Алкæмæн дæр йæ царды æрцæуы куыд хорз хабæрттæ, афтæ, хъыгагæн, мæгуырау хабæрттæ дæр. Æрæджы æз куысты мæхи банкъардтон æвзæр, нал – дзурынæн уыдтæн, нал – къахыл лæууынæн. Ме ‘мкусджытæ фæдзырдтой тагъд æххуысмæ. Рынчындоны базыдтон, коронавирусæй рынчын кæй дæн, уый. Цалдæр боны фæстæ дохтыртæ аскъуыддзаг кодтой, Дзæуджыхъæумæ мæ аласын кæй хъæуы, уый, æмæ, мæ аластой. Мæ уавæр цалдæр къуырийы уыд тынг мæгуырау. Дохтыртæн сæхи дæр нал уырныдта, кæй фервæздзынæн, уый, фæлæ æппынæдзух уыдысты мæ уæлхъус æмæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй ме ‘нæниздзинад раздæха йæ раздæры бынатмæ. Уый сæ къухы бафтыд æмæ цалдæр къуырийы фæстæ æрбацыдтæн мæ бинонтæм. Æрбацыдтæн, фæлæ та – ног маст. Кæмдæр ахауд ме ‘хцадон, цыран уыд æхсай мин сомы. Мæ низæфхæрд æмæ фæллад уд афтæ стыхст, æмæ мæхи цы фæкодтаин, уый зонгæ дæр нал кодтон. Уыцы бонты кæмдæриддæр уыдтæн, уыцы бынæттыл æрзылдтæн цалдæргай хатты, фæлæ нæй æмæ нæй.

Иу ахæм рæстæджы мæ мæ сыхаг Тъехты Валодя афарста, зæгъгæ, тыхстæй цыдæр агурыс. Кæй мæ бафарста, уымæй дæр цасдæрбæрцæй фæхуыздæр мæ зæрдæйы уаг æмæ мæм кæд дзурын дæр нæ цыд, уæддæр ын раргом кодтон мæ тыхстдзинад. Валодя мæ фыццаг афарста, зæгъгæ дын цас уыдысты. Куы йын сæ загътон, æмæ йын йæ гæзæмæ мидбылхудт куы ауыдтон, уæд мæ цыдæр ныфс бацыд.

– Мауал тыхс, æз сæ ссардтон, ныртæккæ сæ рахæсдзынæн. Ме ‘хцадон ын йæ къухы куы ауыдтон, уæд мæ æххæстæй бауырныдта, ме ‘хцатæ кæй нæ фесæфтысты, уый. Мæ циныл уый дæр бацин кодта, раст цымæ йе ‘хцатæ уый ссардта, уыйау йæ цæсгом ныррухс.

Валодя райгуырд Цхинвалы районы Зардиаты хъæуы. Каст фæцис Ксуисы астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институт. Институты фæстæ йæ дæсныйады фæдыл цалдæр азы акуыста Астæуккаг Азийы республикæтæй сæ иуы. Куы ‘рыздæхт, уæд та цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ куыста, йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы ахуыргæнæгæй.

Джиоты Хасан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.