Сона уыдис Дзауы районы Дæллаг Сыбайаг. Сыбатæ дыууæ сты, абон – æдзæрæг, йæ рæстæджы та нæргæ хъæутæ уыдысты, дыууæ мыггаг – Абайтæ æмæ Дзаттиаты руаджы. Абоны бон дæр Цъалагомы ахæм ныхас баззад: «Сылгоймаджы стыр æфсарм, разагътайы фæсивæд, царды ахсджиаг рахæцæнтæ куы агуырдтаис, уæд сæ Сыбайы æнæмæнг ссардтаис».

 Уыцы рахæцæнтæ та уыдысты куырыхон зæронд лæгтæ, революцийы хайадисджытæ, колхозон цард аразджытæ, фысджытæ æмæ композитортæ, ахуыргæнджытæ æмæ дохтыртæ.

Абон нæ ныхасы сæр Дзаттиаты Сонайыл у –  нæ театры сæууон стъалытæй иуыл.

Хуссар Ирыстоны театры историйыл ныхас куы фӕцӕуы, уӕд фыццаг Дзаттиаты Михелы чызг Сонайӕ райдайӕм. Райдайӕм уымӕн, ӕмӕ Дзаттион уыдис йӕ фыццаг бындурӕвӕрджытӕй иу, кӕцыйӕн бантыст нӕ театры сценӕйыл 200 фӕлгондзӕй фылдӕр сӕххӕст кӕнын. Нӕ адӕммӕ баззад ныхас: сылгоймаг-мад хъуамӕ Сонайы хуызӕн уа: фӕлмӕн, рӕвдауӕг, зондджын, ӕгъдауджын, хӕдзар ӕмӕ къӕбицы фидауц, сценӕйы ӕрттиваг стъалы.

Сона райгуырдис 1896 азы. Йӕ царды фӕндӕгтӕ гуыргъахъ ӕмӕ вазыгджын уыдысты ӕмӕ сыл цыд Дзаттион зындзинӕдты сӕрты хизгӕйӕ, царды бӕрзонд къӕпхӕнтӕм тырнгӕйӕ. Сона хъуыстгонд хӕ-дзарвӕндаджы чызг уыд. Йӕ фыды фыд Федыр бирӕ сывӕллӕтты хицау уыд. Йӕ удӕй арт цагъта, ныййарджытӕ сӕ тыхтӕ радтой сӕ зӕнӕджы царды фӕн-дагыл бафтауынмӕ. Федыры фырттӕ уыдысты: Михел, Муссӕ, Къоста, Тома, Никъо, Пауле, Дауыт ӕмӕ сӕ иунӕг чызг Къекъе. Се ‘ппӕт дӕр канд Дзаттиатӕн нӕ, ӕнӕхъӕн Ирыстонӕн систы ӕххуыс ӕмӕ кады ном хӕссӕг адӕймӕгтӕ. Сыбайы уынгӕг ком царды фадӕттӕ аразӕг нӕ уыд ӕмӕ Федыры зӕнӕг дӕр сӕ фыды хъарм хӕдзарӕй ивылын райдыдтой алырдӕм. Сонайы фыд Михел йӕхи айста Тифлисмӕ ӕмӕ уым кусын райдыдта ӕфсӕнвӕндаджы ӕрмадзты, ӕвзонгӕй баиу революцион куыстгӕнӕг къордтимӕ. Михел йӕхӕдӕг дӕр бирӕ бинонты хицау бацис Тифлисы цӕргӕйӕ. Йӕ фырттӕ Алыксандр, Антон, Иван, йӕ чызджытӕ Ната ӕмӕ Сона Хуссар Ирыстоны историйы егъау бынат ӕрцахстой. Алыксандр ӕмӕ Антон систы зынгӕ революционертӕ, партион кусджытӕ, Иван – зынгӕ дохтыр, Сона – ирон театры фидауц.

1906 азы Тифлисы ирон интеллигенцийы хъӕппӕрисӕй байгом драмон къорд. Уый сӕрӕвӕрӕн фӕцис нӕ профессионалон театрӕн.

