Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады раз цы бирæ ахсджиаг хæстæ вæййы, уыдон рæстæгыл æмæ æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæныныл бацархайы зæрдиагæй æмæ уый фæстиуæгæн æххæст æрцæуынц. Районы хъæуты цæрджыты хæрзиуæгæн бынæтты сырæзтысты бирæ ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг объекттæ. Уымæй дарддæр цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр æмæ фæрогдæр кæныны тыххæй цалцæг æрцæуынц уынгтæ æмæ сыл æдæрсгæйæ фæцæуынц куыд фистæгæй цæуджытæ, афтæ хæдтулгæ машинæтæ дæр.

Рагæй фæстæмæ хъæууон цæрджыты фылдæр хай хъуагдзинад æййæфтой нуазыны донæй æмæ уыцы цухдзинад аиуварс кæныныл дæр бакуыстæуыд бирæ хъæуты. Уымæй дарддæр ма сæ хъусдард лæмбынæг здахынц ахуырадон æмæ культурон артдзæстытæм æмæ дзы бакæнынц арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ.

Арæзт фæци Цхинвалы районы Дменисы хъæуы административон егъау бæстыхай æмæ дзы æрбынат кæндзысты цалдæр уагдоны. Уый фæстиуæгæн йæ кусджытæн фадат уыдзæн цæрджыты æрвылбонон фарстатæ рæстæгыл æмæ æнцонæй скъуыддзаг кæнынæн. Уымæй дарддæр ма  цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ хъуамæ бæстыхайы алыварс æрæмбонд кæной профнастилæй æмæ йыл кусынц ацы бонты. Хæдзарады директор Уазæгты Мевлуд куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æнæкъуылымпы куыст ахицæн кæнынæн ис йæхи ныхдуртæ. Фæлæ уæддæр коллективы ныфс ис æппæт куыстытæ дæр кæй сæххæст кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны бæрæгбонмæ.

Хæдзарад ма районы хицæн хъæуты бакодта æндæр куыстытæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.