Ныры дуджы нывкæнынады аивады стрит-арт ссис популярон здæхæн. Граффити, кæнæ уынджы аивад кæй хонынц, уый Цхинвалы уынгты сарæх. Фæлæ сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ, хъæуы уагæвæрд сæххæст кæнын. Ныв хъуамæ вандализмыл нымад ма ‘рцæуа. Стрит-арт чи уарзы, уыдон хъуамæ æххæст кæной сæрмагонд домæнтæ.

Йæ цъылынæг æмæ ахорæнтæй горæты уынгтæ барæсугъд кæнын кæй фæнды, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Бирæфатерон хæдзары цæрджытæ, сæ хæдзарыл цы ныв уыдзæн, ууыл æнæмæнг, хъуамæ сразы уой, закъон куыд амоны, афтæ. Бузныг мæ зæгъын фæнды хъæппæрисджын фæсивæдæн, сæ истори чи нæ рох кæны æмæ йæ граффитийы хуызы адæмы размæ чи хæссы, уыдонæн.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы къул бынӕттон нывгӕнджытӕ ныв кæнынц маскӕ  ӕмӕ сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы медицинон кусæг сылгоймаджы хуызистӕй. Арт-объект арӕзт цӕуы коронавирусы пандемиæйы рӕстӕджы цы медиктӕ кусынц, уыдонӕн бузныджы нысанӕн.

Граффити арӕзт цӕуы Вокзалгӕрон уынгыл  хӕдзары къулыл.

Куыстытӕ ӕххӕст фӕуыдзысты 18 июлы, хӕдзары къулыл уыдзӕн дохтыр ирон тырысаимӕ, йӕ уӕлӕ та уӕлфыст «Спасибо за ваш труд».

«Ныв кӕнӕм фӕсивӕдон организаци «Иугонд Алани»-йы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕмӕ горӕты разамынады разыдзинадӕй. Ӕххуыс нын кӕны Бибылты Иринæ. Дыууæ бонмæ уыдзæн цæттæ”, – загъта нывгӕнӕг.

Фæстаг азты стрит-артæй чи архайы, уыцы нывгæнджытæн Цхинвал хорз фæзуат сси. Национ символикæимæ ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ куыстытæ горæты уынгты арæх фенæн ис. Курдиатджын адæймæгтæн дзы стыр авналæнтæ ис. Фæсивæды хъæппæрис хорз у, фæлæ кæсын хъæуы нывгæнджыты сфæлдыстадмæ дæр. Ныв кæнынæн ис сæрмагонд домæнтæ æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын. Фыццаджыдæр, ныффысын хъæуы курдиат горæты администрацимæ. Уыцы гæххæттимæ бадæттын хъæуы эскиз. Хъуамæ закъон ма хала – экстремизм æмæ дзы рекламæ куыд нæ уа, афтæ. Æмæ кæд æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтты, уæд авторы уарзон куыст фæзындзæн горæты уынгтæй иуы.

Национ хъайтарты нывтæ фæзындысты горæты  бæстыхæйтты къултыл. Сæ куыстæн та сын аргъ скодтой горæты цæрджытæ.

  Граффити хъуамæ уа цымыдисаг, хъæлдзæг кæнæ æндæр исты хъуыды æмæ мидис æвдисæг. Граффитийы аивадæй адæймаджы зæрдæ райы. Къулæн йæ хуыз аив куынæ уа, уæд дзы фæлтау граффити уæд.

Аивадимæ баст фæлгонцты æм-рæнхъ арæх къултыл фæзынынц æнæмбæлон фыстытæ дæр. Уый та хорзыл дзурæг нæу.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.