Уыцы къорды активон хайад истой йе ‘фсымӕр Алыксандр ӕмӕ йӕ фыды ӕфсымӕртӕ Тома ӕмӕ Пауле.1910 азӕй Сона йӕ хъысмӕт сбаста ирон театралон аивадимӕ, кӕд Михелы нӕ фӕндыд, уӕддӕр. Зубаловы Адӕмон хӕдзары цы пьесӕтӕ цыд ӕвӕрд, уыдоны Сона иста активон хайад, райдыдта фӕрсаг ролтӕй, хызтис сындӕггай сӕйраг ролтӕм. Сонайӕн театралон аивады стыр фидӕн кӕй уыдзӕн, уый фӕбӕрӕг Дуня (Хетӕгкаты Къ. «Дуня») ӕмӕ Текълейы (Цагарели «Цы федтай, уый нал фендзынӕ») ролтӕ куы сӕххӕст кодта, уӕд.

Ралӕууыд ног дуг, рӕстӕг ивта рӕстӕджы. Хуссар Ирыстоны царды дӕр ногдзинӕдтӕ гуырын райдыдтой, фӕзынд Цхинвалы драмкъорд, кӕцы бындур ӕрæвӕрдта нӕ театрӕн. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Иӕ фыццаг актрисӕ уыдис Дзаттиаты Сона. Йемӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕрбакъахдзӕф кодтой: Дзӕхаты Дзӕбидыр, Пухаты Сашӕ, Уырысты Муссӕ, Хъӕцмӕзты Илья(Кавказаг), Мамиты Димитр, Цӕбиты Нинӕ, Хуыбылты Гриша ӕмӕ ӕнд. Уыдон уыдысты фыццаг зиууӕттӕ, фӕстӕдӕр се ‘ппӕт дӕр систы зынгӕ актертӕ, нӕ театры кады тырыса бӕрзонд чи систа, ахӕм зиууӕттӕ. Театры байгом стыр бӕрӕгбоныл ӕрцыд нымад ирон адӕмӕн. Алчи дӕр ын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ къахыл слӕууыдаид. Иры интеллигенцийӕ уӕд сӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты Тедеты Петре, Хъуылаты Сикъо, Беджызаты Чермен ӕмӕ Тыбылты Алыксандр. Спектакльтӕ сӕвӕрынӕн актерты ӕмрӕнхъ хъуыдис ӕвӕрӕг режиссертӕ дӕр. Уыдон дӕр разындысты бынаты. Режиссертӕ ӕмӕ нын ӕвӕрӕг актерты бынаты басгуыхтысты Бекъойты Алыкси, Лохты Къоста, Кокойты Тӕтӕрхъан, Кавказаг, Хетæгкаты Владимир, Самохвалов, Тугъанты Махарбег, Саулохты Мухтар, Сланты Григол ӕмӕ ӕнд. Театры куыст йӕ тӕмӕны цӕуын байдыдта, фӕлӕ уыимӕ иумӕ, театр хатыд, актертӕ ӕмӕ режиссертӕй цух кӕй у, чи дзы ис, уыдон та ахуырдзинад райсын кӕй хьӕуы.

1935 азы Цхинвалӕй Тбилисмӕ ӕрвыст ӕрцыд цалдӕр адӕймаджы. Уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ ахуыр кодтой Тбилисы Руставелийы театры студийы. Тбилисы театралон ӕхсӕнад, Руставелийы театры зынгӕ архайджытӕ, уӕлдайдӕр та Сандро Ахметели егъау ӕххуыс бакодтой нӕ фӕсивӕдӕн. Уый ӕмрӕнхъ, Тбилисӕй нӕ театрмӕ хуынд ӕрцыд зынгӕ режиссер Виктор Мургулия. Рӕзт нӕ театр, рӕзт йӕ коллектив. 1936 азы нӕ равзаргӕ фӕсивӕдӕй 19 адӕймаджы ӕрвыст ӕрцыдысты Ленинграды театралон институтмӕ, 1956 азы та нӕ фӕсивӕдӕй 21 адӕймаджы ахуыр кӕнын райдыдтой Мӕкуыйы Аивадон Академийы театры цур Вл.Немирович-Данченкойы номыл театралон студийы. Советон дуджы Хуссары театр бацыд йӕ тыхы.

