæлгонц фæзынд скъолайы къулыл апрелы фыццаг бонты. Фасад сфæлындзыны хъуыды æрцыд скъолайы ахуырады хайады гæс Дзæгъиаты Еленæмæ. Уый йæ фæнды тыххæй радзырдта Скворцов æмæ УФ-йы минæвар РХИ-йы Марат Кулахметовæн.

Фæстаг азты стрит-артæй чи архайы, уыцы нывгæнджытæн Цхинвал хорз фæзуат сси. Национ символикæимæ ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ куыстытæ горæты уынгты арæх фенæн ис. Курдиатджын адæймæгтæн дзы стыр авналæнтæ ис. Фæсивæды хъæппæрис хорз у, фæлæ кæсын хъæуы нывгæнджыты сфæлдыстадмæ дæр. Ныв кæнынæн ис сæрмагонд домæнтæ æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын. Фыц-цаджыдæр, ныффыссын хъæуы курдиат горæты админист-рацимæ. Уыцы гæххæттимæ бадæттын эскиз. Хъуамæ закъон ма хала – экстремизм æмæ дзы рекламæ куыд нæ уа, афтæ. Æмæ кæд æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтты, уæд авторы уарзон куыст фæзындзæн горæты уынгтæй иуы.

Национ хъайтарты нывтæ фæзындысты горæты  бæстыхæйтты къултыл. Сæ куыстæн та сын аргъ скодтой горæты цæрджытæ.

Джиоты Алан цы хæдзары цард, уый сис зындгонд мæскуыйаг арт-къорд Zukclub ӕмӕ арт-тыгъдад «Портал»-ы нывгӕнджытӕ сфæлындзыдтой йæ хуызистæй.

Сӕнусон ма кодтой, ивгъуыд ӕнусы Иры интеллигенцийы минӕвӕрттӕй репрессигонд чи ‘рцыд, уыдоны рухс нӕмттӕ. Хӕдахуыр нывгӕнӕг Джиоты Къоста, Ирӕтты уынджы хӕдзӕрттӕй иуы сисыл ныффыста, Сталины дуджы репрессигонд чи ‘рцыд, ахӕм зындгонд гоймӕгты нӕмттӕ, сӕ быны та – лулӕ.

Æрæджы нæ горæты ныгуылӕн фарс, цæрджыты уарзон бынаты столицӕйы сӕрмӕ фӕзынд граффити, фӕсивӕды минӕвӕрттӕ сарӕзтой арт-объектимӕ рӕсугъд улӕфӕн бынат. Фӕсивӕдон организаци «Ныхас» къуылдымыл сӕвӕрдтой бандӕттӕ ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы хуызистимӕ сис. «Ӕппӕт куыстытӕ дӕр сӕххӕст кодтой фӕсивӕдон организаци «Ныхас»-ы активисттӕ, Хетӕгкаты Къостайы дӕр сныв кодта уыдонӕй сӕ иу – Карсанты Станислав. Уымӕй мах равдыстам, кӕй нӕ рох кӕнӕм нӕ номдзыд адӕмы», – загътой фӕсивӕдон организацийы.

ГРАФФИТИ – РÆСУГЪДДЗИНАДЫЛ  РÆСУГЪД ÆФТАУÆГ

Леуахийы донбылгæрон зæронд хиды бын мæскуыйаг нывгæнджытæ сныв котой Нарты кадджыты хъайтар Сырдоны. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цæрджытæн æнахуыр лæвар сарæзтой арт-къорд Zukclub уæнгтæ.

Сталины уынджы 127-æм хӕдзар ӕвӕрд ис столицӕйы тӕккӕ центры, хӕрз ӕввахс ӕм ис   хицауады бӕстыхай, уа-зӕгдон «Ирыстон» ӕмӕ ӕндӕр административон бӕстыхӕйттӕ. Кинофильм «Леон»-ы хъайтартӕ Жан Рено ӕмӕ Натали Портман хæдзары къулӕй цӕуджытӕн хъарынц кофийы чашкæ.

Æнæдызæрдыг у хæдзæртты фасадтыл хуссарирыстойнаг зындгонд цæрджыты хуызисттимæ фрескæты уæвынад, нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, фадат ратдзæн рæзгæ фæлтæрæн зонын æмæ зæрдыл дарын сæ хъайтарты, фильм та равдисдзæн Хуссар Ирыстоны аивдзинад.

Ис фадат адæмæн истори ныууадзын, хъайтарты равдисын. Хъайтартæ æрмæст уыдон не сты, нæ сæрыл чи тох кодта, фæлæ ма аивад, культурæ, медицинæйы уыцы архайджытæ, кæцытæ бахастой стыр хайбавæрд Ирыстоны  рæзты хъуыддагмæ.

ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.