Гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ – Хуссар Ирыстонмæ Фидауынгæнæг тыхты æр-бакондыл 31 азы сæххæсты боны цытæн Президент Гаглойты Алан фембæлд хæстонтæ-фидауынгæнджытимæ.

Гаглойты Алан арфæйы ныхæстæ загъта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн  æмæ банысан кодта се ‘гæрон æххуыс Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад æрхæссыны хъуыддаджы æмæ сæ схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдантæй.

«Абон нысан кæнæм, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бон. Фидауынгæнæг тыхты æрбаконд нæ зæххмæ егъау нысаниуæгджын бон у хуссарирыстойнæгтæн. Фыццаджы дæр уæ бузныг дæн Фыдыбæстæмæ уæ уарзондзинады тыххæй. Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады сырæзтмæ сымах бахастат, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд. Мах æй хъуыды кæнæм, Хуссар Ирыстоны адæм уыл цины цæссыгтимæ кæй æмбæлдысты, уый. Иууыл уæззаудæр рæстæджыты сымах бауагътат рæсугъд фидæны ныфс не ‘мбæстæгты зæрдæты. Паддзахады ‘рдыгæй уын кæдфæнды дæр уыд æмæ уыдзæн фарсхæцынад. Хъыгагæн, абон ацы фембæлды алкæмæн йæ бон не ссис хайад райсын, иутæ – се ‘нæниздзинады тыххæй, иннæтæ та – æндæр аххосæгтæм гæсгæ. Курæг уæ дæн, паддзахадон хорзæхты фæхæццæ кæнут уе ‘мбæлттæм æмæ сын зæгъут бузныджы ныхæстæ», – загъта Гаглойты Алан.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.