Дзаттион уыдта театры рӕзты фӕндӕгтӕ, нӕ ауӕрста йӕ тыхтыл, хызтис иу ролӕй иннӕмӕ, уыд цӕвиттойнаг йӕ кӕстӕртӕн. Кӕуылты уыд сӕ нысаниуӕг, Сона цы ролтӕ ӕххӕст кодта, уыдонӕн. Уыдон та уыдысты  Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»-йы Нана, Туаты Дауиты «Пӕсӕйы фӕндон»-ы Госӕ, Мамытаты Степаны «Налхъуытӕ»-йы Налхъуытӕ, Арысханы фырты «Ирӕд»-ы Хангуассӕ, Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууӕ хойы» Асиат.

Сона алы кары сылгоймӕгты удыгъӕды миниуджыты кӕддӕриддӕр фӕрӕзта рӕгъмӕ рахӕссын, фӕлӕ иууыл тыхджындӕр ӕмӕ арӕхстджындӕр уыдис мӕдты фӕлгӕндзты удыгъӕд, уыдоны зӕрдӕты хатт ӕвдисынмӕ. Уый уал, фыццаджыдӕр, фӕбӕрӕг, Брытъиаты Ел., «Хазби»-йы Нанайы фӕлгондз адӕмы рӕгъмӕ куы хаста, уӕд. Лӕджы ‘мсӕр ус, хъӕбулуарзаг мад, йӕ иунӕг фырт Хазбийы ӕрвиты тохмӕ хӕдхӕцӕг паддзахы ӕфсады ныхмӕ. Мад развӕлгъау зоны, йæ фырт удӕгас нӕ баззайдзӕн, йӕ мӕлæт уым ссардзӕн. Зоны, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ фидар у, Хазби йӕхи тыххӕй нӕ хӕцы, уый йӕ адӕмы сӕрыл хӕссы йӕ уд мӕлӕтмӕ. Кӕуылты сценӕ уыд уый, Нана йӕ хъӕбулы мардмӕ куы фӕзынд йӕ чызджытимӕ, кьонайы сау рӕхыс йӕ хъуырыл ауыгъд, афтӕмӕй. Нанайы – Сонайы ныхӕстӕм, йӕ хъарӕгмӕ куыдтой сценӕмӕкӕсджытӕ дӕр. Уарзӕгой мады фӕлгондз равдыста Сона нӕ театрдзаутӕн, куы хъазыд Туаты Дауыты пьесӕ «Пӕсӕйы фӕндон»-ы Пӕсӕйы мад Госӕйы ролы.

Ирон мады рӕсугъддӕр миниуджытӕ рахаста уӕд Сона адӕмы размӕ. Йӕ рӕстӕджы йӕ раст банысан кодтой: «Стыр уарзондзинад, ныййарӕг мады зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ адӕймагуарзондзинадӕй ӕвдисы Сона Туаты Дауыты комеди «Пӕсӕйы фӕндон»-ы Госӕйы фӕлгондзы. Ирон мады иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ характерондӕр миниуджытӕ Сонайы дӕсны хъазты руаджы фестадысты Госӕйы фӕлгонцы туг ӕмӕ стӕг» (кӕс. «Хуссар Ирыстоны театр», Цхинвал, 1968 аз, ф.69). Дзаттиаты Сона канд ирон мӕдты, ирон чызджыты удыгъӕд ӕвдисынмӕ нæ рӕхст – арӕхстджын уыд, нӕ театры сценӕйыл цы пьесӕтӕ ӕвӕрд цыдис ӕндӕр нациты драматургтӕй, уыдоны сылгоймӕгты характертӕ ӕвдисынмӕ дӕр. Ахӕм пьесӕтӕн, ахӕм фӕлгӕнцтӕн сӕ нымӕц егъау у. Уыдон та сты: Мольеры комеди «Ӕлгъин»-ы Люцинӕйы роль, Цагарелийы комедийы «Цы федтай, уый нал фендзынӕ»-йы Теклейы роль, Эгнате Ниношвилийы пьесӕ «Кристине»-йы Кристинейы роль, «Капитан Бахметов»-ы нымудзӕг сылгоймаджы фӕлгонц; «Павел Грековы»-Машенкӕйы фӕлгонц; «Профессор Мамлюк»-ы Мамлюкы фӕлгонц; «Инженер Сергеевы» Сергеевы ӕмкъайы фӕлгонц  ӕмӕ ӕнд.

Сона канд театры мад нӕ уыд, хӕдзарвӕндаджы мад дӕр уыд. Фӕцыд чындзы Гасситӕм, йӕ цард сбаста Никъалаимӕ, зондджын ӕмӕ куырыхон лӕгимӕ, зынгӕ инженер ӕмӕ партион кусӕг. Цард сӕм йӕ мидбылты бахудт, фӕлӕ сын бирӕ нӕ ахаста, ралӕууыд скъӕрӕнты дуг, 1937 аз сау мылазон аз уыд, Ирыстоны разагътайы лӕгты цӕвӕгау карста, нӕ рӕстаг фӕсивӕды тӕригъӕдӕй зӕхх скъуыдтӕ кодта, сау халон бауасыд Сонайы хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ йӕ цӕгатмӕ дӕр. Ӕрцахстой Никъалайы ӕмӕ йӕ фехстой, ахст ӕрцыд Никъалайы ӕфсымӕр Алыксандр дӕр. Ахст ӕрцыдысты Сонайы ӕфсымӕртӕ ӕртӕйӕ, уыдонӕй рӕстӕй байсӕфтысты Алыксандр ӕмӕ Антон, дзӕвгар азты ахӕстоны фӕбадт Ваня. Баззад мад ӕртӕ ӕнахъом сывӕллонимӕ, йӕ фыдӕбоны хай кодта, нӕ уагъта йӕ театр, йе сценӕ, куыста тӕрсгӕ-ризгӕйӕ, тарст йӕхицӕн дӕр, иууыл тынгдӕр та йӕ хъӕбултӕн. Сона 1937 аз нымадта сау азыл, хъизӕ-майраг дугыл, тӕригъӕддаг рӕстӕгыл. Ӕмӕ афтӕ дӕр уыд, адӕм сӕ развӕндаг нал уыдтой, кӕрӕдзийӕ тарстысты, хион хионмӕ нал цыд. Хӕццӕ ӕмӕ тӕссагдӕр дугӕн скӕнӕн нал уыд.

Сона тæссаг уавæрты дæр нæ фæтасыд, йæ хъæбулты кодта йемæ театрмæ, уазал сценæйы фæсчъылдым сæ мадмæ æнхъæлмæ кастысты йæ фырттæ Знауыр æмæ Ахмæт.

Сона федта 1920 азы геноцид, Хуссар Иры басыгъд æмæ фæлыгъд, Алыксандры тохы фæндæгтæ æмæ хъизæмайраг бонтæ, сæрсæфæны былыл æрлæууыд 1937 азы – аззад идæдзæй, федта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау бонтæ дæр.

Фидар сылгоймаг уыд зондæй, хъаруйæ, нæ бауагъта хæдзар цудын, схъомыл кодта йæ фыртты. Сæ иу – Знауыр ссис зынгæ партион кусæг, дыккаг геноциды Хуссар Ирыстоны раздзæуæг. Йе ‘ннæ фырт – Ахмæт зынгæ æфсæддон раздзæуæг, тохгæнæг, фыццаг советон космонавт Юри Гагариныл уый сæмбæлд дзæгъæл быдыры.

Уӕддӕр Сона зындзинӕдгӕн сӕттын нӕ бакуымдта, нӕ ныууагъта йе сценӕ, схъомыл кодта йӕ зӕнӕджы. Фӕстаг хатт ма йӕ хъазгӕ федтон Туаты Дауыты пьесӕ «Аргъау»-ы мады ролы. Хъизӕмайраг роль уыд, фӕлӕ йӕ рӕгъмӕ рахӕссын бафӕрӕзта Сона. Фыддуг, фыд рӕстӕгӕн бирӕ цӕрӕнбон нӕ вӕййы. Сона хицауады ‘рдыгӕй рохы нӕ баззад, йе стыр лӕггӕдтӕн ын ссаргъ кодтой. 1954 азы йын лӕвӕрд ӕрцыд Гуырдзыстоны республикӕйы сгуыхт артисткӕйы ном. 1957 азы та йын саккаг кодтой Гуырдзыстоны республикӕйы адӕмон артисткӕйы ном. Хорзӕхджын уыд дзӕвгар майдантӕ ӕмӕ Кады грамотæтӕй.

Сонайы ном мысинаг у. Хуссар Ирыстоны театрыл дзырд куы фӕцӕуы, уӕд дзы фыццаг бынаты ӕвӕрд вӕййы Сона.

 ПЛИТЫ Гацыр

Хетæгкаты Къостайы номыл

 паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.